Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Кæсæг-Балхъары абхазаг бархионты делегацийы уæнгты, кæцытæ æрцыдысты Цхинвалмæ Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты хуссарирыстойнаг ветеранты схорзæхджын кæнын  æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæ расидыныл 28 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны нысанæн.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Президент радзырдта, цы бæрæгбон нысан чындæуыд, уый нысаниуæджы тыххæй æмæ йæ хъуыды загъта ирон адæмы хæларзæрдæдзинады тыххæй.

«Мах хæлардзинадæн аргъ кæнын зонæм æмæ нын кæддæриддæр æхсызгон вæййы хæларзæрдæ адæймæгты æрцыд», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды официалон хайы кæрон уыд хорзæхтæ дæттыны  цытджын церемони.

1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизмæ йæ хайбавæрды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хорзæхджын æрцыд Абхазы хъайтар Султан Сосналиевы номыл орденæй.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонд-дзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Тадтаты Алан, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хуссар Ирыстоны консулон агентады сæргълæууæг Санахъоты Морис æмæ фембæлды иннæ хайадисджытæн лæвæрд æрцыд Арфæйы грамотæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.