Паддзахады сæргълæууæг фембæлд Мамытаты Вахтангимæ, раарфæ йын кодта бæрнон бынтамæ снысан кæныны тыххæй æмæ æр-домдта, цæмæй æппæт тыхтæ радта Цхинвалы районы цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ.

«Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ дæумæ ис фаг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, цæмæй аккагæй скъуыддзаг кæнай дæ разылæууæг хæстæ. Куыстмæ дæ серьезон ахаст зонгæйæ, мæн ныфс ис, дæ бон цы у, уымæй фылдæр кæй сараздзынæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, бирæ куыст æм кæй æнхъæлмæ кæсы æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ, Цхинвалы районæн та дидинæфтыд.

Йæ рады, Мамытаты Вахтанг Президентæн бузныджы ны-хæстæ загъта ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта, уый тыххæй.

«Бузныг, ахæм бæрнон бынат мын мæ бæрны кæй бакодтай. Æп-пæт мæ тыхтæ æз аз-дахдзынæн куыстмæ», – загъта уый.

Биографион зонæнтæ:

Мамытаты Вахтанг Барисы фырт райгуырд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 1966 азы. 1985 азы каст фæцис Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникум. 2002 азы каст фæцис Хæххон паддзахадон аграрон университет агроном-технологы дæсынйадыл. 1986 азæй 2004 азмæ куыста Дменисы колхозы æндæр æмæ æндæр бынæтты. 2005 азæй 2009 азмæ уыд Дменисы колхозы директор. 2009 азæй 2011 азмæ – Паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис»-ы бригадир. 2011 азæй 2015 азмæ – Паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис»-ы директор. Уыд РХИ-йы Парламенты V æрсидты депутат. Ис ын цардæмбал, хъомыл кæны æртæ сывæллоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.