Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Музыкæ, кино æмæ телеуынынады цæдисы сæрдар Луис-Христиан Торресы, афтæ ма Цæдисы кадджын уæнг Сергей Переверзевы. Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимы ныхæс-тæм гæсгæ УФ-йæ уазджытæ республикæмæ æрцыдысты ХИПУ-мæ музыкæйы æмæ телеуынынады фадыджы æмгуыстады фæлгæтты.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн активон æмгуыстады тыххæй, æмæ банысан кодта, Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн культурон æмархайд кæй у ахсджиаг.

«Хуссар Ирыстоны цы процесстæ цыд, уыдонæн уыд драматикон нысаниуæг. Фæлæ растдæр логикæ æмæ уыцы цауты цыд ахъаз фесты бындур æрæвæрынæн, цæмæй нын Уæрæсе нæ республикæйы хæдбардзинад банымадтаид. Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæстæ нæ æмархайдтытæ здæхт сты республикæйы цардархайды алы фадыджы рæзтмæ дæр, уыимæ иумæ культурæйы дæр», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли Сергей Переверзевы схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» майданæй Сергей Переверзевы, Луис-Христиан Торресы та Кады грамотайæ.

Сæ рады уазджытæ бузныджы ныхæстæ загътой паддзахады сæргълæууæгæн æмæ йæ фæхуыдтой Цæдисы сырæзты юбилей нысан кæнынмæ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.