Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады культурон центры уагъд æрцыд æрвылазон æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-ы радтыны церемони. Сорганизаци йæ кодта Хуссар Ирыстоны Минæварад компани «Стройцентр»-йы къухдариуæггæнджытæ Азнауырты Георгий æмæ Виталий, Сочæйы ирон æхсæнады сæрдар Мæргъиты Анатоли æмæ Тыбылты Алесксандыры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимы æххуысæй – фехъусын кодта Минæварады пресс-службæ.

Литературон преми «Булæмæргъ» фидар æрцыд, литературон уацмысты авторты, ирон æвзагыл чи фыссы æмæ ирон литературæйы рæзт æмæ пропагандæ кæнынмæ уæзгæ хайбавæрд чи хæссы, уыдоны сразæнгард кæныны нысанæн.

Премитæ радтыны церемони байгом кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый раарфæ кодта æппæт æрæмбырдуæвджытæн ахæм нысаниуæгджын боны цытæн, кæцы ссис Ирыстоны культурон царды  ахсджиаг цау æмæ бузныджы ныхæстæ загъта минæвар Гасситы Знауырæн, афтæ ма æхсæнад «Стройцентр»-йы къухдариуæггæнджытæ Азнауырты Георгий æмæ Виталийæн сæ æххуысы æмæ мадзал сорганизаци кæныны тыххæй.

«Æнæдызæрдыгæй, ацы хорз хъуыддаджы нысаниуæгæн, кæцы ирон æвзаг пропагандæ кæны æмæ йæ алыварс æнгом кæны æвзонг курдиæтты, саргъгæнæн дæр нæй. Хорз у, нæ адæм кæй нæ рох кæнынц сæ культурæйы стырдзинад æмæ алыгъуызон литературон жанрты мадæлон æзваджы размæцыд æмæ рæзты æнæмæнгхъæуындзинад», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, конкурс кæй ссис, кæмæ æнхъæлмæ  кастæуыд, ахæм цау культурон æхсæнады, фыццаджыдæр уымæн æмæ уый фадат дæтты куыд зындгонд, афтæ æвзонг автортæн дæр сæ курдиаттæ равдисынæн, сæ æхсæнады базонынæн.

«Ныфс мæ ис, фидæны литературон преми райсыны конкурсы хайад кæй райсдзысты дунейы алы бæстæты цæрæг не ‘мбæстæгтæ. Мæ цæст уарзы конкурсы æппæт хайадисджытæн, лауреаттæн æмæ уæлахиздзаутæн ног сфæлдыстадон æн-тыстытæ æмæ царды хорздзинæдтæ», – загъта Президент.

Премийы бæрнджынты совет æмæ эксперттæ æрвылазон преми «Булæмæргъ» ирон литературæйы фадыджы сæрмагонд приз радтой дзырдуат аразджытæ  Мамсыраты Ирмæ æмæ Озканæн; 3-аг къæпхæны диплом æмæ преми 30 000 сомы радтой г.Цхинвалы Аивæдты лицейы ахуырдзау Гуыбеты Сосланæн; прозæйы жанры уацмыстæ ныффысын, ирон æвзагыл поэтикон этюдты æмбырдгонды тыххæй 2-аг къæпхæны диплом æмæ преми 40 000 сомы лæвæрд æрцыд Габолаты Зауырбегæн; ирон поэзийы жанры фыст уацмысты тыххæй 1-аг къæпхæны диплом æмæ преми 60 000 сомы та – Баситы Залинæйæн  фехъусын кодтой минæварады пресс-службæйы.

Мадзалы фæлгæттты уагъд æрцыд концерт, цыран ралæууыдысты Тимур Мурашевы къухдариуæгадæй адæмон кафты мæскуыйаг ансамбль «Алани»-йы солисттæ,  афтæ ма Хъуылымбегты Сослан, Хутинаты Маринæ æмæ Серафима Кристинская.

Уазджытæ базонгæ сты зынгæ ирон нывгæнæг Гобозты Владимир æмæ архитектор Гобозты Александры куыстытимæ.

Мадзалы хайад райстой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, фæсарæйанг дипломатон мисситы, ирон диаспорæты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.