Нæ горæты гимнази «Альбион»-ы цыппæрæм къласы ахуыргæнинæгтæ Зонындзинæдты бонмæ сæхи куы цæттæ кодтой, уæд развæлгъау бадзырдтой, цæмæй ацы хатт сæ уарзон ахуыргæнджытæн ма балхæной дидинджытæ æмæ уыцыæхцайы фæрæзтæ радтой Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари Крылья»-мæ. Уыцы æхцайы фæрæзтæ кæд тынг бирæ нæ уыдысты, уæддæр уымæй равдыстой сæ хорз хъомылдзинад æмæ аудындзинад сæхи карæн рынчын сывæллæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хæрзиуæгон хъуыддаг бацагайдта ахуыргæнджыты æмæ ма йæ чи базыдта, уыдон зæрдæтæ дæр. Уый уыдис сывæллæтты фыццаг стыр æмæ хæрзаудæн хъуыддаг, кæцыйæн æхсæнадон царды ис стыр нысаниуæг.

Нæ республикæйы Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ ацы хæрзиуæгон хъуыддагæн скодта стыр аргъ æмæ сфæнд кодта гимнази «Аль-бион»-мæ æрбацæуын ахуырдзау фæсивæдæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъыны сæраппонд. Уый сывæллæттæн цыбыртæй æрдзырдта фонды архайд æмæ нысаниуæджы тыххæй æмæ сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз сывæллæтты чи хъомыл кæны, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн. Хицæнæй бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнинæгтæн сæхицæн дæр æмæ сын бамбарын кодта стыр хъуыддаг кæй сарæзтой æмæ цæвиттойнаг кæй уыдзысты иннæ ахуырдзау фæсивæдæн дæр. «Æз ацы акцийы тыххæй куы фехъуыстон 5-æм сентябры, уæд мæ зæрдæ суынгæг ис. Уымæн æмæ сывæллæттæ нæ бахæлæг кодтой сæ бæрæгбоны æхцатæ æмæ сæ радтой нæ фондмæ.

Сывæллоны фыссын æмæ фæрсынæй дарддæр ахуыр кæнын хъæуы хорз, хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразын дæр. Ууыл сымах, зынаргъ ахуыргæнджытæ, ахуыр кæнут уæ сывæллæтты æмæ уын зæгъын стыр бузныджы ныхæстæ. Сывæллоны талабæласау чысылæй фæхъæуы атасын кæнын. Куыд сæ схъомыл кæнæм, афтæ уыдзысты сомбон дæр», – загъта Цхуырбаты чызг.

Гимнази «Альбион»-ы цыппæрæм къласы ахуыр кæнынц 30 ахуыргæнинаджы. Уыдонæн сæ къласгæс ахуыргæнæг у Хаситы Мзия æмæ йын тынг æхсызгон уыдис, йæ хъомылгæнинæгтæ ахæм хæрзиуæгон хъуыддаг кæй сарæзтой, уый. «Мæнæн мæ ахуыргæнинæгтæ Зонындзинæдты бон цы иу букет балæвар кодтой, уый дæр мын уыдис фаг. Сывæллæттæ цы хæрзиуæг сарæзтой, уый тыххæй та сæ фæдæн тынг стыр бузныг», загъта Хаситы чызг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.