Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ  кæсы цыбыр кусгæ къуыри æмæ «даргъ улæфтбонтæ». Цæрджытæ улæфдзысты, 20 сентябрæй 23-æм сентябрмæ республикæйы сырæзтыл 29 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд. Улæфтбонтæ расидт æрцыдысты «Бæрæгбонты æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы барамынды бындурыл.

РХИ-йы Хицауады куыд бамбарын кодтой, уымæ гæсгæ бæрæг-бон æрхауд сабатмæ æмæ улæфтбон 21 сентябрæй хаст æрцыд 23-æм сентябрмæ. Афтæмæй улæфтбонтыл нымад æрцыдысты 20, 21, 22 æмæ 23-æм сентябрь (майрæм-бон, сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæр).

Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты æмæ районты бæрæгбон нысан кæныны сæраппонд уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.