Дыццæджы, 13-æм октябры нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæмæ фæуазæг сты Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинæгтæ ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тъехты Зæлинæйы сæргълæудæй.

Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр библиотекæйы кусджытæ æхсызгон æмæ уазæгуарзонæй сæмбæлдысты сæ чысыл уазджытыл. Библиотекæйы директор Тототы Ленæ йæ уазджытæн сарæзта экскурс, кæцы рауад фæлварæны хуызæн. Хъыгагæн, куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ фыццаг хатт æрбацыдысты уæлæмхас зонындзинæдты куырдадз – Æвзæнгты республикон библиотекæмæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй библиотекæйы къултыл конд сты Ирыстоны разагъта фыртты къамтæ, афтæ ма уагдоны стыр ирон гоймæгтæй бирæтæн  арæзт  æрцыдысты сæрмагонд къуымтæ æмæ стендтæ, цыран чиныгкæсæг базонгæ уыдзæн сæ биографитæ æмæ се сфæлдыстадон цардвæндагимæ. Куыд зæгъæм, Гергиты Валерийы «Сын Осетии – маэстро мира», «Плиты Иссæ – Ирыстоны кад æмæ намыс», «Иры кадæн лæууыдис мæсыгау» (Джыкайты Шамил), «Хаджеты Таймураз – 75» æмæ афтæ дарддæр. Библиотекæйы ма сæрмагондæй арæзт æрцыдысты «Ирон адæмы геноцид – 100 азы), «08.08.08» тыххæй стендтæ. Сывæллæттæ азылдысты æмæ базонгæ сты ацы къуымтæ æмæ стендтæ цы стыр гоймæгты тыххæй арæзт æрцыдысты, уыдоны  зонадон æмæ сфæлдыстадон цардвæндагимæ. Тототы Ленæ сæм лæвæрдта фарстытæ ирон адæмы разагъта фырттæй кæй зонынц, уый фæдыл æмæ йын скъоладзаутæ дæр дзуаппытæ лæвæрдтой. Уагдоны директор сæм бахатыд, цæмæй сæхицæн бакæной картотекæтæ æмæ нырæй фæстæмæ арæхдæр цæуой библиотекæмæ æмæ афтæмæй суой уагдоны активон чиныгкæсджытæ.

9-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тъехты Зæлинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ се скъолайы уагъд цæуы ирон æзаджы къуыри æмæ уый фæлгæтты йæ ахуыргæнинæгтæн дыккаг бон уагъд хъуамæ æрцæуа гом урок Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæй.  Æмæ сын развæлгъау ауагъта æмбарынгæнæн урок, цæмæй райсой фаг зонындзинæдтæ æмæ гом урочы рæстæджы æмбæлон дзуаппытæ дæттой. Библиотекæйы методист Тототы Аленæ, библиограф Хъуылымбегты Таня æмæ библиотекарь Табуты Лали ахуыргæнинæгты размæ рахастой  цы чингуытæ сæ хъуыд, уыдоны. Куыд зæгъæм, «Ирон æмбисæндтæ», «Ирон æвзаджы фразеологион дзырдуат» (Дзабиты Зарбег), «Ирон адæмон сфæлдыстад», Абайты Васойы (Историко-этимологический словарь осетинского языка» æмæ æндæртæ. Æмбарынгæнæн урок конд уыд дыууæ хайæ. Ахуыргæнинæгтæн байуæрстой уæлдæр ранымад чингуытæ æмæ уыдонмæ гæсгæ зонгæ кодтой  синонимтæ æмæ ирон æмбисæндтимæ, Къостайы сфæлдыстадмæ гæсгæ арæзтой дзырдты лексикон равзæрст. Лæмбынæг базонгæ сты Абайты Васойы историон этимологион дзырдуатимæ æмæ иумиагæй дзырдуæтты хуызтимæ. Къоста кæд хъæздыг æмæ уыцы иурæстæджы хуымæтæджы æвзагæй фыста æмæ тынг æнцонæмбарæн сты йæ диссаджы уацмыстæ, уæддæр йе сфæлдыстады сывæллæттæ бирæ дзырдтæ нæ зыдтой, кæцытимæ базонгæ сты  чингуыты фæрцы. Кæд бирæ зонындзинæдтæ райстой, бирæ  фарстытæн ссардтой дзуаппытæ, уæд ма сæм кусгæ-кусын фæзынд ноджы фылдæр фарстытæ. Ома сарæзтой фыццаг къахдзæф зонындзинæдты дунемæ. Афтæмæй ахуырдзаутæ библиотекæйæ здæхтысты райгондæй æмæ бирæнымæц фарстытимæ, кæцытæн дзуаппытæ ссардзысты уагдонмæ сæ иннæ балцы рæстæджы. Тъехты Зæлинæ библиотекæйы кусджытæн ныфс бавæрдта нырæй фæстæмæ йæ хъомылгæнинæгтæ арæхдæр кæй цæудзысты уæлæмхас зонындзинæдты куырдадзмæ. Загъта сын бузныджы ныхæстæ, афтæ хорз сæ кæй райстой, уый тыххæй. Æнæбафиппайгæ нæ фæцис уагдоны кусджыты цæсгомджын куысты тыххæй дæр, зæгъгæ, уæ библиотекæйы алцыдæр у нывыл арæзт.

Кæронбæттæны Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ чысыл уазджыты суазæг кодтой адджинæгтæй. Фысымтæ æмæ уазджытæ кæрæдзийæ райгондæй кæй баззадысты, уый ирдæй зынд сæ хорз зæрдæйыуагæй. Фидарæй зæгъæн ис, ахуырдзаутæн ацы уагдон кæй суыдзæн сæ уарзондæр бынæттæй иу.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.