Ныртæккæ хорз фадæттæ ис, йæхи бизнес райтынг кæй фæнды, уæлдайдæр та – хъæууон хæдзарады фадыджы, уыдонæн. Ахæмты фарсмæ нæ республикæйы Хицауад дæр, йæ бон цас у, уымæй балæууы, баххуыс сын кæны æхцайы фæрæзтæй, цæмæй сæ къахыл слæууой æмæ сæ хæдзарад райтынг кæной. Ацы хъуыддаджы та сæйраг у, кредитты хуызы паддзахадæй цы æхцайы фæрæзтæ ахæссынц, уыдонæй раст спайда кæнын.

Мах фембæлдыстæм, ацы аз Паддзахадæй хатырон кредиттæ райсынмæ чи хъавы, дыууæ ахæм адæймагимæ Дзæгъиаты Залинæ æмæ Уалыты Ирбегимæ. Сылгоймаг хъавы ног кондад бакæнын-мæ, цыран къуымбилæй арæзт цæудзæн хæдзарон дзаумæттæ æмæ уæлæдарæс. Уалыты Ирбег та дыууæ азы размæ райдыдта йæ амалиуæггæнæджы куыст. Уæд ын Экономикон райрæзты министрад рахицæн кодта 250 мин сомы. Уый йæхи сæрмагонд хæдзары фарсмæ зæххы фадыджы сарæзта хъæрмуат. Ныр æй фæнды йæ бизнес рауæрæхдæр кæнын.

Йæ бизнес-планы тыххæй нын радзырдта Дзæгъиаты Залинæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй: «Къуымбилгуыст рохуаты аззадис. Нымæт цæгъдын æмæ стæй уымæй къахдарæс æмæ нæлгоймаджы худтæ аразын абон ничиуал зоны. Къуымбилæй аразæн ис экологион сыгъдæг, æнæниздзинадæн ахъаз чи у, ахæм уæлæдарæс æмæ æндæр дзаумæттæ. Æрмæст уыдон хъуамæ уой рæсугъд æмæ нырыккон. Мæ хорз зонгæ мын радзырдта, Цæгат Ирыстон-Аланийы, дам, сылгоймæгты къорд Хицауадмæ бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæной ахæм скъола бакæнынæн, цыран «Национ æрмдæсныйæдтæ раздахыны» проекты руаджы сылгоймæгты сахуыр кæной къуымбилы куыст æмæ нымæт цæгъдыны сусæг-дзинæдтыл. Æнхъæл куыннæ уыдысты, афтæ бирæ сылгоймæгтæ разынд, уыцы хъуыддаг кæй цымыдис кодта. Ныр уыдон æнтыстджынæй архайынц уым. Æз дæр рагæй цымыдис кæнын ацы куыстмæ, Цæгат Ирыстон-Аланийæ рацæугæйæ, Фиагдонмæ фæзилæны цы чысыл базаргонд ис, уым, сæйраджыдæр, уæййаг вæййы къуымбилæй конд дзаумæттæ. Æз сæм лæмбынæг фæкæсын, сæ нывтæ сын фæисын мæ смартфонæй. Ме стыр бæллиц у ахæм аразын. Мæ уавæртæ уый бæрц не сты, исты бакæнынæн финанстæ хъæуы æмæ мæнæ ныр Хицауад цы уавæртæ дæтты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад райтынг кæнынæн, уымæй хъуамæ спайда кæнон».

Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй кæд йæ бизнес-план фæцæуа Экономикон райрæзты министрады зæрдæмæ æмæ йæ номхыгъдмæ бахæссой, уæд уал кусæн бынатæн спайда кæндзæнис, йæ хæдзары раз цы гараж ис, уымæй. Бизнес-план цалынмæ нæ сарæзта Залинæ, уæдмæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ, уым абоны онг дæр йæ куыст цы банысангонд скъола кæны, уырдæм бацæугæйæ, йæхи цæстæй федта, къуымбилы куыст куыд кæнынц сылгоймæгтæ, нымæт цæгъдыны рæстæджы цы мадзæлттæй пайда кæнынц. Стæй уый фæстæ æрмæгæй къахы æмæ уæлæдарæс куыд аразынц. Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй йын ныридæгæн ис цалдæр æмбал сылгоймаджы, кæцытæ уарзынц къуымбилы куыст æмæ разы сты йемæ кусыныл. Æрмæг æмæ, зæгъгæ, кусæнгæрзтæ куы уа, уæд кусын кæй фæнда, ахæмтæ бирæ разындзæнис ноджыдæр.

«Цæгаты æрмдæснытæн цы скъола ис, уым ацы сусæгдзинæдтæ амоны Санкт-Петербургæй æрхонгæ специалист – Хæбæлиаты Иринæ. Уый куыд биноныг зоны къуымбилы куыст, ахæм дæснытæ бирæ нæй. Ирон адæм фыдæлтæй нырмæ хуыссыдысты æрмæстдæр къуымбилæй  хуыссæнгæрзты. Уый та æрмæст хъармы тыххæй нæу, фæлæ æнæниздзинадæн дæр у ахъаз. Ныртæккæ синтепонæй цы алыгъуызон хуыссæнгæрзтæ фæзынд, уыдон адæймагæн низæфтауæг сты. Цалдæр урокмæ байхъуыстон бæрцæй, фæлæ ныр зонын, куыд цæгъдын хъæуы нымæт, мæхи къухтæй сарæзтон нымæт худ дæр».

Ацы бизнес-проектæн кæд фæндаг рад-той, уæд тагъд нæ горæты фæзындзæн къуымбилыкуыстгæнæг куыстуат, цыран цæттæ кæндзысты экологион æгъдауæй сыгъдæг, æнæниздзинад чи хæссы, ахæм æрмæгæй рæсугъд, нырыккон уæлæдарæс æмæ хуыссæнгæрзтæ. Бизнес-проект ахъаз уыдзæн нæ фыдæлты традицитæ раздахынæн, ферохгонд дæсныйæдтæ сног кæнынæн. Ацы проекты бындурыл сылгоймæгты ахуыр кæн-дзысты къуымбилы куыстыл. Уырдæм æнæмæнг кусынмæ бацæудзысты, ныртæккæ куыст кæмæн нæй, ахæм сылгоймæгтæ.

Уалыты Ирбег та кредиты хуызы паддзахадæй цы æхцайы фæрæзтæ райсынмæ хъавы, уыдонæй, куыд ма загътам, афтæмæй фæнд кæны, цы чысыл амалиуæгадон куыст кæны, уый рауæрæх кæнын. «Ацы хъуыддагыл ныххæцын баст у бæрæг зындзинæдтимæ, хатт тас дæр вæййы, цы фæрæзтæ бахардз кæнай, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой», – зæгъы арендатор.

Ирбег, цы хъуыддаг сфæнд кодта рауæрæх кæнын, уымæн æм æхцайы фæрæзтæ нæ уыд райдианы. Фæлæ скодта бизнес-план. Экономикон райрæзты министрады къамис ын рахицæн кодта 250 мин сомы, фæлæ уал уæдмæ æвзонг лæппу йæхи зæххы фадыджы, йæхимæ цы æхцайы фæрæзтæ уыд, уыдонæй сарæзта каркастæ хъæрмуат саразыны нысанæн. Фæлæ йын дарддæр æхца нал сфаг. Кредиты хуызы цы æхцатæ райста, уыдонæй та йæ æмбæлон уагмæ æркодта, йæ фæрстæ йын бамбæрзта целлофанæй, бауагъта йæм донхæргæнæн дон. Йæ сæр та йын сагъуыста лексанæй. Фыццаг дзы байтыдта пъамидоры садзæнтæ æмæ тыллæг ауæй кодта. Дыккаг аз йæ хъуыддаг фæрæвдздæр ис æвзонг арендаторæн, ныссагъта цæхæра æмæ алыгъуызон цъæхыгтæ. Тынг зæрдиагæй йын сæ æлхæдтой, нæ горæты уæливыхтæ цы къæбицты кæнынц, уыдоны хицæуттæ. Дыккаг азы тыллæгæй дæр райгондæй баззад, фæлæ уæддæр йæ фæрæзтæ уый бæрц нæма сты, цæмæй йæ хъæрмуаты фæрстæ дæр лексанæй баива. Йæ целлофантæ арæх ныскъуыдтæ вæййынц, фæивы сæ рæстæгæй-рæстæгмæ. Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй хъармуат капиталон арæзт куынæ уа, уæд тæссаг у, цы куыстытæ кæны, уыдон дзæгъæлы куы фæуой. Уымæн æмæ тыхдымгæтæ æмæ ихуардтытæ куы вæййы, уæд хъæрмуаты фæрстæ цы целлофантæй æмбæрзт сты, уыдоны ныскъуыдтæ кæны.

Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй зæххы куыст чи кæны, уый хъуамæ алцæмæ дæр лæууа цырд. Иу бон дæр куыннæ бахизы йæ хъæрмуатмæ, уæддæр ыл бæрæгæй фæзыны, иу куыст, дам, иннæйы æййафы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.