Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейæн Мидхъуыддæгты министрад радта дыууæ экспонаты, кæцытæ сты рагон æхсæнгæрзтæ, – винтовкæ «Мосин» æмæ нæмыгзгъал «ДП-27». Цытджын церемонийы хайад райстой мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб, Слестгæнæн управленийы сæргълæууæг  Тадтаты Петр, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Марданты Спартак  æмæ ХИПУ-йы административон-хæдзарадон хайы проректор Цхуырбаты Эдуард.

Пухаты Мераб хорзыл банымадта ахæм музейы баконд æмæ бузныджы ныхæстæ загъта университеты къухдариуæгадæн.

«Ахæм музей æрбакæнын фыццаджыдæр у стыр хæс æмæ ма йе ‘рбакондæй сымах егъау хайбавæрд бахастат нæ фæсивæды хъомыладмæ. Ам ирдæй æвдыст цæуы нæ истори, ардæм адæм цæудзысты æмæ уындзысты алыгъуызон экспонаттæ, кæцытæ дзурæг сты нæ раздæры цардыл. Мæ зæрдæ уын ноджыдæр зæгъы æнтыстытæ æмæ мах та алыхатт дæр уæ фарсмæ уыдзыстæм, æххуыс уын кæндзыстæм уæ музейы экспонаттæ фылдæр кæныны хъуыддаджы», – банысан кодта Пухаты Мераб.

Цхуырбаты Эдуард дæр бузныджы ныхæстæ загъта, мидхъуыддæгты министрады ‘рдыгæй сæм ахæм хъусдард кæй ис æмæ та дарддæр дæр æмгуыст кæй кæндзысты музейы ног экспонаттæй хъæздыг кæныны хъуыддаджы.

Легендарон уæрæсейаг хæцæнгарзаразæг Сергей Мосин 1891 азы сарæзта винтовкæ, кæцыйы фæстæдæр схуыдтой йæ номыл. Уæдæй фæстæмæ ацы æхсæнгарз ссис массон æмæ дзы пайда кодтой æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма æндæр бæстæты æфсæддонтæ дæр. Винтовкæ «Мосин» хайад райста дыууæ дунеон хæстыты, Корейя, Вьетнам, Афганистан æмæ ма бирæ æндæр хæстон архайдтыты. Ӕдæппæт дзы уагъд æрцыд 37 миллуаны бæрц æмæ ма абоны бон дæр пайда хæссы æфсæддонтæн. Æрмæст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ацы винтовкæтæй заводтæ суткæйы дæргъы уагътой 12 мины бæрц. Уæрæсейы абоны бон винтовкæ «Мосин» фылдæр рауагътой æрмæстдæр автомат «Калашников».

 1927 азы уæрæсейаг æфсæддон конструктор Василий Дегтярев æрымысыд нæмыгзгъал æмæ йæ схуыдтой «ДП-27», ома, «Дегтяревы фистæгæфсæддон нæмыгзгъал». Ацы æхсæнгарз тынг æнцонархайд æмæ æнæсыкк кæй уыд, уый тыххæй дзы стыр райгонд уыдысты хæстонтæ. Ӕвæрдтой ма йæ хæдтæхджытыл æмæ танктыл дæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.