Дзауы поселочы райдыдта физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир мини-футболæй. Ерыстæ ныр цыппæрæм аз фæдфæдыл уадзы районы администрацийы спорты хайад Джиоты Аликы сæргълæудæй. Турнир популярон у скъоладзауты ’хсæн. Ныр дæр та сæйраг призтыл тох кæнынц 13 скъолайы командæтæ. Уыдон сты Дзау, Къуайса, Знауыр æмæ Цхинвалæй. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ. Уый йæ раныхасы рæстæджы æрдзырдта Райгуырæн бæстæйы раз Бежанты Зелимы лæггæдты тыххæй.

Æрæмбырдуæвджытæн ма бузынг загъта Бежанты Зелимы фырт Алан. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Алан кæй у «Уацамонгæ»-йы ордены кавалер.

Командæтæ дихгонд сты 4 дæлкъордыл. Уыдонæй радон раундмæ рахиздзысты фæйнæ иу командæйы.

Æрдæгфиналон хъæзтытæ уыдзысты 8-æм октябры. Финал æмæ 3-аг бынат бацахсыны сæраппонд фембæлд та уагъд æрцæудзæн 9-æм октябры.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.