Нæ горæты Хъайтарты уынджы цы цæрæн хæдзæрттæ сырæзт, уыдон сæ хицæутты кæд æмæ цы хуызы ссардзысты, уыцы фарст тыхсын кодта, рагæй фæстæмæ цæрæнуатмæ чи æнхъæлмæ кастис, кæнæ йæ цæрæнуат фæхуыздæр кæнын кæй фæндыд, канд, уыдоны нæ, фæлæ ма хæдзæртты байуарыны фарст раст чи хъуамæ аскъуыддзаг кодтаид, уыцы къамисы æмæ нæ республикæйы разамынады дæр.

Ныр ацы бонты фатер райсынмæ рады лæуджытæй бирæтæн сæххæст сæ бæллиц. Горæты администрацийы уыдонæн аппæрстой хæлттæ. Къамисы уæнгтæ  рады  лæуджытæм  дзырдтой сæ категоритæм гæсгæ æмæ хæлттæ æппарыны руаджы бæрæг кодтой, кæмæ кæцы уæладзыгыл æрхаудис фатер, уый. Йæ хал кæмæн схаудис, уыцы цæрджытæ нæ урæдтой сæ циндзинад, бирæтæ дзы фырцинæй нæ урæдтой сæ цæстысыг дæр.

– Къамисы уæнгтæ мæм куы фæдзырдтой, – зæгъы Хуыгаты Норæ, – уæд фæсæццæ дæн фырцинæй, ме ‘муд нал цыдтæн. Æнхъæл нал уыдтæн æмæ мæ иууыл стырдæр бæллиц – мæхи хæдзар мын уыдзæн, уый мын сæххæст уыдзæн. Цæргæ-цæрæнбонты бафæлладтæн æххуырст хæдзæртты рахау-бахауæй. Ныр дæр мæ нæма уырны, фынфенæгау мæм кæсы æппæт дæр. Уымæ гæсгæ мæ стыр бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы Президент Би-былты Анатоли, нæ горæты мэр Коцты Алан æмæ къамисы уæнгтæн, хæдзæрттæ раст æмæ цæсгомджынæй радтыныл кæй архайынц, уый тыххæй.

Тъехты Аленæ дæр йæ цины цæссыгтæ нæ уромгæйæ арфæйы ныхæстæ дзырдта къамисы уæнгтæн. Уый сидзæрæй баззадис 15 аздзыдæй, ничи йын уыд æввахс адæймаг. Нæ йын уыд йæхи хæдзар. Ныр æм куы фæдзырдтой, æмæ йын йæ хæдзары номыр куы загътой, уæд нæ урæдта йæ циндзинад æмæ йæ равдыста ставд цæссыгтæй, афтæмæй бузныджы ныхæстæ дзырдта къамисы уæнгтæн æмæ нæ республикæйы къухдариуæгадæн дæр. «Мæ царды кæронмæ сын арфæ кæндзынæн», – загъта Аленæ.

Къамисы сæрдар – горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Эндрик бафæдзæхста фатер кæмæн радтой, уыцы æмбæстæгты, зæгъгæ, йæ хæдзары чи нæ æрцæра, уыдонæн ист æрцæудзысты. «Йæ рæстæджы Мæскуыйаг микрорайоны цы хæдзæрттæ лæвæрд æрцыдысты, уыдонæй бирæтæ нырма дæр сты афтид. Уый та нысан кæны цæрæнуат цух кæй нæ уыдысты. Ныр ахæм бартæ лæвæрд нал æрцæудзысты. Нæ республикæйы нырма дæр бирæ ис, цæрæнуат кæмæн нæй, æмæ рады чи лæууынц, ахæм бинонтæ», – загъта Джиоты Эндрик.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй къамис дарддæр йæ куыст кæндзæн. Ныр уал лæвæрд æрцыд 130 фатеры. Дарддæр ма ноджыдæр фатерты хицæуттæ бауыдзысты 70 бинонтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.