Куыд ивгъуыд аз, афтæ та ныр дæр горæты цæрæнуатон къамисы уæнгтæ байуæрстой ногарæзт хæдзары фатертæ. Бирæ азты дæргъы æнхъæлмæ чи каст, ахæм æвæрæз бинонтæй ацы аз хæдзæртты хицæуттæ баисты 23 бинонтæ, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, 5 та -Хъайтарты уынгыл.

Инвестпрограммæмæ гæсгæ ЦАРЗ-ы районы цы хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдон ивгъуыд аз дæр æмæ ныр дæр цасдæрбæрцæй аскъуыддзаг кодтой цæрджыты иу хайы цæрæнуатон проблемæтæ. Цæмæй раст æмæ нысанмæздæхтæй ацы фарст скъуыддзаг цæуа, уый тыххæй цæрæнуа-тон къамис стыр куыст бакæны развæлгъау. Сахуыр кæны, цы бирæнымæц куырдиæттæ сæм вæййы, уыдоны хицæутты цæрæнуатон уавæртæ. Куыд зонæм, афтæмæй социалон хæдзæрттæ райсыны тыххæй куырдиæттæ вæййынц дзæвгар. Индивидуалонæй алы куырдиаты фæстæ ацæуын æмæ алкæцы бинонты царды уавæртæ дæр бынаты бабæрæг кæныны куыстыл дзæвгар тыхтæ æмæ рæстæг ацæуы. Афтæ ма сбæрæг кæнын бахъæуы, цас æфтиæгтæ цæуы бинонтæм æмæ куыд æххæссынц сæ цардыл, æппæт уыдæттæ. Къамисы сконды сты тыхон структурæты минæвæрттæ, прокуратурæ, паддзахадон æдасдзинады комитетæй, æхсæнадон организацитæй, политикон партитæй, го-рæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хайады минæвæрттæ, архитектурæ æмæ арæзтады хайадтæй. Цæмæй æппæт дæр уа закъонмæ гæсгæ, уый тыххæй къамисмæ æрбахонынц, цы куырдиæттыл бакусынц, уыцы бинонты уæнгты, раарфæ сын кæнынц, фатеры хицæуттæ кæй баисты.

Куыд зонæм, афтæмæй 2022-2023 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты дæр арæзт цæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Гæнæн уæвгæйæ, æцæг тыхст адæмæй æнæ хæдзар мачи хъуамæ баззайа. Хъыгагæн, горæты администрацимæ куырдиæттæ чи бахæссы, уыдоны ‘хсæн вæййы ахæмтæ, кæцытæн ис дыгай фатертæ, фæлæ саразынц алыгъуызон мæнг гæххæттытæ, кæугæ дæр ма фæкæнынц, ома, æнæхæдзар дæн. Ахæмты къамис рафæлгъауы æмæ сын факттæ сæ разы куы æрæвæры, уæд дзурынхъом нал свæййынц.

P.S. Ацы бонты фатеры хицау бацис газет «Хурзæрин»-ы кусæг Тъехты Аллæ дæр. Мах тынг фæцин кодтам нæ коллегæйы циндзинадыл. Уыимæ иумæ цымыдис кодтам, куыд æмæ цы ‘гъдауæй бахауд амондджын бинонты номхыгъдмæ.

«Иунæгæй хъомыл кæнын сывæллоны, цардтæн мæ ныййарджыты хæдзары, уыдыстæм бирæ бинонтæ. Рады лæууыдтæн 2012 азæй. Бабæрæг-иу кодтон мæ рад, фæлæ кæйдæртау загъд æмæ лæбурдтытæ нæ кодтон. Иу мæйы размæ мæм къамис æрбацыд хæдзармæ, фæлæ йын ницы нысаниуæг радтон, рæхджы мæм кæй ницы æрхаудзæн, уыцы хъуыдытимæ мæхи æрсабыр кодтон. 22-æм апрелы мæм фæдзырдтой горæты администрацийы къамисæй, цæмæй æрцæуон æмæ ахæссон мæ фатеры дæгъæлтæ. Райдианы фæдызæрдыг дæн, кæд мæ исчи хъазгæ кæны. Чысыл ме ‘муд куы ‘рцыдтæн, уæд бацыдтæн къамисмæ. Уыдон мæ акодтой æмæ мын равдыстой мæ фатер, кæцы ис Гуыбаты æфсымæрты уынгыл. Иухатæнон фатер мын у, фæлæ мæнмæ фæкаст стыр галуаны хуызæн. Тынг амондджын дæн æмæ зæрдæбын бузныг зæгъын, фатеры хицау кæй фæрцы бадæн, уыдонæй алкæмæн дæр. Уадз, алы тыхст адæймаджы зæрдæ дæр барухс уæд мæнау».

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.