Иммиграцион управленийы куысты механизм

Мидхъуыддæгты министрады дæлхай иммиграцион фарстаты фæдыл управленийы хистæр Зæгъойты Константин куыд зæгъы, афтæмæй   ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц  фæсарæйнаг бæстæйæ  417 адæймаджы. Уыдон сты Таджикистан, Узбекистан, Сомихстон, Азербайджан, Украинæ, Молдовæ æмæ æндæр бæстæтæй.

«Ацы бæстæты æмбæстæгтæ нæ республикæмæ цæуын райдыдтой 2008 азы хæстон архайдтыты фæстæ. Уыцы рæстæджы иммиграцион механизм бæстон нæ уыд, æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, республикæмæ æрбацæуын æнцондæр уыд, ам-иу сæ хыгъды сæвæрдтам, фæлæ фиддонтæ нæ фыстой», – радзырдта нын Зæгъойты Константин.

Ныртæккæ управленийы кусджытæ лæмбынæг хъусдард æвдисынц сæ куысты хæстæм æмæ лæмбынæгæй сæ хъус дарынц, фæсарæйнаг æмбæстæгтæй нæ республикæмæ кусынмæ чи æрцæуы, уыдонмæ. Цæмæй уыдон кусæджы хуызы æрцæуой нæ паддзахадмæ, уый тыххæй хъуамæ рацæуой цалдæр этапы. Фыццаджыдæр, хъуамæ хуынд цæуой, цы арæзтадон фирмæ сæ хоны, уыцы фирмæйы куырдиатмæ гæсгæ, кæнæ та сæ кæд кусынмæ сæрмагонд адæймаг хоны, уæд та – уыцы æмбæстаджы  сæрмагонд куырдиатмæ гæсгæ.  Зæгъæм,  кæд  искæцы арæзтадон фирмæйы фæхуындмæ гæсгæ æрцæуынц, уæд Ручъы хъæуы арæнхъахъхъæнджыты посты райсынц иммиграцион картæ, æрбахæссынц æй управленимæ æмæ йыл уым æрæвæрынц мыхуыры  нысан. 3 боны æмгъуыдмæ ногæрцæуæг иммигрант хъуамæ æртымбыл кæна æмбæлон документтæ, æмæ райса рæстæгмæйон регистраци 3 мæйы æмгъуыдмæ. Управленийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæcгæ æппæт хъæуæг документтæ йæ къухы куы бафтой, уæд та æрбацæуынц æмæ сын бынаты лæвæрд цæуы  кусыны бары гæххæттытæ. Хуынды гæххæтт лæвæрд цæуы 1 азы æмгъуыдмæ, фæлæ алы 3 мæйы дæр хъуамæ цæуой ногæй регистраци, æмæ кусыны бары гæххæтт ногæй райсой.

«Рæстæгмæ регистраци  кæм сты мигранттæ, цæргæ дæр уым хъуамæ кæной, цæмæй сæ нæ управленийы кусджытæ рейдты рæстæджы сæ регистрацийы бынаты бæрæг кæной. Регистрацийы адресыл чи нæ цæры, уый нымад цæуы фæткхалæгыл, йæ документты рæстæг кæмæн фæуа  æмæ сæ чи не сног кæна, уый дæр нымад цæуы фæткхалæгыл. Фыццаг хатт хъуамæ æрцæуа иваргонд, дыккаг хатт та закъонмæ гæсгæ хъуамæ департаци æрцæуа йæ бæстæмæ. Кæнæ зæгъæм, сæхи æнæмбæлонæй куы æвдисой,  уæд уыцы цауты фæстæ дæр æрвыст æрцæуынц», – радзырдта нын Зæгъойты лæппу.

Хъарм ахаст æнкъарынц Ирыстонмæ

Ныртæккæ нæ республикæйы цы фæсарæйнаг æмбæстæгтæ ис, уыдоны ‘хсæн сты таджикистайнаг Нигматовты бинонтæ дæр. Хæдзары хистæр Нигматов Сихбат, нæ республикæйы цæры 2014 азæй фæстæмæ. Æххæст кæны арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ. Йемæ кусынц йæ дыууæ лæппуйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, Таджикистаны уыдонæн уыйас  фадæттæ нæй, цæмæй æвзонг лæппутæ сæхи дарой. Уыдонæй сæ иу йæ бинонтимæ ис ам, бынаты. Сывæллон дæр сын фæзынд æмæ рæзы  ам, ныртæккæ у нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæй сæ иуы хъомылгæнинаг. Сихбат куыд зæгъы, афтæмæй цалынмæ нæ республикæмæ не ‘рцыд, уæдмæ куыста Душанбейы банчы. Фæлæ йæ куыстмызд цъус кæй уыд, уымæ гæсгæ бирæ хъуыдыты фæстæ йæ куыст ныу-уагъта æмæ, йе ‘мбæстæгты уынаффæмæ байхъусгæйæ, æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Сихбат йæ куыст æххæст кæны цæсгомджы-нæй. Уый та уымæй бæрæг у, æмæ йын вæййы бирæ хисæрмагонд закъазтæ, æгуыст никуы вæййы.

Куыд бинонты хистæрæн, афтæ Сихбатæн йæ зæрдæ фехсайы йæ цардæмбал æмæ йæ иннæ сы-вæллæттæм. Фæлæ йын ис фадат уыдонмæ телефонæй бон цалдæр хатты дзурынæн. Нæ банчы лæггæдты фæрцы арвиты æхцайы фæрæзтæ дæр. Сæ фыццаг бонæй фæстæмæ ацы бинонтæ æппæт дæр аразынц, цæмæй æввахсдæр базонгæ уой нæ республикæйы историимæ, нæ царды уагимæ, нæ культурæимæ. Уыдон куыстæй  сæрибар рæстæджы  вæййынц нæ республикæйы культурон хиирхæфсæн мадзæлтты, кæцытæ иуæй-иу хатт уагъд фæцæуынц горæты централон парчы.

Æххуырст фатеры кæм цæрынц, уым сæ сыхæгтæ ацы бинонтæй сты тынг райгонд, хонынц сæ сабыр, æнæхъыгдаргæ æмæ хиуылхæцгæ. Сихбаты фырты цардæмбалмæ фæзынд тырнындзинад, цæмæй сахуыр кæна ирон хæбизджынтæ кæнын, фæлваргæ дæр бакæны, æмæ куыд зæгъы, афтæмæй, кæд уымæн нæма уыцы  хъуыддаджы стыр æнтыстытæ нæй, уæддæр æй ныфс ис, кæй базондзæн сæ аразын.

Мæ ныхасы кæрон мæн бацымыдис кодта, зæгъгæ, сæ нæ фæнды  сæ цард саразын нæ республикæйы, уыцы фарстайæн мын бинонты хистæр загъта, зæгъгæ,  тынг бауарзтам Хуссар Ирыстоны, тынг хъарм ахаст æнкъарæм йæ цæрджытæй,  ссардтам дзы хæлæрттæ, кæцы-тæ нæм тыхст рæстæджы фæдаргъ кæнынц се ‘ххуысы къух, фæлæ нæ бынтон баззайын нæ фæнды.

Архайы фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгтæн рæстæгмæйон архайды закъон

Цæмæй  фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгты уæвынад закъонмæ гæсгæ фидар æрцæуа, уый тыххæй Хицауад райста уынаффæтæ. «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг æмбæстæгтæн рæстæгмæйон фæллойадон архайд æххæст кæнынæн документтæ бар радтыны фæткмæ гæсгæ» æмæ 2011 азы 26 январы «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг æмбæстæгтæн рæстæгмæйон фæллойадон архайд æххæст кæнынæн бар радтыны документты фæтк». Уый фæстæ закъондæттæн базæ фæзынд æмæ абон мигрантты æрцыд, цæрыны æмæ фæллойадон архайд æххæст кæнынæн бæрæг цæуынц 2015 азы 26 ноябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг æмбæстæгты барадон уагæвæрды тыххæй» Парламенты уынаффæмæ  гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.