Фæстаг рæстæджы социалон хызæджы фæзынд алыгъуызон хъусынгæнинæгтæ  хæцгæнизты фæзынды тыххæй. WhatsApp-ы апарахат ахæм хабар, ома,  сабитæй бирæтæ гуыбыннизæй фæрынчын сты, зæгъгæ. Уый ныййарджыты сагъæсы баппæрста, кæд эпидеми у, зæгъгæ.

Социалон хызæджы бирæтæ фидарæй дзурынц,   гуыбыннизæй тынг тас у, зæгъгæ. Кæцæй рацыд ацы дам-дум, уый нæ бон сбæрæг кæнын нæ бацис. Рынчындоны нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй гуыбынниз сарæх, фæлæ   эпидеми у, зæгъгæ, уый раст нæу.

Сабитæн фылдæр хатт гуыбынниз ныййарджыты аххосæй фæзыны. Кæм сын дыргътæ æнæхсадæй авæрынц, кæм та сыл уæлдай цинтæ фæкæнынц. Лæмæгъ иммунитет кæмæн ис, ахæм сывæллæттыл инфекци фæтых вæййы. Ныртæккæ эпидемийæ тас нæу, фæлæ уæддæр ныййарджытæ сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй хъуамæ ма кæсой. Арæх къухтæ   æхсын кæй хъæуы, уый дæр сæ айрох вæййы.

Сывæллæттæн нæ хъæуы тагъд цæттæгонд хæринæгтæ дæттын, стæй газджын дон. Аллерги чи расайы, ахæм продукттæ дæр хъуамæ мадæлтæ къаддæр æлхæной. Лæмбынæг кæсын хъæуы, хæринаг ма бæззы æви нæ, уымæ. Зынæй дзы ницы ис, фæлæ уæддæр къæрттæй цъула ничи æппары, æмæ афтæмæй низтæ баирвæзынц сывæллæттæм.

Сывæллоны иммунитет схъæддых вæййы фондз азмæ. Уымæ гæсгæ уæлдай цæстард хъуамæ уа ноггуырд сабитæм. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæм хъуамæ стыр къордтæй ма æмбырд кæной. Ноггуырд сывæллæттыл дæр уæдæ уæлдай цинтæ кæнын нæ хъæуы…

Арæх гуыбыннизæй рынчынты нымæц куы фæфылдæр вæййы, уæд æй адæм эпидеми рахонынц. Ныййарджытæ хъусынгæнинæгтæ кæрæдзи ‘хсæн апарахат кæнынц, æмæ кæрæдзи стæрсын кæнынц.

Иуæй-иу ныййарджытæ афоныл сывæллæты дохтырмæ кæй нæ бакæнынц, кæнæ сæ сæхæдæг кæй райдайынц дзæбæх кæнын, уымæ гæсгæ низ уæззау фæстиуджытæм расайы.

Уæдæ хъæуы къæрцхъус уæвын, цæмæй ахæм низтæй бахизæм нæ сабиты.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.