Интернет  – иугонд хызтæ – бахынцыны ресурсты глобалон телекоммуникацион хыз. У физикон бындур Æппæтдунеон тынæн. Арæх æй фæхонынц Æппæтдунеон хыз, Глобалон хыз, кæнæ хуымæтæгæй Хыз. У автономон системæты хаотикон иугонд, уый бастдзинады хæрзхъæдæн гаранти нæ дæтты, фæлæ гаранти дæтты хорз æнæцудгæдзинад æмæ иумæйаг систæмæйы куысты хæдбардзинад йæ искæцы къаннæг хайы къуыхцытæй.

Интернеты æндæвдады бын бахауын у психикон цудыддзинад, кæцы раргом вæййы æдзух онлайн режимы уæвыны, нæ алы-варс цы цæуы, уыдон зонынмæ тырнындзинады, социалон хы-зæгты цы фыссынц ногæй, уы-донмæ æдзух хъусдарыны рæстæджы.

Фæсарæнтæй цы галиу зонды «культурæ» бырсы, уый нæ бæстæйы фæсивæды ‘хсæн тынгдæр парахат кæны Интернеты фæрцы. Кæд фæсарæнты фæсивæды удварны хъæздыгдзинадмæ фаг æргом не здахынц, æмæ сæ кæс-тæртæ ахæм галиу зонды уацары уымæн бахауынц, уæд нæ бæстæйы кæстæрты удварн бахъахъхъæнынæн, сæ зонд сын рæс-тырдæм саразынæн ис æппæт гæнæнтæ дæр.

Интернеты социалон хызæджы сцырын вæййынц «Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ» æмæ сæ цъыфкалæн ныхæстæн кæрон нал вæййы. Хъаугъа фæкæнынц цалдæр адæймаджы æмæ цыфæнды хорз хъуыддаг куы уа, уæддæр æй афтæ æрзылдтытæ кæнынц сæ мæнгæвзæгты ‘руаджы æмæ йæ къахджын-къухджынтæй рахæссынц адæмы раз-мæ.

«Æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, интернеты æндæвдадæн Хуссар Ирыстоны æгæр стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы. Социалон хызæджы цы дискусситæ вæййы, уыдоны гъæд вæййы тынг ныллæг, ницы мидис дзы вæййы», – зæгъы нæ горæты цæрæг Гæззаты Маринæ.

Интернетæй пайдагæнгæйæ, хъуамæ ма уой адæймаджы кад æмæ намыс æфхæрæн æмæ ды-зæрдыггаг ныхæстæ, экстремистон нысаниуæг кæмæн ис æмæ быцæумæ чи расайдзæн, ахæм фыстæджытæ.

«Махæн, ирæттæн, нæ менталитет у æндæр, кæцыйæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ   нæ зонынц, æмæ хызæгты комментаритæм гæсгæ, аргъ кæнынц нæ адæмæн. Мах кæрæдзи фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæн  кад кæнынæн дæр нал стæм», – загъта Цыбырты Дианæ. «Зæгъæм, адæм тыхстхуызæй фæфæрсынц Фейсбукы цытæ фыссынц, уыдон æцæг сты? Социалон хызæг иуæй-иу адæмæн фадат дæтты, хицауиуæгад цы информаци сусæг кæны æмæ æхсæнадон хъуыдыйыл чи бандавдзæн, ахæм информаци фехъусын кæнынæн дам-думты хуызы. Хуссар Ирыстоны хæдбар информацион фæрæзтæ кæй нæй, уый  ахъаз кæны негативон æмæ æнæраст информаци адæмы рæгъмæ хæссынæн».

Ирон адæм хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ  кæй аргъ кæнынц.

Виртуалон уагыл ныхас кæнын у нырыккон дуджы иууыл арæхдæр проблемæ. Йæ мидис ис æдзух кæимæдæр контакт аразыны домындзинады, фæлæ уыцы процесс лæгæй-лæгмæ, цæстæй – цæстмæ нæ цæуы, фæлæ социалон хызæгты, сайты, зонгæдзинæдты форумты æмæ æндæр ахæмты. Хъыгаг у, виртуалон уагыл ныхас кæнын кæй иуварс кæны реалон царды ахастыты. Адæймаг социализаци нæ цæуы, реалонæй нæ зоны, цард цы у, уый, æцæгдзинады фæстаг инстанци йын сты, сайтты æмæ социалон хызæгты цытæ цæуы, уыдон. Мæнг информаци та мах кæддæриддæр фæкæны мæнг фæндæгтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, социалон хызæгты дæр æппæт информаци мæнг нæ вæййы, фæлæ йæ сæйраг хай.

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, ха-лынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.  Ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы, æмæ фидæны нæ кæстæртæ уыцы фарн махæй агурдзысты.

                        ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.