Нæ республикæйы территорийыл грипп æмæ æндæр вирусон низтæй рынчынты нымæц бæрæг кæй фæкъаддæр ис, уый тыххæй бæлвырддæрæй радзырдта РММЦ-йы Сывæллæтты поликлиникæйы сæргълæууæг Хæныкъаты Ларисæ æмæ æндæр медицинон кусджытæ.

«Декабры мæйы онг вирусон низтæй рынчынты нымæц уыд бæрæг фылдæр. Боны дæргъы истам сæдæмæ ‘ввахс рынчыны алыгъуызон низты нысæнттимæ: буары бæрзонд тæвд, хуыфæг, æхснырсæг, стджыты лæмæгъдзинад æмæ æндæр ахæмтæ. Уæззаудæр уавæрты чи уыд, уыдонæн хос кодтам рынчындоны, иннæтæн та-иу фыццаг æххуыс поликлиникæйы бакодтам, хостæ сын рафыстам æмæ дарддæр сæхи дзæбæх кодтой хæдзæртты.

Январы мæйы улæфтыты рæстæджы кæд адæм кæрæдзийыл къаддæр æмбæлдысты, низтæ дæр нал парахат кодтой æмæ бæрæг фæкъаддæр ис рынчынты нымæц. Ныртæккæ рынчындоны чи хос кæны, уыдон се ’ппæт дæр сты сезонон респираторон низæй рынчын æмæ сæ нымæц у рæстæмбис. Районтæй нæм цы бæлвырдгæнæнтæ ис, уыдонæй дæр ницы цъиувæдисгæнæг хатдзæгтæ аразæн ис, уымæн æмæ сты иугай рынчынтæ», — загъта поликлиникæйы сæргълæууæг.

Къуайсайы рынчындоны къухдариуæггæнæг Хуыгаты Ульянæ куыд загъта, афтæмæй Къуыдаргомы дæр ногазон бæрæгбонты размæ рынчынтæ уыдысты бæрæг фылдæр.

«Улæфтыты рæстæджы адæм кæрæдзиимæ кæй нал æмбæлдысты, уый дæр æмæ ма митæруарды фæстæ дæр, вирусон низтæ бæрæг фæкъаддæр сты. Ныртæккæ рынчындоны нæй иу рынчын дæр æмæ уый у тынг хорз».

Дзауы районон рынчындоны къухдариуæггæнæг Тедеты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ ам дæр рынчындоны ныртæккæ нæй респираторон низтæй рынчынтæ.

«Иу мæйы дæргъы æрбахауæг рынчынты нымæц æдæппæтæй уыд 10 адæймаджы бæрц. Уыдон уыдысты алыгъуызон кары, се ’хсæн уыдысты сывæллæттæ дæр. Фылдæр нæм хъуырты низты симптомтимæ цыдысты», — радзырдта рынчындоны гæс.

Бирæ хуыздæр у уавæр Дменисы рынчындоны. Ам фæстаг мæйы дæргъы рынчынты нымæц не схызт дæсмæ дæр. Уый нын загъта «Тагъд æххуысы» радгæс медицинон хо Лолаты Элинæ.

«Мæйы дæргъы нæм рынчынты нымæц æрвылбон дæр нæ уыд 4-5 æй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты сабитæ. Ныртæккæ уавæр дзæвгар фæхуыздæр, зæгъæм, дыууæ боны дæргъы нæм иу вирусон низæй рынчын дæр не ’рбадзырдта. Кæй бахъæуы Тагъд æххуыс, уыдон та фылдæр сты хистæр кары æмбæстæгтæ туджы æлхъывдадимæ баст низтимæ», — загъта медицион кусæг.

ХУЫГАТЫ Миленæ