Къозонты Сардионы райгуырдыл сæххæст 110 азы

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æнæххæст бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй мобилизаци æрцыд æмæ барвæндæй фронтмæ ацыдысты 23,5 мин адæймаджы. Хуссарирыстойнаг хæстонтæй ацы хæсты фæмард алы æхсæзæм адæймаг. Ирыстон алы хатт дæр хъуыды кæны йæ хъайтарты тыххæй. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ алы хатт дæр баззайынц адæмы мысынады. Уыдоны ‘хсæн ис Советон Цæдисы хъайтар Къозонты Сардион Дауыты фырт.

Райгуырд 1911 азы 14-æм январы Карелы районы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Каст фæцис æнæххæст астæуккаг скъола. Уый фæстæ куыста колхозы бригадирæй. 1941 азы июны Къозоны фырт-мæ æрсидтысты Кусæгон-зæххкусæгон Сырх Æфсадмæ æмæ æрвыст æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтмæ. Дард балцы куы цыд, уæд йæ цардæмбалæн загъта: «Фæллой кæн колхозы цæсгомджынæй æмæ æз та фронты тох кæндзынæн удуæлдайæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ». Æмæ нæ хъайтар разынд йæ ныхасы хицау, хæсты азты хъæбатырæй дæрæн кодта знаджы.

Къозонты Сардион уыд 65-æм армийы 1281 æхсæг полчы хайады командир. Хайад иста Мæскуыйы, Курскы къæлæтауы, Брянск ссæрибар кæныны тохты, Днепры ныхдурты сæрты ахизыны хæстон операцийы. Ацы тохты Къозоны фырт равдыста хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинады цæвиттон. Иу тохы рæстæджы минæзгъалæн куы фехæлд, уæд иунæгæй адарддæр кодта ныхмæ-лæууæгимæ тох, минæзгъалæн иу бынатæй иннæ бынатмæ хæсгæйæ æмæ рæстдзæвин æхстæй фашистты куынæг кæнгæйæ. Нæ уыд иунæг ахæм тох дæр, цыран хайад нæ райста æхсарджын ирон хæстон. Дæсгай немыцæгтæ сæ мæлæт ссардтой йæ фидар къухтæй. 1941 азы 22-æм июнæй хæцыд Ныгуылæн фронты, 1942 азы 10 февралæй – Брянскы, 1943 азы 26 августæй та – Централон фронты. 1941 азы ноябрь-декабры хайад иста Мæскуыйы сæрыл тохты. Горæт Мценскы районы удуæлдайæ ныхкъуырд лæвæрдта ныхмæлæууæджы контратакæтæн. Скуынæг кодта 50 фашистон салдат æмæ афицерæй фылдæр, ныхмæлæууæджы контратакæтæ фæстæмæ аппаргæйæ. Ацы тохты йæ хъæбатыр архайдтыты тыххæй ирон ныфсхаст хæстон арфæйы фыстæг райста Советон Цæдисы Уæлдæр командæгæнæг Сталинæй.

1943 азы октябры æмбисы 1281 æхсæг полкы пулеметон ротæйы хайады командир Къозоны фырт стыр хъайтардзинæдтæ равдыста Гомельскы областы Лоевскы районы Бывалькийы хъæуы районы Днепры сæрты хизыны рæстæджы цæугæдоны рахис донбылгæрон плацдарм бауромын æмæ рауæрхæдæр кæныны тохты. 1943 азы 16 октябрæй 17 октябрмæ сержант Къозонты Сардион ныхмæлæууæджы тыхджын пулеметон-минометон æхстыты бын йæ хайады акодта æмæ хæстон æрмæджыты æнтыстджынæй фæхæццæ кодта цæугæдон Днепры рахис донбылгæронмæ æмæ уайтагъд карз тохы бацыд немыцаг тыхæйисджытимæ. Тохты рæстæджы Къозоны фырт йæ хæстонтимæ гранаттæ æмæ пулеметты æхстытæй ныхмæлæууæджы фæстæмæ аппæрста траншейæ, йæ хайадæй бамбæрзта батальоны рахис фланг æмæ йын афтæмæй фадат радта стратегион ахсджиаг бæрзæнды (134,5) бацахсынæн æмæ дзы сфидар кæнынæн æмæ дарддæр та Бывалькийы хъæумæ размæбырст саразынæн.

1943 азы 17-18 октябры Бывалькийы хъæуы сæрыл тохты, хæстон тыхтæ æмæ техникæйæ бирæ хатты фылдæр чи уыдысты, уыцы гитлеронтæ цыдысты контратакæты, фесафгæ позицитæ фæстæмæ раздахын æмæ нын нæ хæстонты донмæ ныппарынмæ бафæлваргæйæ. Сержант Къозонты Сардионы хъæддыхдзинады æмæ йæ пулеметты æнæсыкк куысты фæрцы ныхмæлæууæджы контратакæтæ иууылдæр æнтыстджынæй фæстæмæ æппæрст æрцыдысты. Ацы тохы гитлеронтыл æрцыд стыр удызиæнттæ, фесæфтой бирæ техникæ æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Къозоны фырт йæ архайдтытæй ахъаз кодта полчы иннæ дæлхæйттæн Днепрыл æн-тыстджынæй ахизынæн.

1943 азы 30 октябры Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй Къозонты Сардион Дауыты фыртæн цæугæдон Днепры ныхдурты сæрты æнтыстджынæй ахизыны æмæ йæ ныгуылæйнаг донбылгæрон фидар плацдарм сфидар кæныны æмæ уыимæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалыйы» майдан ратгæйæ. 1943 азы 20 октябры Централон фронт рацарæзт æрцыд Белорусаг фронтмæ (фæстæдæр та фыццаг белорусаг фронтмæ). Уый фæстæ хайад иста Белорусийы ссæрибар кæныны, Ныгуылæйнаг Буга, Вислайы сæрты ахизыны, Польшæ æмæ Чехословакийы (Брно, Прага) ссæрибар кæныны тохты. Къозонты Сардионы сгуыхтдзинæдты тыххæй фыстой дивизионы газет «За Родину», æфсæддон газет «Сталинский удар»-ы, фронтон газет «Красная Армия»-йы æмæ æндæрты. Газетты фæрстыл мыхуыр цыдысты статьятæ æмæ очерктæ: «Цæв фашистты, Къозоны фырт сæ куыд цæвы, афтæ», «Цæвиттон ис Къозоны фыртæй», «Ирон адæмы æнувыд фырты сгуыхтдзинад» æмæ афтæ дард-дæр.

Чехословакийæ æрвыст æрцыд Дард Хурскæсæнмæ. Инæлар-лейтенант Плиты Иссæйы бæхджын-механизацигонд къорды сконды та Фæсбайкалы фронты хайад иста япойнаг милитаристты æмæ Квантунскы æфсады ныппырх кæныны тохты 1945 азы.

Къозоны фырт-иу Днепры хæстон операцийы тыххæй арæх дзырдта йæ мысинæгтæ: «Æрдæгæхсæв мах  командæкæнынадæй райстам бардзырд Днепры сæрты ахизыны  æмæ цæугæдоны рахис фарс нæхи  æрфидар кæныны тыххæй Сырх Æфсады сæйраг тыхты æрбацыды онг. Райдыдтам  нæхи цæттæ кæнын. Махмæ уыд понтонтæ æмæ чысыл наутæ. Дыууæ æмбалимæ сбадтыстæм науыл, немæ рахастам минæзгъал. Уыцы иурæстæджы немæ хæс-тон хæс сæххæст кæныны тыххæй рацыдысты æндæр дæлхæйтты раззаг хæххыты къордтæ. Куыддæр аленк кодтам донбылгæронæй, афтæ нæ ныхмæлæууæг райдыдта тыхджын æхст кæнын. Ме ‘мбæлттæ уæззау цæфтæ фесты æрдæг фæндагыл. Рахис фарсмæ куы бахæццæ стæм, уæд райдыдтон æхсын минæзгъалæй, уыимæ мæ иунæгæй бахъуыд æнæхъæн расчет раивын. Æрбаввахс фашистты къорд. Мæ цуры цы пулемет уыд, уый ныссабыр, уымæн æмæ пулеметæхсæг дæр уæззау цæф фæцис. Æз балыгътæн пулеметмæ æмæ райдыдтон фашистты æхсын. Гитлеронтæ уый æнхъæл нæ уыдысты фергъиау сты æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Афтæмæй гранаттæ æмæ джебогътæй фæстæмæ аппæрстам немыцæгты.

«Мæ цардæмбалæн мын бæрзонд хорзæх кæй саккаг кодтой, уый мыл бафтыдта дывæр тыхтæ, ног энерги. Ацы энерги æнæхъæнæй дæр дæттын колхозы куыстæн», – фыста газет «Коммунист» 1944 азы 10-æм марты Къозоны фырты цардæмбалы ныхæстæ.

Сæрыстыр уыд йæ кадджын фыдæй йæ чызг Къозонты Катя, кæцы бирæ азты дæргъы куыста Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнæгæй. Катя мемæ хæ-лар уыд æмæ-иу мын арæх кода йæ хъайтар фыды кой. Радзырдта-иу мын йæ хæстон хабæртты тыххæй дæр. Хæдзармæ-иу æм куы бафтыдтæн, уæд-иу мын æнæмæнгæйдæр мæ разы æрæвæрдтаид, рæстæджы цыдимæ чи сбур сты, йæ фыды уыцы фыстæджытæ æмæ документтæ. Хъыгагæн, Катя цыппар азы размæ цардæй ахицæн.

1946 азы, хæсты фæуды хистæр сержант Къозонты Сардион демобилизаци æрцыд æмæ æрыздæхт йæ Райгуырæн бæстæмæ. 1968 азы куыста колхозы сæрдарæй, уый фæстæ  та нысан æрцыд хъæууон советы сæрдарæй.

Фæлæ 1991 азы Гуырдзыстоны ирæтты ныхмæ хæст куы расидтысты, уæд æй бахъуыд йæ хæдзар ныууадзыны сæр æмæ лигъдонæй горæт Дзæуджыхъæумæ ацæуын. Хъайтар цардæй ахицæн 1994 азы 17 декабры. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Кады аллеяйы. Йæ номыл Цхинвалы Кады аллеяйы ис бюст, афтæ ма нæ горæты уынгтæй иу хæссы Къозонты Сардион Дауыты фырты ном æмæ афтæмæй йæ ном цæрæн-бонты цæрдзæн адæмы зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.