19-æм сентябры, Республикæйы боны агъоммæ бæрæгбонон мадзал ауагъдæуыд Дзауы районы дæр. Уыцы бон та нысан кодтам Паддзахадон тырысайы бон. Бæрæгбонимæ иумæ Дзауы посёлочы байгом æрцыдис, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст дæр. Ардæм æрæмбырд сты канд Дзауы районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма иннæ районтæй дæр. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис ног арæзт парчы астæу. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй ацы бынаты фæстæдæр арæзт æрцæудзæнис Хетæгкаты Къостайы номыл аллея.

Цытджын церемонимæ фæуазæг сты нæ бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ Алагиры районæй делегаци. Делегацийы сконды уыдысты Алагиры районы администрацийы минæвæрттæ Бутаты Арсены сæргълæудæй, зындгонд амалиуæггæнæг æмæ патриот Лалыты Лев. Ацы цыртдзæвæн Дзауы районæн балæвар кодта горæт Алагиры администраци. Зындгонд куыд у, афтæмæй рагæй фæстæмæ Алагиры район æмæ Дзауы районæн ис æнгом, хъарм ахастытæ.

Бюст байгом кæныны бар лæвæрд æрцыдис Президент Бибылты Анатоли, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг æмæ Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг Бутаты Арсенæн. Бибылты Анатоли йæ хъæбысмæ систа чысыл лæппуйы ирон национ дарæсы  æмæ бюст цы пæлæзæй æмбæрзт уыдис, уый райхæлдтой иумæ. Уый фæстæ раныхас кодта нæ бæстæйы Президент æмæ бузныджы ныхæстæ загъта æппæт æрæмбырдуæвджытæн. Банысан кодта, Хетæгкаты Къостайы стыр лæггæдтæ нæ адæмы раз. Бибылты Анатоли ма арфæйы ныхæстæ загъта æрцæугæ уазджытæн æмæ сæ схорзæхджын кодта Хæлардзинады ордентæй.

Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады тыххæй раныхас кодтой Бутаты Арсен, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, нæ бæстæйы фыццаг президент Цыбырты Людвиг, историк æмæ æхсæнадон архайæг Челехсаты Хъазбег æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны скъоладзаутæ кастысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ, равдыстой чысыл концертон программæ. Хайад дзы райстой Президенты цур нæлгоймæгты зарæггæнджыты къорд Дзаттиаты Анисимы сæргълæудæй.  Уыдон азарыдысты Къостайы фыст æмдзæвгæтыл зарджытæ. Скъоладзаутæ ма сæххæст кодтой  ирон национ кæфтытæ дæр.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.