29 апрелы Республикæ Арцахмæ кусæгон балцы фæлгæтты уагъд æрцыд фембæлд РХИ-Паддзхад Аланийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Малилянимæ.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыд  дыууæфарсон æмгуыстады фарстатыл, 2001 азы РХИ-йы æмæ Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ сæ къух цы суагъæйыл æрфысстой «Æмгуыстад æмæ консультацийы тыххæй», – зæгъгæ, уый фæлгæтты, æркастысты бадзырдон-барадон базæ рауæрæхдæр кæныны фарстмæ, сæ хъуыдытæ загътой регионалон æмæ æхсæнадæмон актуалон фарстаты фæдыл.

Медойты Димитр раарфæ кодта Масис Маилянæн, нысан кæй æрцыд Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæгæй, йæ цæст ын бауарзта æнтыстытæ профессионалон плæнттæ реализаци кæныны æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, кæй йæ фæхуыдтой æмæ йæ афтæ рæдауæй кæй айстой.

Медойты Димитр ма хъынцъымы нæхæстæ загъта сомихæгты геноциды боны сæраппонд.

Фембæлд адарддæр ис уæрæхдæр сконды дыууæ фарсæрдыгæй дæр фæсарæйнаг хъуыддæгты министардты минæвæртты хайадистæй.

Фембæлды кæрон Медойты Димитр æмæ Масис Маилян сомихаг адæмы геноциды амæттæгты мемориалыл сæвæрдтой дидинджытæ.

Медойты Димитримæ балцы уыд РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады барадон управленийы кусæг Хаханты Цицерон.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.