Цхинвалы районы администраци 9-æм маймæ фæуыдзæн Дменис, Сатихъар, Джер æмæ Арцеуы хъæуты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн цы цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыдысты, уыдоны реставрацион куыстытæ, – фехъусын кодтой районы администрацийы пресс-службæйы.

Афтæ ма Уæлахизы бонмæ, Ходы хъæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты цыртдзæвæны алыварс арæзт æрцæудзæн æмбонд. Ведомствойы ма банысан кодтой, æмбонд аразын кæй райдыдтой сæхæдæг хъæуы цæрджытæ.

«Ходы хъæуы цæрджытæ сæ тыхтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй райдыдтой архайын æмбонд саразыныл, цæмæй 9-æм маймæ цыртдзæвæны алыварс цы территори ис, уый æфснайд æрцæуа, хъæуы цæрджытæн æххуыс кæны районы администраци дæр», – фехъусын кодтой ведомствойы.

Банысан кæнын хъæуы,   Ход, Къроз æмæ Тыбылты хъæуты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн цырт конд кæй æрцыд 2015 азы майы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ходы хъæуы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.