Командæ «Массив» ссис футболæй «РХИ-йы  Президенты кубок»-ы уæлахиздзау.  Ерысты финалон хъазт уагъд æрцыд 26-æм августы РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн. Турнир, кæцы райдыдта 10 боны размæ, стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта спортуарзджытæм. Ацы хатт сæйраг призыл тох кодтой 13 командæйы. Уыдон ‘хсæн уыд Хъайтарты уынджы командæ дæр, кæцы фæстаг дыууæ хатты ссис турниры уæлахиздзау. Ацы хатт уый хъазыд æртыккаг бынат бацахсыны  хъазты, цыран фæхæрд Мидхъуыддæгты министрады командæйæн. Финалмæ та ахызтысты «Массив» æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæтæ. Уыдон алыхатт дæр республикон ерысты  хауынц турниры фаворитты номхыгъдмæ. Финалы размæ бирæтæ дзырдтой, ома, хъазты мидæг бирæ бакъуырд пуртитæ нæ уыдзæн. Æмæ, æцæгæй дæр, раст разындысты. Хъазт рауад æндыгъд. Тох цыд хъазæн фæзы алы фадыджы дæр. Фæлæ чысыл хуыздæр архайдтой «Массив»-ы хъазджытæ. Уыдон сæвзæрын кодтой пурти бакъуырыны цалдæр тæссаг уавæры. Ацы компоненты бирæ фæстæ нæ лæууыд Паддзахадон æдасдзинады коми-теты командæ дæр. Фæлæ уыдонæн дæр нæ бантыст хыгъд байгом кæнын.

Хъазты дыккаг хайы дæр фылдæр атакæ кодтой «Массив»-ы хъазджытæ. Æмæ уыцы хъуыддагæн уыд хорз фæстиуджытæ. Командæйы хъазæг Мамытаты Сосланæн бан-тыст ныхмæлæууæг командæйы къулдуары пурти смидæг кæнын. Паддзахадон æдас-дзинады комитеты командæйы хъазджытæ стыр тыхтимæ бæргæ абырстой хыгъд сæмхуызон кæныны тыххæй. Фæлæ хъазты кæронмæ хыгъд нал фæивта æмæ цæугæ кубокы хицау ссис «Массив»-ы командæ.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли æмæ сæйраг приз æмæ æхцайы премийæ схорзæхджын кодта фæуæлахизуæвæг командæйы. «Хъазджытæ иууылдæр сæхи равдыстой хорз. Абон, ацы нысаниуæгджын боны финалон хъазт ноджы рæсугъддæр рауад. Уыдис рæстæг, æмæ иу рæстæджы спортæй дæр архайдтат æмæ Райгуырæн бæстæ дæр хъахъхъæдтат. Уымæн стыр кад æмæ стыр намыс ис. Мах æрмæст хæцгæ ма хъуамæ кодтаиккам, фæлæ ма нын нæ уыд ахуыр æмæ спорт ныууадзыны бар дæр. Æмæ фенын кодтам, нæ бон спорт дæр размæ кæнын кæй у, ахуыр кæнын æмæ уыцы рæстæджы хæцын дæр. Абон иутæ рамбылдтой, иннæтæ фæхæрд сты, фæлæ сæйрагдæр у æфсымæрдзинад. Æмæ уæ хъазты фенын кодтат кæрæдзимæ хæлар ахаст æмæ æфсымæрдзинад. Арфæ кæнын, ацы ерысты хайад чи райста, уыдонæн. Æмæ йæ бæлвырдæй зонын, уæ сæйраг уæлахиздзинæдтæ разæй кæй сты, уый», –  банысан кодта паддзахады сæргълæууæг йæ раныхасы.

Кубоктæ, майдантæ, Кады грамотатæ æмæ æхцайы премитæ лæвæрд æрцыдысты дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахсæг командæтæн дæр.

Бæрæг æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Хуыздæр къулдуаргæсы приз лæвæрд æрцыд Паддзахадон æдасдзинады комитеты хъазæг Цхуырбаты Сæрмæтæн. Хуыздæр хъахъхъæнæджы приз райста Хъайтарты уынджы минæвар Зассеты Алик. Хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæгыл нымад æрцыд ацы командæйы иннæ хъазæг Уазæгты Родион. Турниры хуыздæр размæбырсæг ссис Къадзты Михаил, кæцы хъахъхъæдта Мидхъуыддæгты министрады спортивон кад. Турниры хуыздæр хъазæгыл та нымад æрцыд «Массив»-ы футболист Джиджджойты Сослан.

Турниры фæстæ командæ «Массив» йæ спортуарзджытимæ сарæзтой автоалыгъд.

ССИС ПАРАЛИМПИАГ ХЪÆЗТЫТЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Ирон спортсмен Хынцæгты Альберт ссис Токиойы Паралимпиаг хъæзтыты уæла-хиздзау. Уый ерыс кодта ядро æппарынæй категори F37 (æнцойгæнæн-змæлæн аппарат хъыгдард кæмæн у, уыцы адæймæгтæ). Альберт æфсæйнаг къори аппæрста 15,78 метрмæ. Ирон спортсменыл цæуы 24 азы. Уый у дунейы, Европæ æмæ Уæрæсейы чемпион.

«Дæргъвæтин рæстæг цыдтæн Паралимпиаг хъæзтыты уæлахизмæ. Мæ тренеримæ тынг бирæ куыстам. Зæгъæн ис, æрвылрæстæг дæр уыдтæн цæттæгæнæн сборты. Тынг æхсызгон мын у. Стæй ма мын бантыст мæхи хисæрмагонд бæрæггæнæн дæр фæхуыздæр кæнын», – банысан кодта Хынцæгты Альберт.

Ирон спортсменыл цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты Мæскуыйы. Уырдыгæй уый ратахт Дзæуджыхъæумæ. Уым дæр ыл сæмбæлдысты стыр цытимæ.

Хуриты Батрадз

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.