Ацы бонты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд телеуынынадон преми «Æрфæны фæд». Мадзал уагъд цæуы дыккаг хатт. Уый размæ цалдæр азы фæд-фæдыл  ногазон æхсæвы «ИР»-ы телеканалыл æвдыст цыд музыкалон хиирхæфсæн программæ «Фарны изæр». Фæлæ 2019 азы аскъуыддзаг кодтой проект фæивын æмæ  сценæмæ Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджыты æмæ музыкантты æрбамбырд кæнын.   Мадзал уагътой РХИ-йы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ, паддзахадон драмон театры артист, ПТРК «ИР»ы автор-амонæг Мамиты Григори, ПТРК «ИР»-ы ног хабæртты амонæг Хуриты Батрадз æмæ ПТРК «ИР»-ы редактор Коцты Зæринæ. Уыдон сæ арæхстдзинадæй хъæлдзæг кодтой аивадуарзджыты зæрдæтæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта.

Мадзалы хайад райстой  Ирыстоны дыууæ хайы 25 вокалисты æмæ сфæлдыстадон коллективтæ.  Коронавирусы пандемийы аххосæй мадзал уагъд æрцыд æнæ сценæмæкæсджытæй. Проекты къухдариуæггæнæг у национ телеуынынады кусæг Козаты Дзерассæ. Мадзал цыд æртæ сахаты бæрц. «Эстрадон æххæстгæнджытæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ, премийы лауреаттæ ралæууыдысты музыкалон номыртимæ. Музыкалон композициты ‘хсæн уыдысты Бекъойты Ванойы зарæджы премьерæ æмæ ансамбль «Симд»-ы ног номыртæ. Премийы номинантты ‘хсæн уыдысты Цæгат Ирыстонæй æрхонгæ артисттæ Тайсауты Олег, Кабалоти Олег, Золойты Беллæ, Гуццаты Нодар æмæ æндæртæ», – загъта Козаты Дзерассæ. Мадзалы хайад райстой Харебаты Марта, Хаситы Сослан, Пæррæстаты Анна-Мария, Дзукъаты Ланæ, Багаты Шота, Гатыгкоты Нинæ, Таугазты Дзерассæ, Саппиаты Залинæ, Харебаты Вадим, ансамбль «Ирон», Джиоты Любæ, ансамбль «Мемориал» Æлборты Владимиры сæргълæудæй, Зассеты Максим æмæ æндæртæ.

Премийы инициатортæй ралæууыдысты телеуынынады кусджытæ Бестауты Юлия æмæ Мамиты Григори.

«Нæртон зæххыл, æцæгæйдæр, диссаджы бæрæгбон. Зарæджы тых æгæрон у. Гæнæн ис æмæ адæймаджы раздаха цардмæ, йе та йæ мæт æмæ сагъæсты хай дæр фæкæна. Зарæг у зæрдæтæ иугæнæг, адæмты иудзинады хид æмæ удцырынгæнæг. «Абон преми «Æрфæны фæд»-æй бирæтæ æрцыдысты хорзæхджын. Уыдон сты, æдзухдæр сæ адæмы фарсмæ чи уыд, сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы дæр се ‘нцой чи лæууыд, ахæм гоймæгтæ», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Преми лæвæрд цыд ахæм номинацитæй куыд, зæгъæм,  «Ирыстоны музыкалон аивадмæ  стыр хайбавæрд бахæссыны тыххæй», «Аивадмæ æнтыстджын къахдзæф»-ы  тыххæй æмæ афтæ дарддæр.

  Козаты Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ преми уагъд цæудзæн дарддæр дæр, йæ организатортæ план кæнынц проект рауæрæхдæр кæнын, уæлдай масштабон характер ын радтгæйæ. Преми «Æрфæны фæд»-æн ис цалдæр номинацийы.

Нæ республикæйы цæрджытæн сæ бон суыдзæн музыкалон мадзалмæ Ног азы æхсæвы 31 декабры «ИР»-ы телеканалыл  бакæсын. Уырны нæ, сæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæн æмæ дзы æхцондзинад кæй райсдзысты, уый.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.