Ирон литературæйы зиууæттæй, Мамсыраты Темырболатæй райдайгæйæ, алкæмæн дæр ис йæхи историон фæндаг.

Нæ литературæйы хосгæрсты фæтæны та цы ирон сылгоймæгтæ ис, уыдоны ʻхсæнæй нын бæрæгæй æрттивы, ирон адæм лæджы æмсæр кæй хуыдтой, ахæм сылгоймаг-фыссæг.

Уый Уырыймӕгты Езетхан уыд. Чырыстонхъӕуы Сатана, ирон ӕрдхӕрӕйнаджы сылгоймаг. Уый уыд Иры разагътайы сылгоймӕгтӕй, ӕвӕджиау курдиаты хицау, йӕ адӕмы ивгъуыд ӕнусты цард ӕмӕ уаг хорз чи зыдта, ахӕм адӕймаг, ахӕм фыссӕг.

Ирон нывӕфтыд литературӕйы историйы зынгӕ бынат ӕрцахста Езетхан куыд прозаик ӕмӕ драматург, публицист ӕмӕ арӕхстджын очерктӕ фыссӕг. Йӕ царды рӕсугъддӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕр бонтӕ бахардз кодта литературон куыстыл.

Езетхан райгуырдис 1905 азы 12 декабры Цӕгат Ирыстоны Чырыстонхъӕуы мӕгуыр зӕхкусӕг бинонты хӕдзары. Йӕ фыд Алимырзӕ мӕгуыр, ӕнӕзӕхх, цыбыркъух лӕг уыд, бинонтӕ бирӕ, сылрӕз хӕдзарвӕндаг уыдысты. Езетхан – ӕвдӕм чызг, уый ма куы райгуырд, фыд зӕрдӕдзурӕнты уӕд фӕцис. Ничи бацин кодта Езетханы райгуырдыл.

Алимырзӕ уыдис ӕнӕахуыргонд зӕхкусӕг лӕг, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ, зондджын адӕймаг. Ирон адӕмы хъӕздыг сфӕлдыстад хорз чи зыдта, ӕмӕ сын сӕ дзурынмӕ иттӕг аив чи рӕхст, ахӕм лӕг. Йӕ бирӕ сывӕллӕтты зымӕгон даргъ ӕхсӕвты ирхӕфста ирон аргъӕуттӕ ӕмӕ таурӕгътӕй, нарты диссаджы кадджытӕй. Ӕмӕ дызӕрдыггаг нӕу, уыдӕттӕ Езетханӕн егъау ӕххуыс кӕй фесты йӕ сомбоны литературон куыстӕн.

Езетханы царды, ахуыры фӕндӕгтыл бафтыдта йӕ фыды ӕфсымӕр Харитон, йӕ рӕстӕджы зындгонд ахуыргӕнӕг ӕмӕ публицист, революцийы сӕрыл тохгӕнӕг. Уый уыдис Ирыстоны къуымты рухсдзинад чи тыдта, уыдонӕй иу. Дзӕвгар азты ахуыргӕнӕджы куыст фӕкодта Заманхъулы, Бӕтӕхъойы хъӕуы ӕмӕ Беслӕны. Арӕх кодта йемӕ Езетханы, фӕцалх ӕй кодта уырыссаг ӕвзагыл, кӕцы йын фӕстӕдӕр ссис дыккаг мадӕлон ӕвзаг.

Харитоны фӕндыд йе ‘фсымӕры къух фӕрогдӕр кӕнын, йӕ бирӕ бинонтӕн ын истӕмӕй баххуыс кӕнын.

Езетхан фыццаг ахуыр кодта Чырыстонхъӕуы дыууӕкъласон дины скъолайы. Фӕцахуыр дзы кодта иу аз, стӕй йӕ Харитон ракодта Зилгӕйы скъоламӕ. Ам дӕр бирӕ нӕ фӕцахуыр кодта цардбӕллон чызг, ӕрцахстой Харитоны ӕмӕ Езетхан дӕр ӕрбаздӕхт сӕхимӕ. Уый уыдис 1916 азы.

Хуыздӕр раны нӕ бахаудтой Езетханы иннӕ хотӕ дӕр, сӕ фыд Алимырзӕ конд ӕрцыд Турчы фронтмӕ. Хӕдзар уӕд бынтон ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.

Октябры революци барӕвдыдта Алимырзӕйы хуызӕтты, ӕрхауд ӕм зӕхх ӕмӕ царды бартӕ, Езетханы барвыста Чырыстонхъӕуы райдиан скъоламӕ, уый фӕстӕ та Дзӕуджыхъӕуы ирон скъоламӕ.

Цард цыдис размӕ, фӕллойгӕнӕг адӕмӕн уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кодтой сӕ фӕндӕгтӕ. Цыдис царды асинтыл уӕлӕмӕ Езетхан дӕр. 1929 азы Езетханӕн сӕххӕст йӕ иууыл стырдӕр бӕллицтӕй иу – ссис Цӕгат Ирыстоны педагогон институты уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультеты студенткӕ. Езетханы рӕстӕджы уым куыстой зындгонд ахуыргӕндтӕ Л.П. Семенов, Б.П. Скитский, В.А. Васильев, Гӕдиаты Цомахъ. Езетхан уыдоны къухы райста ӕмбӕлон ахуырад ӕмӕ йӕ институт ӕнтыстджынӕй каст фӕцис 1932 азы.

Уӕрӕх фӕндӕгтӕ байгом кодта цардмӕ Езетханӕн литературон факультет. Ам бӕстон базонгӕ литературӕйы сусӕгдзинӕдтимӕ, Къостайы, Лермонтовы, Тургеневы, Л. Толстойы, М. Горькийы ӕмӕ ӕндӕрты хъӕздыг сфӕлдыстадимӕ.

Институты фӕстӕ кусын райдыдта ахуыргӕнӕгӕй сӕхимӕ Чырыстонхъӕуы.

Езетхан 1935 азы, Ленинграды уӕвгӕйӕ, базонгӕ зынгӕ уырыссаг фыссӕг Николай Тихоновимӕ. Тихонов рахатыд, Езетхан стыр курдиаты хицау кӕй у, уӕлдайдӕр ын йӕ романӕй цалдӕр сӕры куы бакаст, уӕд.

1937 азы Езетхан, йӕ царды уавӕртӕм гӕсгӕ, афтыд горӕт Минскмӕ, цыран дарддӕр кодта ахуыргӕнӕджы куыст.

Ирыстонмӕ ӕрыздӕхт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты азты ӕмӕ активон хайад иста знаджы фӕсчъылдым фидӕрттӕ аразыны хъуыддаджы. Уый ӕмрӕнхъ кодта йӕ литературон куыст дӕр. Фыдыбӕстӕйон хӕсты азты Езетханы егъау куыстыл дзурӕг у ӕндӕр хъуыддаг дӕр.

1942 азы Бакойы уӕвгӕйӕ, уый куыста ӕфсӕддонты сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны хистӕрӕй, ӕфсӕддон газеты уацхӕссӕгӕй. Уыцы уӕззау азты бацыд коммунистон партийы рӕнхъытӕм дӕр.

Цыбыр уыдысты Езетханы царды бонтӕ. Йӕ тӕккӕ сфӕлдыстадон куыстмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕй 50 аздзыдӕй атыдта уӕззау низ йӕ адӕм ӕмӕ йе ‘хсӕнадон-литературон куыстӕй. Уый уыдис 1955 азы.

Езетхан стыр курдиаты хицау уыд канд литературон куысты нӕ, фӕлӕ ма ирон царды, ирон ӕгъдӕутты. Уый уыдис диссаджы мад, диссаджы хӕдзарон ӕфсин, рӕсугъд уды хицау. Нафи йӕ мысинӕгтӕй иуы афтӕ зӕгъы Езетханы тыххӕй. «Ацыдыстӕм Езетханы хӕдзармӕ. Уым нын нӕртон фысым дӕр ӕмӕ кувӕг дӕр уыдис йӕхӕдӕг. Стӕй дзырддзӕугӕ кувӕг ӕмӕ арт-ӕмдых ӕфсин. Иудзырдӕй, Езетхан уыдис нӕртон курдиаты хицау литературӕйы дӕр ӕмӕ ӕрвылбонон царды дӕр».

Езетхан литературон куыстмӕ ӕрӕвнӕлдта 20 аздзыд чызгӕй, бӕлвырддӕрӕй та 1925 азӕй. Бирӕ фарстытӕ агайдтой ӕвзонг чызджы зӕрдӕ, бирӕ хъуыддӕгтӕ уыдта йӕ адӕмы царды, рӕгъмӕ рахӕссинаг чи уыд, ахӕмты. Ӕмбырд кодта ӕрмӕджытӕ, сагъӕс кодта йӕ адӕмы царды хорз традицитыл, адӕмы царды аппаринаг ӕгъдӕуттыл.

Йӕ фыццаг уацауыл нымад цӕуы «Тӕрсбӕлӕсты къох» («Чинаровая роща»), цыран автор сӕйраджыдӕр дзуры мидхӕсты азтыл. Уацмыс авторӕн кӕронмӕ фыст не ‘рцыд, нӕдӕр йӕ къухфыст баззад. Мыхуыр дзы цы скъуыддзаг ӕрцыд, уымӕй зын зӕгъӕн у, цас бацис авторӕн йӕ разы уӕвӕг хӕсыл фӕтых уӕвын, уый тыххӕй.

Бӕлвырд у уый, ӕмӕ та Езетхан уыцы темӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт фӕстӕдӕр йӕ уацау «Ӕнӕмӕлгӕ» («Бессмертие») фыссын куы райдыдта, уӕд. Автор ацы уацмысы дӕр хурмӕ нӕ рауагъта. Басыгъта йӕ ӕмӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодта, йӕ къухмӕ фыссӕнгӕрз кӕй нал райсдзӕн, уый тыххӕй.

Фӕлӕ та Уырыймӕгонӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууыд. 1938 азы ногӕй бавнӕлдта литературон куыстмӕ. Дзӕвгар ӕрмӕг ӕрымбырд кӕныны фӕстӕ ӕрхъавыд роман ныффыссынмӕ, схуыдта йӕ «Егъау хъысмӕт» («Большая судьба»). Зӕгъӕн ис, ардыгӕй кӕй райдыдта кусын йӕ зынгӕ трилоги «На встречу жизни»-йыл («Цардыл ӕмбӕлгӕйӕ»).

Зӕрдиаг куыст кодта Езетхан йӕ романыл, хаста йӕм ног фӕлгӕнцтӕ, лӕвӕрдта йын ног сӕртӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр, 1948 азы мыхуыры рацыд йӕ фыццаг чиныг «Ирӕттӕ» («Осетины»), кӕцыйы фӕстӕдӕр схуыдта «Цардыл ӕмбӕлгӕйӕ».

Роман «Ирӕттӕ»-йы фӕзынд стыр ӕнтыст уыд Езетханӕн. Уый у историон-революцион роман. Романы ӕвдыст цӕуынц мӕгуыр адӕмы тох сӕ бартыл, уынӕм дзы историон цаутӕ – дур-дуйрӕгты куыд сыстын кодтой сӕ зӕххытӕй 1902 азы, цинкзаводы кусджыты растад, Дзӕуджыхъӕуы бӕхджын дивизионы растад 1905 азы, цыран хайад истой Брытъиаты Елбыздыхъо ӕмӕ Тугъанты Батырбег. Уынӕм дзы мӕгуыр хъӕууон лӕппу Темыр йӕ цардӕй куыд фӕхауӕккаг, лӕджы бартӕ агургӕйӕ куыд ныллӕууыд абырӕджы фӕндагыл.

Романы реалон нывты ӕвдыст цӕуынц дзыллӕйы социалон царды цухдзинӕдтӕ. Романы сӕйраг хъайтартӕ Гуылӕрты Сӕниат ӕмӕ Ӕбайты Сафа сты тугцъиртӕ, бӕллынц кӕрӕдзийы сӕфтмӕ, фӕлӕ Сӕниатыл фӕстагмӕ уӕддӕр Сафа фӕтых ӕмӕ йӕ бабын кодта.

Ирон интеллигенцийы номӕй романы ӕвдыст цӕуы Сафайы фырт Владимир. Кӕд йӕ фыд ӕмӕ йе ‘фсымӕрты цардуагӕй разы нӕ уыд, уӕддӕр адӕмы не ‘мбары, сӕ уавӕр ӕм нӕ хъары ӕмӕ у фӕлурс фӕлгонц йӕ царды фӕндагыл.

Езетханы сфӕлдыстад егъау ӕмӕ къабазджын у. У дыууӕ радзырдты ӕмбырдгонды автор «Самое родное» («Иууыл зынаргъдӕр») – 1951 аз; «Ӕвдӕм фырт» («Седьмой сын») – 1965 аз. Арӕхстджын уыд Езетхан драматургийы фадыджы дӕр. 1948 азы фӕзынд йӕ зынгӕ комеди «Знатная невестка». 1949 азы фӕзынд йӕ пьесӕ «Знӕгтӕ». Автор ӕй сарӕзта йӕ роман «Навстречу жизни»-йы сюжеты бындурыл. Пьесӕ ӕнтыстджынӕй цыдис Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры драмтеатрты сценӕтыл. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ ирон сценӕйыл фӕзынд йӕ иннӕ пьесӕ «На восходе». Пьесӕйы дзырд цӕуы Ирыстоны историон цаутыл 1918 азы, уынӕм дзы дзыллӕйы тох советон хицауады сӕрыл.

Гъе, фӕлӕ йе сфӕлдыстады сӕйраг цӕджындз у йӕ трилоги «Навстречу жизни».

Стыр хӕс ӕвӕрдта автор йӕ разы ацы роман фысгӕйӕ. Йӕ фыццаг хайы нын равдыста 1901-1906 азты цаутӕ Ирыстоны. Дыккаг хайы нын хъавыд равдисынмӕ 1907-1924 азты Ирыстоны цы цаутӕ, цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, С.М. Кировы ӕрцыд, йӕ архайд Ирыстоны, фыццаг империалистон хӕст, Октябры революцийы фӕуӕлахизӕй суанг В.И. Ленины амӕлӕты онг.

Хъыгагӕн, ацы егъау фӕндтӕн – нывӕстытӕн се ‘мбис дӕр нал сӕххӕст кодта автор. Йӕ дыккаг чиныгӕй ма йын бантыст ныффыссын 34 сӕры, цыран уынӕм Ирыстоны царды ивындзинӕдтӕ 1907-1910 азты.

Ӕртыккаг хаймӕ бахӕссинаг уыд фыццаг фондзазонтӕ, фашистон Германы ӕрбабырст, Советон адӕмы фӕуӕлахиз.

Романӕй мыхуыры цы хӕйттӕ рацыд, уыдон дзурӕг сты Езетханы егъау курдиатыл, йӕ диссаджы арӕхстдзинӕдтыл. Роман бакӕсгӕйӕ Тихонов ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд: «Эта хрупкая на вид осетинка хотела поднять огромную тяжесть народного романа. Она хотела изобразить жизнь осетин за целые десятилетия… Мне хотелось слушать еще и еще – так увлекателен был рассказ, так драматично, искренне, сильно говорили и действовали выведенные ею люди. Она представлялась мне скульптором, который начал работу над гигантской глыбой и достиг того, что из камня уже проступают отдельные фигуры и профили, но сколько еще нужно терпения, дисциплины, труда, мучений, чтобы вся глыба ожила, претворилась в соединенную воедино толпу страдающих и борющихся людей».

Езетханы роман канд ирӕтты не ‘ркӕсын кодта йӕхимӕ. Стыр цинимӕ йыл сӕмбӕлдысты ӕндӕр нациты чиныгкӕсджытӕ дӕр.

Диссаджы хъӕздыг ӕвзаджы хицау уыд Езетхан. Уый фыста иронау дӕр, йе сфӕлдыстады фылдӕр хай кӕд уырыссагау ӕрцыд фыст, уӕддӕр дзы хъуысы ироны хъӕлӕс, уынӕм дзы ирон адӕмы змӕлд. Ӕмӕ йӕ раст зӕгъы Ю. Лебединский: «Канд фыссӕджы зӕрдӕ нӕ, фӕлӕ, ӕз кӕй нӕ зонын, уыцы адӕмы зӕрдӕ байгом мӕ разы».

Езетхан хорз зыдта йӕ адӕмы хъӕздыг фольклор, арӕхстджынӕй пайда кӕны ирон ӕмбисӕндтӕй. Куыд зӕгъӕм: «Цӕстӕнхъӕл чи нӕ уыд, уый ӕрфыг-ӕрфыг кодта»,«Донласт хуылыдзӕй нал тӕрсы», «Хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз», «Мӕгуыры дур хӕрдмӕ суры» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Езетханы зӕрды ма уыдис Ирыстоны номдзыд инӕлӕрттыл, уӕлдайдӕр та Плиты Иссӕ ӕмӕ Мамсыраты Хаджу-Муратыл (хорз зонгӕ уыд семӕ) аккаг уацмыстӕ ныффыссын, фӕлӕ йын уыцы ӕрмӕджытӕ дӕр баззадысты ӕнӕ бакуыстгондӕй.

Езетханæн йæ рæстæджы нæ «мæнтæгрæмудзæг» критиктæ йæ цæстмæ бадардтой иу хъуыддаг – иронау нæ фыссы.

Езетхан бирæ ирæттæй ирондæр кæй уыд, уый сын загъта мæстджынæй: « Цухъхъа дарын, уый нырма хохаг дæ, ууыл дзурæг нæу, дæ фыдæлты æвзагыл дзурыс, уый нырма ууыл дзурæг нæу, ды дæ нацийæ дæ, кæнæ дæ сæ культурæ аразæг …».

Мадæлон литературæ мадæлон æвзагыл рæзы, нæ фысджытæй æндæр æвзагыл чи фыста, Ирыстоны сæрыл карз тохты чи бацыд, уыцы фысджытæн нæдæр аппарæн ис, нæдæр сын ахуыры нывæстытæй сисæн ис.

Фæстаг рæстæджы, чиныг «Осетинские писатели» мыхуыры куы рацыд (2015), уæд раст банысан кодтой: «Произведения Е.Уруймаговой, написанные на русском языке, сохраняют яркий национальный колорит, отражают жизнь и дух осетинского народа».

Ахæм у йæ хъуыды Плиты Грисæн дæр Езетханы тыххæй:

 «… мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бирӕ ирӕттӕй ирондӕр у; йӕ удыхъӕд уыд ирон, ӕвдыста ирон удыхъӕд».

Езетханы бӕллицтӕ дардыл уыдысты. Кӕд ын се ‘ппӕт сӕххӕст кӕнын нӕ бантыст, уӕддӕр схызт ирон советон литературӕйы бӕрзонд къӕпхӕнмӕ.

Плиты Гацыр,

Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.