Олимпиадæмæ бауадздзысты «сыгъдæг» спортсменты

5-æм декабры Швейцарийы Лозаннайы дунеон Олимпион комитеты æххæстком аиуварс кодта Уæрæсейы Федерацийы 2018 азы Пхенчханы зымæгон Олимпион хъæзтыты хайад райсынæй. Уый тыххæй фехъусын кодта дунеон Олимпион организацийы президент Томас Бах.

Олимпиадæмæ уагъд æрцæудзысты æрмæстдæр «сыгъдæг» спортсментæ, кæцытæн хъæзтытæм сæ бауадзыны критеритæ сбæрæг кодта дунеон Олимпион комитет. Уынаффæ ист æрцыд хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн, цыран хайад райстой æххæсткомы 15 уæнджы. Æххæсткомы рабадты уæрæсейаг делегацийæ уыдысты Уæрæсейы Олимпион комитеты сæргълæууæг Александр Жуков, Хæдбар æхсæнадон антидопингон къамисы къухдариуæггæнæг Виталий Смирнов æмæ фигурон бырынæй дыууæ хатты Олимпион чемпионкæ Евгения Медведева.

Дунеон Олимпион комитеты æххæстком уынаффæ рахаста, цæмæй уæрæсейаг спортсментæй допингæй чи нæ пайда кодта, уыдон Пхенчханы Олимпиадæйы ралæууой нейтралон тырысайы бын. Уый фæдыл уынаффæ ист æрцыд дыууæ къамисы хатдзæгтæм гæсгæ Денис Освальд æмæ Самуэль Шмидты сæргълæудæй. Фыццаг къамис архайдта Сочийы Олимпион хъæзтыты хайадисджыты допинг-пробæты ногæй басгарыныл æмæ дыккаг та иртæста допингы махинациты уæрæсейаг чиновникты хайадист.  Ацы аз ноябры мæйы 2014 азы Сочийы хайадисæг Уæрæсейы æмбырдгонд командæйæн фæстæмæ байстой 10 майданы. Афтæмæй иумиагкомандон хыгъды ко-мандæ фесæфта фыццаг бынат.

Уыимæ Уæрæсейы вице-премьер Виталий Мутко цæрæнбонтæм иуварс æрцыд Олимпион хъæзтыты хайадистæй. Ахæм санкцитæ ист æрцыдысты спорты министры раздæры хæдивæг Юрий Нагорныймæ ахасты дæр. 2014 азы Сочийы Олимпион æмæ Паралимпион хъæзтыты оргкомитеты сæргълæууæг Дмитрий Чернышенко дæр рацух æрцыд 2022 азы Пекины Олимпиадæйы координацион къамисы скондæй.

Дунеон Олимпион комитеты ацы уынаффæйы тыххæй базонгæйæ, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутаттæ, политологтæ æмæ зындгонд спортсментæ уæрæсейаг каналты алыгъуызон ралæвæрты уынаффæ кодтой нейтралон тырысайы бын Олимпиадæйы хайад райсын хъæуы æви нæ, ууыл. Дискусситы хайадисджыты сæ фылдæры хъуыдымæ гæсгæ, æнæ Уæрæсейы Паддзахадон гимн æмæ тырысайæ нæ хъæуы Олимпиадæйы хайад райсын. 12-æм декабры ацы ахсджиаг фарстыл уынаффæ кæндзæн Уæрæсейы Олимпион совет. Уæд скъуыддзаг æрцæудзæн Олимпиадæйы уæрæсейаг спортсментæ нейтралон тырысайы бын хайад райсдзысты æви нæ, уый.

 

Саакашвили фыртасæй йæ галстук баууылдта киевы дæр

5-æм декабры та радон хатт йæхимæ дунейы æркæ-сын кодта Гуырдзыстоны раздæры тугмондаг президент Михаил Саакашвили. Уымæ 9-æм уæладзыджы йæ фатер-мæ бацыдысты Украинæйы спецназы кусджытæ æмæ йæм мидæмæ никæйы уагътой. Уæд уый куыддæрты схызт бирæуæладзыгон корпусы уæлхæдзармæ æмæ уырдыгæй фæсидт йæ фарсхæцджытæм, зæгъгæ, мах хъуамæ сæ бынæттæй раппарæм Порошенко æмæ иннæ абырджыты æмæ афтæмæй бахъахъхъæнæм Украинæйы æнæхъæндзинад. Куыд гæ-нæн ис æмæ сæрхъæн Саакашвили Уæрæсейы кой ма скæна, уый сын амынды хуызæн у. Уый загъта, зæгъгæ, дам, Порошенко æххæст кæны Путины хæслæвæрд «Московский план русской зимы», – зæгъгæ.

2008 азы августы хæстæй цалдæр боны фæстæ, хæдтæ-хæджы хъæрæй Гуры чи фæ-тарст æмæ йæ хъахъхъæнджыты бынæй тæппуд тæрхъусы каст чи кодта, уыцы Саакашвили æцæг лæгау барт-хъирæн кодта, зæгъгæ, йæ исчи æрцахсынвæнд куы скæна, уæд йæхи раппардзæн уæлхæдзарæй. Фæлæ йæ ныхас нæ сæххæст кодта, уæлхæдзармæ йæм куы схызтысты æмæ йын йæ къухтыл хъадамантæ куы ‘рбакодтой, уæд. Спецназы кусджытæн нæ бантыст йæ акæнын. Машинæйы раз æрлæууыдысты йæ фарсхæцджытæ æмæ йæ дыууæ сахаты фæстæ ссæрибар кодтой. Уый Украинæйы тырыса йæ хъуырыл æртыхта, афтæмæй митинггæнджыты разæй цыд æцæг хъайтарау.

Политологтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Саакашвилийы режиссер у АИШ æмæ сын æххæст кæны сæ хæслæвæрдтæ. Йæ фарсхæцджытимæ цатыртæ сæвæрдтой Верховная Радайы раз æмæ уым арвыстой се ‘хсæв дæр. Гуырдзыстоны раздæры лыгъд президент адæмы раз ныхас кæнгæйæ, загъта,      зæгъгæ, дам, мæнæ ацы хъадаманты уый хъуамæ бакæна Порошенкойы къухтыл.

Украинæйы генералон прокурор Юрий Луценко уголовон хъуыддаг бакодта Саакашвилийы фæдагуырдмæ радтыны тыххæй. Ам мæ зæрдыл æрлæууыд ирон æмбисонд, чидæр, дам, арс уыдта æмæ, дам, ын йæ фæд агуырдта… Сæрхъæн Саакашвилийы   хъуыддæгтæ цæуыл фæуыдзысты, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.