Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Европæ æмæ Централон Азийы фæдыл Сырх Дзуары Дунеон Комитеты операцион архайды координатор Эрик Даниель  Буннског æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Миссийы сæргълæууæг Ашот Астабацяны.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты барадон статус сбæрæг кæныны афтæ ма социалон фадыджы хуссарирыстойнаг æнгæс ведомствотимæ Сырх Дзуары Дунеон Комитеты æмгуысткæнынады фæдыл.

Бибылты Анатоли, уазджытæн æгасцу зæгъыны фæстæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны стыр куыст цæуы социалон фадыджы рæзты æмæ æмбæстæгтæн алыгъуызон æххуыс бакæныны тыххæй. Сæрмагондæй дзырд цыд республикæйы сывæл-лæтты пособитæ фæфылдæр кæныныл æмæ æмбæстæгты куыстмыздтæ æмæ пенситæ фæцæрæн минимумæй  фæфылдæр кæныны плæнтты фæдыл.

Бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организацитæ æмæ иуæй-иу политикон партиты номыл, кæцытæ сæхимæ райстой бæрæг социалон хæслæвæрдтæ  вазыгджын цардуагон уавæрты бахауæг адæймæгтæн баххуыс кæныны фæдыл.

«Мах фылдæр кæндзыстæм, социалон фарстаты фæдыл нæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нын бантысдзæн стыр куыст бакæнын æмæ серьезон æмвæзадмæ схизын. Уæд нæ бон зæгъын уыдзæн, иу кæнæ дыууæ азы размæ куыд уыд, уымæй паддзахад ноджы социалондæр кæй ссис», – банысан кодта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæвæрттæ дæр сæ рады æвæрццаг аргъ скодтой паддзахады æрдыгæй æмбæстæгтæн социалон æххуыс бакæныны процессы рæзтæн æмæ ныфс бавæрдтой уыцы фадыджы æмгуысткæнынад сфидар кæныны тыххæй.

«Мах нæ сæйраг нысан уынæм уый мидæг, цæмæй нæм ныртæккæ цы позитивон куыстытæ æмæ фæлтæрддзинад ис, уыдон иу-уылдæр баиу кæнæм  æмæ бакусæм ахæм стратегийыл, кæцы нын фадат ратдзæн ацы фадыджы фылдæр партнерон ахастытæ саразынæн», – загъта Ашот Астабацян.

Йæ рады Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстаты стыр нысаниуæг ис Сырх Дзуары Дунеон Комитет æмæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады иумиаг куыстæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты барадон статус сбæрæг кæныны фарстмæ рахизгæйæ,  Эрик Даниэль Буннског банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд азæй фæстæмæ ацы темæмæ ис стыр хъусдард здæхт.

«Нæ сæйраг нысан уый у, цæмæй нын нæ барадон статус фадат дæтта къорд практикон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн, кæцытæ абоны бон цæлхдур сты нæ архайдæн. Зæгъæм, банчы хыгъды техникон фарст æмæ нæ кусджытæн социалон ахынцынæдтæ. Ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн цæмæй фæндæгтæ ссардæуа, уый  тыххæй мах цæттæ стæм диалогмæ», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæджы зæрдæмæ фæцыд ацы хъæппæрис æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты барадон статус сбæрæг кæныны фарст раджы хъуамæ æрцыдаид скъуыддзаг, уымæн æмæ уый тыххæй ницы объективон цæлхдуртæ ис.

«Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй чи кусы, уыдон пенсийы ацыдæй фæстæмæ ма хъуамæ баззайой æнæ хъусдардæй, уыдонæн хъуамæ цæуа куысты стаж. Сырх Дзуары Дунеон Комитеты кусгæйæ, уыдон хъуамæ уой, цы ‘хсæнады цæрынц, уый хай, хъуамæ сын арæзт цæуа хъалонты ахыгъдтæ  Пенсион фондмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уыцыиу рæстæджы ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, Сырх Дзуары Дунеон Комитет у ахæм организаци, кæцы ис политикæйæн æддейæ, æмæ ацы фарстæй иппæрд хъуамæ æрцæуой политикон цæстæнгастæ.

«Политикон аспектты хъуыддаджы проблемæтæ сæвзæрынæн фадат куы уа, кæцытæ баст сты æмарæн бæстæты Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайдимæ,  сæрмагондæй та мах  куы нымайой Гуырдзыстонæй Сырх Дзуары Дунеон Комитеты филиалыл, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл мах никуы сразы уыдзыстæм æмæ иумиаг æвзаг дæр не ссардзыстæм. Махмæ æрмæстдæр уæвæн ис, Уæрæсейы Федерацийы чи кусы, уыцы Сырх Дзуары Дунеон Комитеты филиалы вариантæн», – загъта уый.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæ-вæрттæ фидарæй загътой, зæгъгæ, ахæм проблемæйæн уæвæн нæй æмæ Сырх Дзуары Дунеон Комитеты барадон статус сбæрæг кæ-нынæн политикон аспекттимæ ницы бастдзинад ис.

«Ацы ныхæстæ мæнæн æхсызгон сты, æмæ уемæ разы дæн, ацы фарстмæ æнæхъæнæй дæр прагматикон æмæ практиконæй бацæуын кæй хъæуы, уый тыххæй, никæй фæнды политикæйы бæстон аныгъуылын», – загъта  Эрик Даниэль Буннског.

Фембæлды кæрон Ашот Астабацян куыд загъта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Миссийы ног сæргълæууæджы бынаты кусы мæйы бæрц. Уый банысан кодта республикæйы цæрджыты æмæ хуссарирыстойнаг партнерты æрдыгæй хъарм ахаст, загъта, ныфс æй кæй ис дарддæры нысаниуæгджын æмгуысткæнынадæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.