Бибылты Анатолийæн уыд пресс-конференци Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры. Фыццаджы уал бæстæйы сæргълæуæг бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта,  26 азы размæ уæззау, хæстон уавæрты Хæдбардзинады акт райсгæйæ, республикæйы хæдбардзинадæн фидар бындур цы депутаттæ æрæвæрдтой, уыдонæн, афтæ ма Хуссар Ирыстоны адæмæн, кæцытæм уыйбæрц быхсынад æмæ фæразондзинад разынд æмæ ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй 2008 азы  августы онг кæд  хъизæмайраджы цард кодтой, æдзух хæстон уавæры уыдысты, уæддæр бафæрæзтой æмæ 2008 азы 26 августы, республикæйы хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уæд сæрибарæй сулæфыдысты. Президент уыцы азты схуыдта нæ паддзахады арæзтады, Хуссар Ирыстоны хъайтарон азтæ, уыцы депутатты – адæмон хъæбатыртæ,  Хæдбардзинады акты та – историон документ.

«Хæдбардзинады акт у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады иууыл ахсджиагдæр историон документ. Уый, æцæгæйдæр, у  нæ республикæ паддзахаддзинады сæйраг бындур», – банысан кодта Президент.

Æцæгæй дæр, уыцы рæстæджы уыцы акт райсын уыд тынг зын. Иуæй уый,  æмæ гуырдзиæгтæ куы базыдтой, ирæттæ сесси ауадзынвæнд кæнынц, уæд алыгъуызон хæцæнгæрзтæй интенсивонæй æхсын райдыдтой горæт, фæлæ уый нæ басаста нæ депутатты. Уыимæ иумæ ма зын уыд депутатты æрæмбырд кæнын дæр, фæлæ сæ æрæмбырд кодтой, æгæрыстæмæй дзы кæйдæрты æркодтой Дзæуджыхъæуæй дæр. Афтæмæй патриотизм фæуæлахиз.

Президент раарфæ кодта 28-29 майы сæ сырæзты бон цы министрадтæ нысан кæнынц, уыдонæн, афтæ ма республикæйы арæнхъахъхъæнæг æфсæдтæн дæр, 28 майы УФ-йы арæнхъахъхъæнæг æфсæдты сырæзтыл 100 азы  кæй сæххæст, уый цытæн. Бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй «ССР Цæдисы арæнхъахъхъæнæг æфсæдты сконды службæ кодтой РХИ-йы æмбæстæгтæ дæр. Абон та нæ арæнхъахъхъæнджытæ æмæ УФ-йы арæнхъахъхъæнджыты ‘хсæн ис æнгом бастдзинæдтæ».

Дарддæр Бибылты Анатоли радзырдта, Санкт-Петербурджы экономикон форумы фæлгæтты РХИ-йы делегацийæн цы фембæлдтытæ уыд æмæ йын цы бантыст саразын, уыдоны тыххæй. Фембæлдтытæ иууылдæр уыдысты ахсджиаг æмæ Республикæйæн æнæмæнгхъæуæг, куыд экономикон, афтæ политикон фадыджы дæр. Иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг та уыд, Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министрадимæ «Акцитæ æлхæнын-уæй кæныны уавæрты æмæ Гом акционерон æхсæнад «Газпром  Хуссар Ирыстон»-ы архайды тыххæй»  сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Сразыдзинады фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны районтæ ифтонг æрцæудзысты  æрдзон газæй.

«Ацы сразыдзинадмæ рагæй æнхъæлмæ кастыстæм æмæ йыл ныр къухтæ фыст æрцыд. Ныр райдайдзысты конкрентон здæхтыты куыстытæ, кæцытæ нæ æркæндзысты газуадзæны хызæджы арæзтадон куыстыты райдайынмæ. Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министримæ уынаффæ цыд Хуссар Ирыстонмæ  электроифтонгады резервон хахх рауадзыныл дæр.  Июны райдианы Хуссар Ирыстонмæ æрцæу-дзысты УФ-йы энергетикæйы министрады минæвæрттæ, уыдон æрæвналдзысты Хуссар Ирыстоны электрохызæджы уавæр сахуыр кæнынмæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй абон нæхæдæг дæр хъуамæ бацæттæ кæнæм, цы документаци хъæуы,  уыдон. Июлы мæйы нæ республикæмæ æрцæудзæн «Газпром»-ы правленийы сæрдары хæдивæг æмæ уæрæсейаг специалисттæ цы хатдзæгтæ саразой, уыдонмæ гæсгæ бæлвырдæй зондзыстæм, дарддæр нæ цы къахдзæфтæ аразын хъæуы, уыдон.

Президент фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы районтæ газæй сифтонг кæныныл кусын райдайдзысты 2019 азы.

Транзитон фæндаджы тыххæй та бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, ацы фарстыл дзырд цæуы æрвылбон дæр.

«Чифæнды цыфæнды ма дзура, уæддæр нæ республикæйы уыцы фæндагыл кусдзысты, куыд цымыдисгæнæг фарс, афтæ. Мах фæнды, цæмæй уыцы фæндаг гом æрцæуа. Уыцы фæндаг хъæуы æрмæст Гуырдзыстоны нæ, фæлæ Сомихстоны, Азербайджаны, Турчы, Ираны, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны фæндаг бирæ хуыздæр æмæ æдасдæр у Ларсы фæндагæй. Мах цæттæ стæм йæ байгом кæнынмæ, æрмæст нæ республикæ хъуамæ уа сæйрагдæр фæрсты нымæцы», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Форумы уынаффæ цыд политикон фарстатыл дæр. Президент фембæлд Сербаг Республикæйы Президент Милорад Додикимæ.

«Додикимæ мах уынаффæ кодтам, нæ республикæты ‘хсæн цы бадзырд арæзт æрцыд, уым нысан цы фарстатæ ис, уыдоныл, банысан кодтам, дарддæр цы къахдзæфтæ хъуамæ саразæм культурон æмæ политикон фадгуыты, уыдон», – банысан кодта Президент.

Дарддæр Бибылты Анато-ли дзуаппытæ лæвæрдта журналистты фарстатæн.

Хуссар Ирыстонмæ «Газпром»-ы акциты тыххæй, Президент куыд радзырдта, афтæмæй кæд гом акционерон æхсæнад «Газпром»-ы акциты 25 проценты уыдысты Хуссар Ирыстонмæ, уæддæр дзы республикæйы бюджетмæ æппындæр ницы æфтиаг цыд.

“Газпром” цы хъалонтæ фыста, уыдон нивелиргонд цыдысты, растдæр зæгъгæйæ та, фактон æгъдауæй, мах сæфтам хисæрмагонд æфтиæгты 30 проценты. Уый мæнмæ раст нæ каст æмæ Президент куы сдæн, уæд ацы фарсты фæдыл   иу афæдзы дæргъы бадзырдтæ уагътон «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ. Уый мæ бамбæрста иу ныхасæй, æмæ мын загъта, зæгъгæ, ацы фарст аскъуыддзаг кæндзыстæм», – загъта Президент æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы республикæ хъуамæ фесæфтаид 360 милуан сомы бæрц.

Цалынмæ «Акцитæ æлхæнын – уæй кæныны уавæрты æмæ Гом акционерон æхсæнад «Газпром  – Хуссар Ирыстон»-ы архайды тыххæй»  сразыдзинадыл къухтæ бафыстæуыд, уæдмæ «Газпром –  Хуссар Ирыстон»  иу сом дæр  нæ иста æфтиаг.  Фæлæ Хуссар Ирыстонмæ цы акцитæ уыд – 25 проценты, уыдон УФ «Газпром»-æн радтгæйæ, республикæ райсдзæн 2 миллиард сомы инвестицитæ.

«Цæмæй республикæйы районты æрдзон газæй сифтонг кæнæм, уый тыххæй, мæнмæ гæсгæ, махæн ахсджиагдæр у инвестицитæ райсын. 25 проценты акцитæ куы нæ радтаиккам, уæд та «Газпром» цы проект аразынвæнд кæны, уырдæм хъуамæ бахастаикком 500 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ та махмæ нæй», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Журналистты цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны территорийыл  Фæскавказы республикæтæм газы транзиты фарст дæр.

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй нæ республикæйы территорийыл транзитæй газ цæуа æндæр республикæтæм, уый тыххæй аразын хъæуы хицæн сразыдзинад. Абоны бон газы транзит Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы бадзырдон ахастыты объект нæу.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны куыст цæуы туризм райрæзын кæныныл.

«Тагъд нæ республикæмæ æрцæудзысты Уæрæсейы Федерацийæ специалисттæ, цæмæй бынаты бабæрæг кæной æмæ сахуыр кæной туризмы рæзты варианттæ. Мах сын фенын кæндзыстæм, туризмæн республикæйы цы фадæттæ ис, уыдон. Æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны рæсугъд æрдз æмæ бынæттæ æнæхъусдард ма уой, æмæ дзы цæмæй куыд Ирыстоны адæм, афтæ æндæр бæстæты адæмтæ дæр сæ фæллад уадзой. Туризмы перспективон здæхтытæй, мæнмæ гæсгæ, гæнæн ис, суа хæххон лыжæтыл туризм», – банысан кодта Бибылты Анатоли æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фæнд цæуы Цæгат Кавказы туристон кластеримæ æмгуыст кæнын.

Дарддæр Президент радзырдта, форумы ку-луарты цæуыл дзырд цыд, уый тыххæй дæр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй бирæ бæстæтæ тынг кæсынц ныгуылæны цæстæнгасмæ, фæлæ политикон позицитæй дарддæр ис адæймагон позицитæ дæр. Уыдон æмбарынц, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны  ныхмæ хæст Гуырдзыстон кæй райдыдта.

«Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ кæй æрбабырста, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийæн æндæр гæнæн нæ уыд æмæ Гуырдзыстоны тыхæй æркодта сабырадмæ. Нæ республи-кæйы территорийыл уыдысты Уæрæсейы фидауынгæнджыты контингент, уыимæ ма Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ æмæ Уæрæсе нæ бауагъта Саакашвилийы се скуынæг кæнын æмæ сæ бахъахъхъæдта.  Ууыл æргомæй дзырд цыд форумы кулуарты дæр. Абон политиктæ уый тыххæй кæд  кулуарты дзурынц, уæд искуы зæгъдзысты рæстдзинад дæр. Уыцы хæсты тыххæй рæстдзинад загъта, Гуырдзыстоны  уæды хицауады сконды уæвæг  госпожа Бурджанадзе, ома хæст райдыдта Саакашвили. Ахæм адæймæгтæ фылдæрæй фылдæр кæнынц куыд Гуырдзыстоны, афтæ Евроцæдисы бæстæты дæр», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.