Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æрæджы кусæгон балцы уыд Мæскуыйы. Бæстæйы сæргълæууæгæн фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ, «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ æмæ æндæр къорд ахсджиаг фембæлды.
Мæскуымæ кусæгон балцы фæстиуджытыл æрдзурыны нысанæн Тыбылты Леонидæн уыд пресс-конференци республикæйы дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттимæ.
Пресс-конференцийы райдианы Тыбылты Леонид ныфс бавæрдта, Мæскуыйы уæвгæйæ йын цы куыст бантыст, уый æмбæлон æгъдауæй адæммæ кæй фæхæццæ уыдзæн информацион фæрæзты руаджы — уыдон сты бæстæйы райрæзт æмæ размæцыды ахсджиаг здæхæнтæ.
Бæрзонд æмвæзадыл фембæлд Тыбылты Леонид банымадта дыууæ бæстæйы æнгом ахастыты æвдисæгыл. Уыцы ахастытæ ныртæккæ сты гъæдджын, бæрзонд. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уый у сæрыстыр уыцы ахастытæй æмæ сæ дарддæр фидар æмæ рæзын кæндзысты.
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлдыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, уый кæй ацыд хъарм, хæларадон æмæ кæрæдзи æмбарыны уавæрты.
«Уæрæсейы Федерацийы сæргълæууæг Владимир Путин хорз зонгæ у Хуссар Ирыстоны хъуыддæгтимæ æмæ сæм лæмбынæг йæ хъус дары, кæддæриддæр цæттæ у нæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ. Мæнæн æхсызгон уыд Владимир Путин кæй фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн æххуыс кæнынц æмæ дарддæр дæр æххуыс кæндзысты ницæмæ кæсгæйæ.
258-4
Ныры дуджы Уæрæсе дæр æмбæлы къорд зындзинæдтыл — бирæ бæстæтæ алы здæхтыты йæ ныхмæ бакодтой санкцитæ, æмбæлы финансон къуылымпыдзинæдтыл. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, дыууæфарсон æмгуыстады æмвæзад кæны бæрзондæй-бæрзонддæр. Æмæ йæхимæ цы хæстæ райста Уæрæсе, уыдон æххæст кæны. Уый хауы, цы финансон æххуыс цæуы Хуссар Ирыстонмæ, уымæ дæр. Нæ территорийыл цы объекттæ арæзт цæуы, уыдон фæдыл ницахæм бюджетон фæрæзты хъуагдзинад бахынцæн нæй. Уый фæдыл ноджыдæр бузныг зæгъæм УФ-йы уæлдæр къухдариуæгад æмæ адæмæн», — дзырдта Тыбылты Леонид.
Бæстæйы сæргълæууæг ма æхсызгонæй банысан кодта уый дæр, æмæ Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы цы фарстытæ банысан кодта — нæ бæстæйы ахастытæ райрæзын кæнын, бæстæйы хицæн проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын — иууылдæр сын лæвæрд кæй æрцыд Уæрæсейы къухдариуæгады ’рдыгæй æвæрццаг дзуапп. Уыдонæн, зæгъгæ, хъæуы стыр аргъ кæнын.
УФ-йы къухдариуæгад хорз аргъ скодта, Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл сæйраг бадзырды уæлæмхас сразыдзинæдтыл цы куыст бакондæуыд, уымæн. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ уыцы уæлæмхас сразыдзинæдтыл стыр куыст æрцыд æмæ сæм уæрæсейаг коллегæтæ аздæхтой æмбаргæ ахаст, ома сыл хъæуы кусын æмæ дыууæфарсонæй уынаффæтæ рахæссын. Уыцы сразыдзинæдтæ хорзæрдæм хъуамæ бандавой нæ адæмы цардыл.
Дыууæ бæстæйы паддзахады сæргълæууæджы фембæлды рæстæджы дзырд цыд экономикон фадыджы фарстатыл. Владимир Путин йæ ныхасы банысан кодта, кæй хъæуы фæфылдæр кæнын базарады гуырахст Уæрæсеимæ. Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый нысан кæны афтæ, æмæ бынаты хъуамæ кусæм бæрæг продукци рауадзыныл, цæмæй товарæрзылд фылдæр кæна æмæ æрласгæ товартæй ма пайда кæнæм.
Бацæуæн ныхасы фæстæ пресс-конференци уагъд цыд фарст æмæ дзуаппы хуызы.
— Бæрзонд æмвæзадыл фембæлдæй информацион фæрæзты æвдыст цæуы æрмæстдæр йæ протоколон хай. Дарддæр та?
— Бирæ хабæрттæ, уыцы нымæцы кæрæдзийæн лæвæрттæ бакæнын дæр.
— Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджыты нымæц къаддæр æрцæудзæн?
— Мæ зæрдыл æрлæууы, 24 октябры 2012 азы нын цы фембæлд уыд Владимир Путинимæ, уый. Уæд дзырд цыд нæ æфсæддон ведомствойы фарстытыл. УФ-йы уæды Хъахъхъæнынады министр Анатолий Сердюковимæ нын уыд уæззау бадзырдтытæ, кæцы сарæзта хъусынгæнинаг, ома, ист æрцыд уынаффæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады нымæц 250 службæгæнæджы онг æркæныны тыххæй.
Уый фæстæ Владимир Путины коллегæтимæ архайды руаджы фарст бæстон æрцыд æндæр хуызы — РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад бæлвырд æрцыд 800 службæгæнæджы скондæй.
Ацы аз февралы мæйы кæрон нæ кусæгон къорд Æдасдзинады советы нымæрдар Плиты Анатолийы сæргълæудæй хорз бакуыстой УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттимæ æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ — бадзырдмæ гæсгæ хицæн дæлхæйттæ УФ-йы Гарзджын тыхтæм кæй хизынц, уый дзуапп нæ дæтты уæвæг закъондæттынадæн, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийæн.
Ныртæккæ Хъахъхъæнынады министрады нымæцыл нырма ницы дзурæм, сæйраг нæ къухты цы бафтыд, уый у, нæ Гарзджын тыхтæ кæй уæвынад кæндзысты, куыд сты, афтæмæй æмæ нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты чи службæ кæны, уыдон Уæрæсейы Гарзджын тыхтæм ракæныны хъуыддагмæ дæр æркастæуыдзæн.
Нæ бæстæйы Хъахъхъæнынады министрад баззайдзæн æви нæ? — уымæн та æз афтæ сдзуапп кодтон — РХИ-йы ацы министрад, куыд паддзахадон орган, афтæ уæвынад кæндзæн æмбæлон дæлхæйттæ æмæ управлениимæ.
— «Газпром»-ы управленийы сæрдар Алексей Миллеримæ фембæлдæн хорз фæстиуæг уыдзæн республикæйы районтæ газификаци скæныны хъуыддаджы?
— Уый у хъæуты проблемон фарст. Ацы фарстыл дзырд цыд Владимир Путинимæ. Уый бахæс кодта Алексей Миллерæн æмæ УФ-йы Энергетикæйы министр Александр Новакæн, цæмæй æркæсой, цы фыстæг ныффыстон Владимир Путинмæ республикæйы районтæ газификаци скæныны тыххæй, уымæ. Ацы фарсты фæдыл Алексей Миллерæн фембæлд хъуамæ уа Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ.
Генералон схемæмæ гæсгæ 2019 азмæ 124 цæрæн пункты æрцæудзысты газификаци.
«Газпром»-ы хайады сæргълæууæг Валери Голубевимæ нæ фембæлды рæстæджы бадзырдтам æмæ апрелы мæйы Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзысты æмбæлон специалисттæ æмæ бынаты фендзысты, цы куыстытæ райдайын хъæуы, уый. Иу ныхасæй, районты газификацийы хъуыддагмæ æрæвнæлдæуыдзæн ацы аз. Сæйраг у, кæй нын ис газификацийы фæдыл генералон проект, æмæ цы куыстытæ кæндзысты, уыдон уыдзысты «Газпром»-æн йæхи фæрæзтæй.
Уыцы куыст цæудзæн дыууæ этапæй. Фыццаг — 2019 азмæ. Уый, мæнмæ гæсгæ, фæахъаз уыдзæн хъæутæ райрæзын кæнынæн.
— Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыныл?
— Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл бакусын хъæуы, юридикон нысан кæмæн ис, ахæм фарстытыл. 1992 азы цы референдум уагъд æрцыд Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл, уым Хуссар Ирыстоны цæрджытæ равдыстой сæ разыдзинад, 2006 азы референдумы та адæм равдыстой сæ фæндон — Гуырдзыстонæй хæдбар республикæйы цæрын. Уымæ гæсгæ ивгъуыд аз 19 октябры æз фехъусын кодтон референдум ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад. Ацы фарстыл юридикон æгъдауæй хъæуы ахъуыды кæнын, Конституцийы 10-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссын. Цæмæн дзы хъæуы бахæссын уыцы ивындзинæдтæ? Цæмæй бæстæйы сæргълæууæгæн бар уа æмæ бахата УФ-йы Президентмæ иу цæдисон орган саразыны фæдыл, кæцымæ адæттæн уыдзæн хисæрмагонд бартæ. Æмæ ацы хъуыддагыл дзырд цыд Владимир Путинимæ. Ам æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ æмæ уыдон Хуссар Ирыстоны мидæггагон фарстытæ кæй сты, уымæ гæсгæ цæттæ кæндзыстæм нæхи референдуммæ.
— Ныртæккæ Хæххон Хъарабахы уавæр у æндыгъд. Цахæм æххуыс цæудзæн бахъуаджы рæстæджы ацы бæстæйæн?
— Хъыгагæн, ацы бæстæйы кусынц ныртæккæ деструктивон тыхтæ, ныридæгæн дзы ис удзиæнттæ дæр.
Хæххон Хъарабахимæ махæн хæларадон ахастытæ ис, æмæ ныртæккæйы уавæр мах дæр мæты æппары. Дунеон æмæхсæнад, УФ-йы къухдариуæгад æмæ æндæр бæстæтæ дæр хатынц, цæмæй урæд æрцæуой уыцы æфсæддон архæйдтытæ.
Хуссар Ирыстон дæр Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уылты равдыстам тыхстдзинад, сæ фарсмæ лæудзыстæм, ноджыдæр сараздзыстæм по-литикон хъусынгæнинаг. Ныфс нæ ис æмæ физикон хайадист нæ бахъæудзæн уыцы бæстæйы.
— Гуырдзыстоны фарстыл дзырд цыд фембæлды рæстæджы?
— Æппындæр нæ. Æрмæстдæр пресс-конференцийы рæстæджы Владимир Путин банысан кодта, ацы бæстæимæ æмгуыстад кæй цæуы Женевæйы дискусситы фæлгæтты.
Уыцы куыстæн æвæрццаг аргъ скодта Владимир Путин æмæ сын, зæгъгæ, ис фæстиуæг, хъæуы сæ дарддæр кæнын.
— Уæрæсеимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд реализаци кæныны хъуыддаджы ис бюджетон сферæйы кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны хъуыддаг.
— Ацы фарст хорз фарст у æмæ цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ республикæйы къухдариуæгад серьезон ахаст дары. Ныртæккæ Уæрæсеимæ Бадзырд йæ реализаци кæныны къæсæрыл ис, æмæ уæлæмхас сразыдзинæдтыл æмхуызон куыст цæудзæн. Уыцы уæлæмхас сразыдзинæдтыл куыст цæудзæн мидæггагон паддзахадон æгъдауæй æмæ уый фæстæ хайгай æрæвналдзыстæм æппæт паддзахадон структурæты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынмæ, уыцы нымæцы информацион фæрæзты минæвæрттæн дæр. Уымæ гæсгæ нæ ныфс ис, ацы аз нын кæй бантысдзæн куыстмыздты бæрц фæфылдæр кæнын.
— Мæскуыйы кусæгон балцы рæстæджы уын уыд къорд фембæлдтытæ уæрæсейаг бизнесментимæ, кæцытæ, гæнæн ис æмæ суой республикæйы инвестициты бындур?
— Фембæлд мын уыд фирмæ «Белая дача»-йы генералон директор Виктор Семеновимæ. Уый фæлтæрд специалист у хъæууон хæдзарады хъуыддаджы, уыд Хъæууон хæдзарады министр дæр.
Виктор Семенов ныридæгæн уыд Знауыр æмæ Ленингоры районты. Йæ фирмæйы специалисттæ ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстоны мæр æмæ æрдзон уавæртæ.
Цæмæй куыстмæ иумæ æрæвналæм, уый тыххæй нын ис хорз зæрдæйыуаг. Уыдоны куыстæн мах хъуамæ саразæм æмбæлон уавæртæ. Инвесторы хъуамæ бауырна, республикæйы криминогенон уавæр сабыр кæй у, куыстæн уавæртæ арæзт кæй æрцыд. Хуссар Ирыстоны инвестицийы пайдайæн уæрæсейаг бизнесменты тыххæй уæлæмхас аргумент у Уæрæсеимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд бафыссын, кæцы гаранти у хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады бæрзонд æмвæзадæн.
Мæн уырны, æмæ инвестортæн мах сараздзыстæм æмбæлон уавæртæ.
Мах æнхъæлмæ кæсæм бизнесменты æрцыдмæ. Уыдонимæ кусы Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæварад дæр.
Пресс-конференцийы рæстæджы ма Тыбылты Леонид лæмбынæг дзуаппытæ радта информацион фæрæзты алыфарсон фарстытæн — цæрæн фатертæ куыд æмæ цахæм фæткмæ гæсгæ лæвæрд цæудзысты тыхст æмбæстæгтæн, экологимæ хауæг фарстатæ, хъæууон хæдзарад сæндидзын кæныны фæдыл проекттæ реализаци кæныны мадзæлттæ æмæ, цы президентон æвзæрстытæ æрæввахс кæнынц, æппæт уыдæттæ.
КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.