Фыццаг хатт Цхинвалы спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд дунеон турнир ленк кæнынæй РХИ-йы Президенты призтæ рамбулыны сæраппонд. Хайад сæ райстой Ессентук, Черкесск, Невинномысск, Кочубеевское æмæ  Цхинвалы минæвæрттæ. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы спортсментæн æмæ спортуарзджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

«Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын ерысты организатортæ æмæ уазджытæн. Ныфс мæ ис, абонæй фæстæмæ æвдисæн кæй уыдзыстæм республикæйы рекордтæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодта РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Ерысты хайадисджыты æмвæзад уыд бæрзонд æмæ кæд нырма уæрæсейаг спортсментæ цæттæдæр сты бынæттонтæй, уæддæр ирон ленкгæнджытæ æвдыстой уæлахизмæ тырнындзинад. Евгения Терлеева куыд банысан кодта, афтæмæй уый у сæйрагдæр, сæ бæрæггæнæнтæ та хуыздæр кæндзысты.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодта кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

Уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемонийы ма хайад райста спорты фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ивындзинæдтæ кæй æрцыд спортивон галуан «Олимп»-ы. Сæйраджыдæр дзы æвæрд æрцыд табло. Евгения Терлеева куыд фехъусын кодта, афтæмæй сын табло æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг зынаргъ ифтонгад балхæнынæн баххуыс кодта республикæйы президент.

Уазджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй тынг райгондæй баззадысты ерыстæй.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтам æй, хорз нæ кæй райсдзысты, фæлæ уæддæр дисы бахаудыстæм. Ныфс нæ ис, æмæ та иннæ аз дæр кæй æрцæу-дзыстæм», – загъта уæрæсейаг тренер Виолетта Смирнова.

Ирон спортсментæй ерысты фæуæлахиз сты Джуссойты Алися, Джиоты Катеринæ æмæ Гæджиты Ольгæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.