29 марты уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы цыппæрæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Депутаттæ уынаффæ кодтой «Иумандатон æвзарæн зылдты  схемæйы тыххæй» законы проектыл. Бавдыста йæ Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Нонæ. Закъоны проектмæ гæсгæ фæнд цæуы республикæйы территори 17 иумандатон æвзарæн зылдтыл ныддихтæ кæнын. Горæт Цхинвалы территорийыл арæзт æрцæудзæн 9 иумандатон æвзарæн зылды, дыгай æвзарæн   зылдтæ   та – республикæйы  алы административон-территориалон  иуæгты.

Закъонмæ гæсгæ, æвзарæн зылд у иууон территори, уымæй дæр хъуамæ хъахъхъæд æрцæуа иумандатон æвзарæн зылдты æмбæрцдзинад, уыцы территориты регистрацигонд æвзар-джыты нымæцмæ гæсгæ. Уыцы фæтк нæ хауы Ленингоры æмæ Знауыры иумандатон æвзарæн зылдтæм, цы-ран æвзарджыты нымæц у къаддæр.

Депутат Джиоты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй Дзауы районы къухдариуæгад æмæ цæрджытæ разы не сты, Къуыдаргомы фадыгмæ сæ кæй сфидар кодтой, уымæй .

«Мæнæн дæр уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Централон æвзарæн къамис ацы ногдзинады фæдыл не ‘руынаффæ кодта районы администрациты сæргълæуджытимæ. Раздæр афтæ нæ уыд», – загъта Джиоты Инал.

Централон æвзарæн къамисы минæвар куыд бамбарын кодта, афтæ-мæй ЦÆК архайдта, цæмæй Дзауы районы дыууæ зылды дæр сараза æмбар уавæртæ.

«Закъоны дырысæй фыст ис, зæгъгæ, æвзарæн зылдты ‘хсæн хицæндзинад, сæ территоритыл цæ-рæг æвзарджытæм гæсгæ, гæнæн ис уа 10 процентæй 20 проценты онг. Уымæй дæр Гуфтайы æвзарæн фадыг алыхатт дæр хауд Къуайсайы æвзарæн зылдмæ», – банысан кодта ЦÆК-ы минæвар.

Закъоны проект  депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Сессийы рабадты ма уыныффæ цыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты тыххæй» Конституцион закъоны проектыл дæр.

Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Нонæ куыд банысан кодта, афтæмæй закъон æнæмæнгхъæуæг у, æрмæст закъондæттæг органæн нæ, фæлæ ма Парламенты аппараты кусджытæн дæр.

Йæ рады депутат Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проекты йæ бафиппаинæгтæ хынцыд не ‘рцыдысты.

«Ацы закъон ногдзинадæй ницы хæссы, уый фактон æгъдауæй фæлхатт кæны Конституци æмæ регламенты, Конституцийы ныхмæ чи у, уыцы нормæтæй дарддæр. Парламент нæ контроль кæны, Конституци куыд æххæст цæуы, ууыл. Уый у, Парламенты нæ, фæлæ Конституцион тæрхонгæнæджы прерогативæ», – загъта Бесаты Зитæ.

Ацы закъоны проекты нæ райстой депутаттæ. Йæ райсыны тыххæй фыццаг бафарсты рæстæджы схъæлæс кодтой æрмæстдæр 21 депутаты.

«Æндæр æмæ æндæр фарстаты» пунктыл уынаффæйы рæстæджы депутат Чилæхсаты Владимир раразмæ кодта хуыйæн фабрикæ БТК-йы сæхгæныны фарст,  республикæйы цæрджыты ацы фарст катайы кæй æппары, уый банысан кæнгæйæ.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй Президенты Администрацийы руаджы Хуссар Ирыстоны ацы фарсты фæдыл быцæуаг  фарстатæ  се ‘ппæт  дæр скъуыддзаг æрцыдысты, æмæ къуырисæры фабрикæйы кусджытæ ногæй рацæудзысты сæ куыстмæ.

Рабадты депутаттæ рахæцыдысты Парламенты официалон хъусынгæнинаджы фарс, кæцыйы раразмæ кодта депутат Диакъонты Амиран æмæ хауы, гуырдзиаг æнæпилотон тæхæг аппараттæ Хуссар Ирыстоны тыгъдад кæй халынц, уымæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.