Цæмæй адæймагæн йæ куыст æнтыстджын уа, уымæн бирæ цыдæртæ хъæуы, фæлæ уæддæр йæ сæйраг рахæцæн у хъуыддагмæ арæхстдзинад æмæ куыстуарзондзинад. Уыцы раппæлинаг миниуджытæй хайджын у Цхинвалы районы Присы хъæуы цæрæг Туаты Славик.

Йæ хæдзары раз цы зæххы фадыг ис, уый æгуыст никуы баззад. Дыргъбæлæстыл-иу æрзайын кодта хорз тыллæг. Фæлæ йæм уый фаг нæ каст, фæндыдис æй исты амалиуæгадон архайдыл ныллæууын. Присы быдыртæ къорд азты æгуыстæй кæй лæууыдысты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, уый куыстуарзаг нæлгоймагæн йæ зæрдæмæ нæ цыд. Йе ‘рвад лæппу, зынгæ бизнесмены амындмæ гæсгæ зæххытæ арендæйы райста æмæ сфæнд кодта уым атъами, бал, члауи æмæ чъерамийы садзæнтæ ныссадзын. «Не ‘рдзыхъæд бирæ алыгъуызон халсæрттæ æмæ дыргътæн у бæзгæ, уый фыдæлты амындмæ гæсгæ зыдтон. Уыцы дыргътæн æндæр хъармдæр æрдзыхъæд хъæуы, зæгъгæ, ахæм къуылымпыгæнджытæ дæр мæ уыд», – зæгъы Туайы фырт.

Фæлæ уый йæ зæрдæбын куысты фæрцы уыцы хъуылымпыгæнджытæн бауырнын  кодта Хуссар Ирыстоны кæй ис æрзайынгæнæн ахæм хæрзад æмæ хæрзгъæд дыргътæн.

Фермер йæ куыст кæны ныр æртыккаг аз, фæлæ ныридæгæн йæ ном айхъуыст дыргъкуыстгæнджыты æхсæн.

Бирæтæ  æнхъæлмæ кастысты Туайы фыртмæ ивгъуыд аз бынæттон базары, фæлæ уæд уымæн бирæ тыллæг æркæнын нæ бантыст. «Цы дыргъ æртыдтам, уыдон иууылдæр байуæрстон кусджытыл.  Атъамитæ сты фондз хицæн æмæ хицæн хуызтæ, срæгъæд вæййынц фæдфæдыл. Члауийы хуызтæ дæр сты  цалдæр, иууылдæр сты адджын æмæ ставд сорт».

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз æнхъæлмæ кæсы хорз тыллæгæрзадмæ æмæ йæ æркæнгæ дыргътæ сæ бынат ссардзысты бынæттон базары.

Куыстуарзаг лæппуйæн æрулæфт нæй, афæдзы алы афон дæр куысты лæуд у. Æдзух сæм йæ хъус дары, зилы сæм. «Æвзонг садзæнтæй чи фæрынчын вæййы, уыдон фæстæмæ сæндидзын кæнын. Дыргъыл низ кæм фæзыны, уыцы бынат ныххафын, хосæй йæ байсæрдын, уый фæстæ хъæдгом мыдадзæй баныхасын. Йæ уидæгтæ кæмæн нал фæбæззынц, уый бынаты та æрцæуы сагъд ног садзæн», – зæгъы Славик.

Фарон æм быдыры куыстой 12-15 адæймаджы, æрвылбон дæр уыдонæн сæ куыстæн фыста иу мин сом. Уыдон, сæйраджыдæр, кодтой æхсæдæн æмæ бæлæсты бынтæ къахæн куыстытæ. Механизацийы куыстытæ та  кæны йæхæдæг. Кæд иуæй-иу хатт зындзинæдтыл дæр сæмбæлы, кæм техникæйы аххосæй, кæм та æндæр исты аххосæй, уæддæр куыстуарзаг лæппу ссары сæ аиуварс кæныны амæлттæ æмæ та йæ хъуыд-дæгтæ ацæуынц рæвдз. Ныр дæр та йæхи бацæттæ кодта, цæмæй уалдзæджы, бæлæс-ты ‘хсæн цы зæххы фадыг ис, уый бахуым кæна. Техникæ дæр ын у рæвдз. «Районы къухдариуæгад дæр мын æххуыс кæны. Нæ дыргъдоны фаллагфарс ис ноджы афтид зæххы фадыг. Æз хъавын уым дæр дыргъдон саразынмæ, уым та ныссадздзынæн  тута, сæнæфсир æмæ атъамийы сæрдыгон хуызтæ. Æрмæст нæ бон кусын уæт, æндæр нæ хъыгдарæг нæй», – зæгъы фермер.

Уый ма загъта, майы мæйы кæй хъавы саразын консервгæнæн цех. Цехы ныккæнды уыдзæнис дыргътææфснайæн бынат, уадздзысты дзы дыргъдæттæ авгын мигæнæнты. Нæ зæрды ма ис тутайæ хосгæнæн донбадтытæ дæр уадзын. Куыд зонæм, афтæмæй медицинæйы стыр аргъ кæнынц тутайы хосгæнæн миниуджытæн.

Цы 90 гектары у ныккалинаг дыргъбæлæстæ, уый ныр куыст хъуамæ æрцæуа лæмбынæг. Ацы аз ма быдыры территорийыл арæзт æрцæудзæн хæрæндон кусджытæн æмæ техникæ зымæгон бонты кæм лæууой, ахæм ангар. Быдыр ифтонг уыдзæн видеокамерæтæй дæр.

Туаты Славик ма кæронбæттæны куыд загъта, афтæмæй сæ продукцийы иу хай уæй цæудзæнис бынаты, иннæ хай та ласдзысты республикæйæн æддæмæ. Уый тыххæй ныридæгæн бадзырдтæ арæзт æрцыд уæрæсейаг конфетуадзæн фабрикæтимæ, кæцытæ дыргъы хуызтæй аразынц адджинæгтæ. Уыдон сæхæдæг дзуапп дæтдзысты таможнæйон гæххæтытæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.