Куыд алы хистæр къласы ахуыргæнинаг, афтæ не ‘мбæстаг Цхуырбаты Аринæйы бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ дæр хистæр кълæсты уыдысты, цæмæй æнтысгæйæ каст фæуа астæуккаг скъола, райса хорз зонындзинæдтæ æмæ бацæуа уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Ахæм æнтыстытæм Аринæ æрмæст бæлгæ æмæ тырнгæ нæ кодта, фæлæ ма архайгæ дæр. Скъоламæ, йæ ахуыргæнджытæ æмæ уроктæм хорз ахаст кæй дардта, уый фæрцы йæ къухты бафтыд хорз зонындзинæдтæ æмæ скъола каст цы аз фæцис, уæд уыцы аз ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон-уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты студент. Ацы факультет та равзæрста Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны бæстæты хæлардзинады нысанæн.

Студенты (Татьянæйы) боныл цахæм зæрдæйы равгимæ æмбæлы, уый тыххæй Аринæ банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты нæ университет æрмæст студенты бон нæ, фæлæ иунæг бæрæгбон дæр æнæсаразгæ нæ фæвæййы. Алы бæрæгбон дæр нысан æрцæуы рæсугъд, хъæлдзæг æмæ цымыдисонæй, студенттæ сæ дзæвгар райсынц алыгъуызон æмæ ног зонындзинæдтæ. Бæрæгбонты размæ уагъд æрцæуы цымыдисон лекцитæ, зонадон конференцитæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Бæрæгбонты дзæвгар вæййы музыкæ æмæ хъæлдзæгдзинад.

Университеты агъуыст æмæ студентты фадæтты тыххæй та Аринæ банысан кодта, зæгъгæ, абоны студенттæм æрхаудта стыр амонд ахæм  ногарæзт ахуыргæнæндоны кæй ахуыр кæнынц, уый тыххæй. Студенттæ стыр æхцондзинад исынц, сæйраджыдæр, университеты райдзаст, рæсугъд æмæ уæрæх аудиторитæ, кълæстæ æмæ къæлидортæй. Стæй чи нæ бацин кæндзæнис йе ‘ддаг бакастыл.

Раппæлинаг ма у уый дæр, æмæ хуыздæр студенттæ кæй исынц Президент, Хетæгкаты Къоста, Тыбылты Алыксандр, Гæдиаты Цомахъ, Абайты Васо, Дзанайты Иваны номыл стипендитæ.

«Нæ студенттæ амондджын сты уымæй дæр, æмæ университетæн кæй ис ахæм дардыл æмæ алцæуыл хъуыдыгæнæг разамонæг. Йæ ахæм куыстуарзаг удыхъæд хорзæрдæм æндавы куыд лектортæ æмæ ахуыргæнджытыл, афтæ ма студенттыл дæр æмæ дзы алчидæр йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæны æнувыдæй», – зæгъы Аринæ.

Æвзонг чызджы дарддæры хæстæ, бæллицтæ æмæ тырнындзинæдты тыххæй куы ныхас кодтам, уæд йæхи тыххæй иунæг ныхас дæр нæ загъта, фæлæ банысан кодта, зæгъгæ,  абон йæ сæйрагдæр бæллиц у уый, цæмæй тагъддæр фæуа Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операци. Фæнды йæ, цæмæй европæйаг бæстæтæ бамбарой Америкæйы Иугонд Штатты фыдракæндон ахастытæ æмæ бацархайой, цæмæй æнæхъуаджы мауал кæла туг. Йæ хъæбулмæ, цардæмбалмæ, хо кæнæ æфсымæрмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон тагъд рæстæджы сæ хæстонтыл куыд сæмбæлой æнæнæниз æмæ сæрæгасæй.

                                                  ГÆЗЗАТЫ Иван