Райдзаст хатæны сабырдзинад æнæнхъæлæджы æрбайхæлдта телефоны дзæнгæрæг. Систон телефоны хæтæл æмæ сдзуапп кодтон. Дзурæг уыд Хуссар Ирыстоны уæды радио æмæ телералæвæрдты комитеты сæрдар Пæррæстаты Алыксандр. Уый уыд 1987 азы æмбисы. Уæд ма куыстон Дзауы районон газет «Дзау»-ы редакцийы. Алыксандры хъуыдтæн мæхæдæг æмæ мæ афтæ тагъд кæй ссардта, уый йын уыд æхсызгон. Йæхи мын базонгæ кодта æмæ загъта мемæ йæ фембæлын кæй фæнды, уый тыххæй. Бадзырдтам дыккаг бонмæ æмæ фембæлдыстæм.

Уæд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн тъунелы арæзтадон куыстытæ уыдысты сæ тæмæны. Афтæ нæ зæгъын æмæ аразджытæм цыдтæн æрвылбон дæр, фæлæ сæ къуыри иу хатт кæй бæрæг кодтон, уый нæу æрæмысæггаг. Куыд рабæрæг, афтæмæй, уырдыгæй цы чысыл уацтæ фыстон уыдонимæ Алыксандр зонгæ кодта æппынæдзух. Нæ бамбæхста уый дæр æмæ кæй цыдысты йæ зæрдæмæ æмæ мæм бахатыд цæмæй бацæуон æмæ кусын райдайон Хуссар Ирыстоны радио æмæ телералæвæрдты комитеты. Зæрдæйæ мын кæй дзырдта, кусынмæ комитетмæ бацæуыны тыххæй, уый ма рахатыдтон уымæй дæр æмæ мын кæй загъта, зæгъгæ, дæ æрвылбон Дзаумæ цæуын уæддæр нал хъæудзæнис. Фæндон фæцыд мæ зæрдæмæ, фæлæ йæ ме ’мкусджытæн куыд загътаин уый уадид не ’рцахста мæ хъуыды. Стæй семæ дæр схæлар дæн, айстой мæ хорз, цыфæнды хъуыддаджы дæр мын уыдысты æххуыс æмæ мæм раст нæ каст се ’хсæнæй ацæуын. О, фæлæ сын æй куы загътон уæд дæр та мæ бамбæрстой. Сæхи равдыстой афтæ, раст сын цымæ тынг æхсызгон уыд уыйау æмæ сдæн Хуссар Ирыстоны радио æмæ телеалæвæрдты комитеты сæрмагонд уацхæссæг. Уæд комитет куыста абоны Парламенты бæстыхайы дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуытыл фæйнæ дыгай хатæнты. Уæдмæ дæр æмæ уый фæстæ дæр раивтон цалдæр куыстуат, хъаст никæмæй кæнын, фæлæ кæрæдзиимæ уыдон хуызæн хæлар коллективыл нæ сæмбæлдтæн иунæг хатт дæр. Алцæмæй дæр уыдысты цæвиттойнаг æгъдау æмæ æфсæрмдзинадæй, сыгъдæг æмæ уæздандзинадæй, сæ куыстхъом æмæ куыстуарзондзинадæн та æмбал дæр нæ уыд. Абон радиойы боны мæ фæнды æмæ ракæнон се ’ппæты кой дæр. Уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæ комитетæн сæрдариуæг кодта Пæррæстаты Алыксандр, сæйраг редакторæй куыста Гугкаты Шамил, хистæр редакторæй Букуылты Алыкси, редактортæй дзæнæттæгтæ Абайты Созыр æмæ Тедеты Авгар. Уацхæсджытæй та Лохты Джамбулат, æмæ æз мæхæдæг. Мах не ’ппæт дæр сæрыстыр уыдыстæм хынцæг Æлборты Асиат æмæ кассæйы кусæг Коцты Оляйы ахаст æмæ хорз куыстæй.

Рог хæстæ нæ уыдис студийы кусджытæн, фæлæ сæ цæсгомджынæй æххæст кодтой уадзæг редактортæ Сатхъоты Галинæ æмæ Санахъоты Витали. Оператортæ Зозиашвили Нели, Саулохты Мадинæ æмæ Годжыцаты Юля. Режиссеры хæстæ та æххæст кодта Саулохты Мэлс. Ралæвæрдты æр-мæджытæ, комитеты официалон гæххæтытæ мыхуыр æмæ цæттæ кодтой, Бей Нелли æмæ Цхуырбаты Ингæ. Æппæт кусжыты ’хсæн дæр сæхи сæрмагонд бынат ахстой техникон кусджытæ Пухаты Иван, дзæнæттаг Гатыгкоты Павел æмæ Икъаты Алан. Фонотекæйы куыстытæ та æххæст кодтой музыкæйы редактор Са-нахъоты Къоста æмæ Кобесты Светæ.

Кæд сæ куысты уавæртæ нæ уыдысты раппæлинаг, уæддæр коллекетивы ’хсæн æнцонæй рахатæн уыдис уый æмæ сæ алчи дæр йæ куыстмæ кæй дардта хорз ахаст, уарзтой йæ æмæ йæ æххæст кодтой æппæт домæнтæм гæсгæ. Уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ æнхъæлмæ кастысты цалдæр азы æмæ 1990 азы сæххæст сæ рæстаг домæн. Уыдон уæд сæ аппаратурæ æмæ дзаумæттæ æрбаласынмæ æнхъæлмæ никæмæ кастысты. Сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй, кæрæдзи æнæсайгæйæ, йæ бон кæмæн куыд цыдис афтæ архайдта æмæ цалдæр бонмæ Хуссар Ирыстоны радио кусын райдыдта ног бынаты. Афтæ мæм кæсы æмæ ног бæстыхайы уавæртыл дзургæйæ фаг у æмæ ракæнон иу факты кой. Бæстыхай эксплуатацимæ куы истой, уæд къамисы уæнгты ’хсæн уыдысты куыд Цхинвал, афтæ ма Тбилисæй æмæ Мæс-куыйæ дæр. Мæскуыйы делегацийы уæнг-тæй сæ иу афтæ загъта, зæгъгæ, Останкинойы кусджытæн дæр нæй ахæм хорз уавæртæ, уым чысыл кабинеты бадынц цал-дæргæйттæй, ам та уацхæсджытæн дæр ис хицæн хатæнтæ. Чизоны бынтон афтæ дæр нæ уыдис, фæлæ уыцы ны-хæстæй дæр бæрæг уыд, комитеты бæстыхай кæй у зæрдæмæдзæуинаг. Æгайтма ра-уад афтæ, æмæ абон радиойы кусджытæ кусынц ахæм хорз бæстыхайы.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.