Цахæм мадзæлттæ ис райсæн, цы куыст нæ уарзут, уый фæдыл, кæд æмæ уын нæма нæй ахæм фадат, цæмæй йæ баиват æндæр куыстæй? Хуымæтæг уынаффæтæй пайдагæнгæйæ, гæнæн ис æмæ фæиват уæ ахаст, цы куыст нæ уарзут, уымæ.

Уынаффæ 1: Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, цахæм уавæрты райдыдтат уæ куыст æмæ æрымысут йæ раппæлинаг æмæ æппæрццаг моментты. Йæ аххосæгтæ гæнæн ис æмæ уой алыгъуызон, æмæ йыл лæмбынæг куы ахъуыды кæнат, уæд æрцæудзыстут ахæм хатдзæгмæ, æмæ уын уыцы уысм æнцон рæстæг кæй нæ уыд æмæ уыцы куысты уæлхъус дæр уымæн кæй балæууыдыстут.

Уынаффæ 2: Уæ хъус лæмбынæг дарут куысты æппæт фæлтæрддзинæдтæм дæр, кæцытæ азæй-азмæ фылдæр кæндзысты æмæ уæ къухты æфтдзæн фылдæр æнтыстытæ. Ис ахæм адæймæгтæ, æмæ тыхсынц бирæ адæмæй. Фæлæ йæм иуæрдыгæй куы æркæсæм, уæд уый у тынг хорз фадат, цæмæй уæ коммуникативон фæлтæрддзинæдтæ нывыл æркæнат æмæ сæ фæуæрæхдæр кæнат.

Уынаффæ 3: Равзарут уæ куысты æмбæлттимæ уæ ахастытæ.

Гæнæн ис æмæ уæ зæрдæмæ нæ цæуы, ныртæккæ кæм кусут, уый, хивæнд æмæ æнæсæттон коллегæты тыххæй, кæннод та уæ куыст-уаты хистæрæн уæззау характер кæй ис, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæты хуызæр у ахæм коллегæты ’хсæн кусын, цыран ис æмбаргæдзинад æмæ хъарм ахастытæ кæрæдзийы ’хсæн.

Фæлæ алы куыстуаты дæр фæзыны конфликт æмæ уый нæ нысан кæны, цæмæй уæ куыст ныууадзат искæй тыххæй æмæ райдайат агурын ног куысты бынат. Афтæ гæнæн дæр ис æмæ уын æндæр ног куыстуаты дæр фæзына, кæима нæ бафидауат, ахæмтæ æмæ уын уым дæр расайа ног конфликт.

Куынæ уын рауайа уæ коллегæтимæ иумæйаг æвзаг ссарын, уæддæр уæ зæрдыл дарут: негативон фæлварæн уын коллективы ’хсæн дæр разындзæнис пайда æмæ уын уыдзæнис зынаргъ урок уæ фидæны.

Уынаффæ 4: Цыдæр аххосæгтæм гæсгæ уæ бон куынæ уа уæ куыст ныууадзын, уæддæр ахъуыды кæнут ууыл, цæмæй уæ куыст æвæрццагæй бандава уæ сомбоныл. Куыстуат уæ гæнæн ис æмæ арвита æндæр горæтмæ ахуыр кæнынмæ, цæмæй уæ куысты квалификаци фæбæрзонддæр кæнат. «Нæ» ма дзурут профессионалон конференциты, семинарты æмæ тымбыл фынгты хайдистæн. Уый уын фадат ратдзæн уæ профессионалон фæрæзтæ уæлдæр æмвæзадмæ сисынæн.

Уынаффæ 5: Раиртасут уæхи сæрмагонд фæлтæрд. Алы куыст дæр адæймагæн дæтты фæлтæрддзинад æмæ ахъаз кæны уæлдæр къæпхæнмæ схизынæн. Кæд бынтон нæ бæззы уæ куыст, уæддæр басæттут ууыл, æмæ, кусгæйæ, кæй кæнут тыхджынæй-тыхджындæр æмæ алы бон дæр æнæфæцудгæйæ кæй лæуут стрессы ныхмæ, кæцы алы куыстуаты дæр ис. Кæмфæндыдæр ма кусат, уæддæр алы коллективы ’хсæн дæр агурут позитив æмæ ахæм коллегæты, кæцытæ уæ алы хатт дæр бамбардзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы ран дæр ссардзыстут æнæмбаргæ æмæ хивæнд адæймæгты, кæцытæ сæхи зонд кæнынц, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уæ куыст дарддæр кæнут æмæ хъæрмудæй кусут уæ коллегæтимæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.