10-æм ноябры фæцис 11-æм æппæтуæрæсейон конкурс «Адæмон фадыгон – 2021» финалон этап. Конкурс уа-дзы Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад газет «Комсомольская правда»-имæ. Кæройнаг этапы Цæгат Ирыстон-Аланийæ хайад иста полицийы майор Уалыты Батрадз. «Адæмон фадыгон»-ы ном райсыны претендентты æртæ ахсджиаг æнтысты сты: 1. Йæ фадыджы цæрджыты æууæнкдзинад. 2. Цæрджыты куырдиæтты фæдыл тагъдыл среакци кæнын. 3. Цæрджыты ‘хсæн авторитет. Иууыл ахсджиагдæр æнтыст та у административон фадыджы цæрджытимæ кæрæдзимбарынад сфидар кæнын, кæцы фадат дæтты фыдракæндтæ раргом кæныны фæдыл службæйон хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, хыгъды чи лæууы, уыдонимæ индивидуалон профилактикон куыст уадзын. Уалыты Батрадз у Дзæуджыхъæуы фæдыл Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады полицийы фадыгон æххæстбарджынты хайады фæлтæрдджын кусджытæй иу. Йе службæ æххæст кæны цахæмфæнды боныгъæды дæр æмæ, æгæрыстæмæй, профессионалон бæрæгбон – мидхъуыддæгты органты кусæджы боны дæр. Фадыгон æххæстбарджын Уалыты Батрадзæн у йæ хуымæтæджы кусгæ бон. Йæ къухы ис документтимæ папкæ. Æнæмæнгхъæуæг у цæрджыты бафæдзæхсын интернет-фæлывдмийы тыххæй. Сæ фадыгон æххæстбарджыны цæрджытæ иууылдæр зонынц æмæ сæйраг та уый у, æмæ йыл кæй æууæндынц. 7-æм административон фадыджы тыххæй Батрадз бæрндзинад хæссы 11 азы дæргъы. Æрвылбон дæр азилы бирæфатерон хæдзæрттыл, ахуырадон, спортивон æмæ медицинон организацитыл. Зоны йæ фадыджы цæрджытæй алкæйы дæр. Æндæр гæнæн ын нæй, йæ службæ ахæм у – барвæтк хъахъхъæнын. Йæ хуыздæр хорзæх у, цæрджытæ дзы райгонд кæй сты, уый. Йæ профессионалондзинадæн ын саргъ кодтой æмæ 2021 азы уый ссис æппæтуæрæсейаг конкурс «Адæмон фадыгон»-ы регионалон этапы уæлахиздзау. Райста  цыппар мин хъæлæсæй фылдæр – ахæм у адæмон уарзондзинад. Ныр Уалыты Батрадз Цæгат Ирыстонæй  хайад исы конкурсы финалы. Уым ма ха-йад исынц ноджы 84 фадыгон милиционеры бæстæйы алы регионтæй. Батрадзы ныхæстæм гæсгæ уымæн сæйраг фæстиуæг нæу. Сæйраг ын у, цæмæй йе ‘ххуыс кæй хъæуы, уыдонæн уа æнæбаивгæ.

«Конкурсы хайад исын мæнæн тынг ахсджиаг  æмæ дывæр бæрндзинад у. Мæн тыххæй схъæлæс кодтой бирæ адæм, ныфс мæ æвæрынц нæ ведомствойы къухдариуæгад дæр. Æмæ мын иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй мæ фыды фыдæнхъæл ма фæкæнон, кæцы бирæ азты бакуыста милицийы фадыгон инспекторæй», – банысан кодта уый. Уалыты Батрадз Сосланы фырт райгуырд горæт Цхинвалы. 2006 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет «Юриспруденци»-йы дæсныйадыл. Уый фæстæ кусын райдыдта барадхъахъхъæнæг органты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.