НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Германы канцлер Ангела Меркель, телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Керчы донкъубалы украинæйаг науты провокацийы фæстæ сæвзæргæ уавæрыл. Дыууæ лидеры банысан кодтой Сау æмæ Азовы денджызты æндыгъддзинады эскалаци ма бауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уымæй дарддæр ма ныхас кодтой Сирийы уавæрыл æмæ Иугонд Штаттæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй рахизынмæ кæй хъавынц, ууыл, афтæ ма, сæрмагондæй, ацы хъуыддаг стратегион æдасдзинадыл куыд бандавдзæн, уый тыххæй.

СФИДАР КОДТА ПРОГРАММÆ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Мед-ведев сфидар кодта æнæаргъæй медицинон æххуыс бакæныны паддзахадон гарантиты программæ 2019-2021 азтæн. Афтæ ма Медведев йæ къух æрфыста æнæмæнг-хъæуæг æмæ ахсджиагдæр хосгæнæн препаратты номхыгъд 735 онг рауæрæхдæр кæ-ныны тыххæй барамындыл. Афтæ ма фидар æрцыд онкологийæ рычын пациенттæн компьютерон томографи саразыны æмгъуыд, кæцы у ахсджиаг гаранти. 2019-2021 азтæн æнæаргъæй медицинон æххуыс бакæныны тыххæй бюджет рахицæн кæндзæн 8,6 трилуан сомы.

ВЛАДИВОСТОК РАЙСДЗÆН НОГ СТАТУС

УФ-йы Президент Владимир Путин сразы Приморскы крайы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Кожемякойы фæндоныл Дард Хурскæсæн федералон зылды столицæ Хабаровскæй Владивостокмæ рахæссыны тыххæй. Уый раразмæ кодта ахæм аргументтæ: Владивосток исдзæн Скæсæн экономикон форум, кæцымæ æрцæуынц паддзахадты сæргълæуджытæ. Номхуындæй, ацы горæты план цæуынц бирæ проекттæ, кæцытæ бæрæг кæнынц æппæт Дард Хурскæсæны рæзт.

БАХХÆСТ САУ ДЕНДЖЫЗЫ ФЛОТ

Сау денджызы флоты æфсæддон радгæсад хæссын райдыдта ногдæр ракетон нау «Орехово-Зуево». Уый арæзт æрцыд Татарстаны, рацыд æппæт фæлварæнтæ Новороссийскы æмæ ныр йæ æдзухон бынат ис Севастополы. Науы ракетон палубæйæн йæ сæйраг хæцæнгарз сты комплекс «Калибр»-ы аст базырджын ракетæйы. Уыдонæн сæ бон у куыд доны бын, афтæ сурзæххыл дæр æртæ мин километры дæрддзæгæн нысæнттæ куынæг кæнын. Науы хæстон æххæст характеристикæтæ сты сусæггаг. Æнæхъæн дуне ныридæгæн федта ахæм флоты архайд. 2015 азы ацы серийы чысыл ракетон наутæ «Буян-М» ныццавтой Сирийы ИГИЛ-ы объекттæ Каспы денджызы акваторийæ. Ныртæккæ арæзтады стадийы сты ноджы фондз ахæм науы. 2019 азы та план цæуы 12 науы арæзтад.

ФЕХÆЛДТОЙ ХÆЛАРДЗИНАДЫ БАДЗЫРД

Украинæйы президент Порошенко йæ къух æрфыста Уæрæсеимæ хæлардзинады тыххæй бадзырд фехалыны барамындыл. Украинæйы лидер иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта Уæрæсеимæ йæ ахастытæ кæронмæ фехалыны тыххæй, фæлæ йæ ацы хатт бафидар кодта хъуыддагæй. Азовы денджызæй иумиагæй пайда кæныны тыххæй нысангонд уыд, номхуындæй ацы бадзырды, кæцы ист æрцыд 1997 азы.  Æмæ ныр Порошенко бафæлвардзæн Азовы денджызмæ НАТО-йы наутæ æрбакæныныл, Сау денджызы куыд аразы, афтæ. «Фыццаг рады, мах хъæуы Сау денджызы НАТО-йы уæвынад, цæмæй ма бауадзæм Сау денджызы æмæ Азовы денджызы регионы уæрæсейаг æфсæдтæн соккупаци кæнын», – загъта Порошенко

УЫНАФФÆ КОДТОЙ АЛЫГЪУЫЗОН ФАРСТЫТЫЛ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы делегаци Вячеслав Володины сæргълæудæй  кусæгон визиты уыд Индийы. Делегацийы уæнгтæ венок сæвæрдтой индийаг адæмы раздзог Махатма Гандийы кремацийы бынаты. Делегаци бабæрæг кодта уæрæсейаг-индиаг аэрокосмикон куыстуаты штаб-фатер «Бра-Мос». Проектæн стыр аргъ кæнынц Уæрæсе æмæ Индийы къухдариуæгад, кæцы у ирд цæвиттон дыууæ бæстæйы æмгуыстады ног перспективон формæйæн. Номхуындæй, ацы фарстыл уынаффæ кодтой Володин æмæ Индийы премьер-министр Нарендра Моди. Володин индийаг парламенты дыууæ па-латæйы сæргълæуджытимæ æруынаффæ кодта фарстыты уæрæх спектрыл. Сæр-магондæй ныхас кодтой визæйон темæйыл. Паддзахадон Думæйы спикер йæ индийаг коллегæтимæ бадзырдтой экспертты æмæ æвзонг парламентариты æрвылазон конференцитæ радгай дыууæ бæстæйы дæр уадзын. Афтæ ма алы аз дæр уæрæсейаг-индийаг парламентон къамисы рабадтытæ уадзыны тыххæй. Йæ рады, Индийы парламенты дæллаг палатæйы сæргълæууæг Сумитра Махаджан фæндон бахаста æвзонг закъондæтджыты стажировкæмæ Пад-дзахадон Думæмæ æрвитыны тыххæй. Володин сразы йæ фæндоныл.

РАСИДТ УÆЛВÆТКОН ЭКОНОМИКОН ÆМÆ СОЦИАЛОН УАВÆР

Францы президент Эммануэль Макрон расидт бæстæйы уæлвæткон экономикон æмæ социалон уавæр. Уый тыххæй фехъусын кодта телесидты. Ист цæудзысты алыгъуызон мадзæлттæ, уыдон иууылдæр здæхт сты, цæмæй уагъд мауал цæуой «бур жилетты» протестон акцитæ. «Ахæм уавæры мах райсдзыстæм ахадæн мадзæлттæ. Уыцы нымæцы хъалонтæ фæкъаддæр кæнын æмæ хæрдзтыл контроль кæныны фæдыл», – фехъусын кодта Макрон. Уый размæ Макрон экстренон рабадт ауагъта Елисейы галуаны проф-цæдисты минæвæрттимæ. Протестон акцитæ бæстæйæн слæууыдысты дыууæ миллиард евройы. Сыгъд машинæтæ, пырх витринæтæ, магазинтæ.

АРГЪÆВДТА ХЪÆЛÆСÆППÆРСТ

Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй аргъæвдта «Брекзиты» тыххæй парла-менты хъæлæсæппæрст. Премьер-министры ацы уынаффæ бирæтæ банымадтой æфхæрдыл. 11-æм декабры парламент хъуамæ райстаид Британийы историйы ахсджиагдæр уынаффæ. Депутаттæ хъуамæ рахæцыдаиккой Евроцæдисæй рахизыны тыххæй сразыдзинады æвварс, кæнæ та схъæлæс кодтаиккой йæ ныхмæ.

ЕВРОЦÆДИС «БРЕКЗИТЫ» ТЫХХÆЙ

Евроцæдис ногæй нал æркæсдзæн «Брекзиты» фæдыл сразыдзинадмæ, фæлæ цæттæ у Стырбританийæн сразыдзинад сратификаци кæнынæн баххуыс кæнынæн, – уый тыххæй фехъусын кодта Евросоветы сæргълæууæг Дональд Туск, Тереза Мэй бадзырды фæдыл хъæлæсæппæрст куы аргъæвта, уый фæстæ. Туск банысан кодта, зæгъгæ, Брюссель æмæ Лондоны ‘хсæн Евроцæдисæй рахизыны уавæртæм гæсгæ, баныхæстæн сноггæнæн нæй. Уыцы иурæстæджы уый фехъусын кодта «Брекзиты» фæдыл 13 декабры Евроцæдисы саммит ауадзыны тыххæй.

ТЕРАКТ

Европæйы иууыл рагондæр æмæ зындгонддæр Страсбурджы цыппурсон базары æрцыд теракт. 29 аздзыд террорист автоматон хæцæнгарзæй æхста адæмы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты цыппар адæймаджы, фæцæфтæ сты 12 адæймаджы, уыдонæй бирæтæ райстой серьезон травмæтæ. Æфсæддонтæ фæлвæрдтой террористы бауромыныл, æгæрыстæмæй, йæ сцæф кодтой, фæлæ сын уæддæр аирвæзт. Террорист абадт таксыл æмæ йæхи бааууон кодта. Страсбурджы расидт æрцыд фыдох. Макрон мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты бинонтæн.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.