ПУТИНЫ АРФÆ ТРАМПÆН

УФ-йы Президент Владимир Путин арфæйы тел арвыста йæ америкæйаг коллегæ Дональд Трампмæ АИШ-ы хæдбардзинады боныл 242 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Уый размæ Уæрæсейы Иугонд Штатты æххæстбарджын минæвар Джон Хантсман Мæскуыйы америкæйаг минæварады цытджын химæрайсты рæстæджы арфæйы ныхæстæ загъта уырыссаг æвзагыл.

АДАРДДÆР КОДТОЙ САНКЦИТÆ

Евроцæдисы бæстæты сæргълæуджытæ райстой уынаффæ Уæрæсейы ныхмæ финансон-экономикон санкцитæ ноджы æрдæг азмæ адарддæр кæныны тыххæй, – хъусын кæны Евроцæдисы пресс-службæ. Дзырд цæуы уæрæсейаг экономикæйы секторты ныхмæ финансон-экономикон санкциты уæлдай егъаудæр арæнты пакеты тыххæй. Санкцитæ баконд æрцыдысты 2014 азы 31-æм июлы æмæ сæ мадзæлтты архайд фæуд кодта июлы кæрон. Ныр адарддæр æрцыдысты 2019 азы 31 январы онг. Уынаффæ ист æрцыд Герман æмæ Францы сæргълæуджытæ Ангела Меркель æмæ Эмманюэль Макрон  Украинæйы конфликты фæдыл «Минскы сразыдзинæдты» реализацийы процессы уавæры тыххæй сæ коллегæтæн куы фехъусын кодтой, уый фæстæ.

РАЙСТА ЗАКЪОН

УФ-йы Паддзахадон Думæ райста закъон бензин æмæ дизелон æртаджы акцизтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй. Ацы аз бензины акциз фæкъаддæр уыдзæн иу тоннæйæн æртæ мин сомы, дизелон æртагæн та   тоннæйæн 2 мин сомы онг. Паддзахадон Думæйы депутаттæ æртыккаг кæройнаг бакасты бахастой барасткæнинæгтæ Хъалонты кодексмæ.

ÆРТÆФАРСОН ФЕМБÆЛД

Газы фæдыл æртæфарсон фембæлд Уæрæсе, Евроцæдис æмæ Украинæйы хайадистæй уагъд æрцæудзæн Берлины 17 июлы. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы Энергетикæйы министрады сæргълæууæг Александр Новак. Энергетикон цæдисы фæдыл Еврокъамисы сæрдары хæдивæг Марош Шефович фехъусын кодта, зæгъгæ, бадзырдтæ уыдзысты вазыгджын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фембæлды гæнæн ис дзырд цæуа 2019 азы фæстæ Украинæйыл газы транзиты фарсты тыххæй дæр.

БАХАСТА ИВЫНДЗИНÆДТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин ивындзинæдтæ бахаста Уæрæсейы Æдасдзинады советы скондмæ. Советы скондмæ бакодтой æртæ ног æххæст-барджын минæвары æмæ дзы раконд æрцыдысты Цæгат Кавказы æмæ Уралы зылдты раздæры æххæстбарджын минæвæрттæ. Æдасдзинады Советы уæнгтæ систы Цæгат Кавказы зылды æххæстбарджын минæвар Александр Матовников, Уралы æмæ Централон зылдты минæвæрттæ Николай Цуканов æмæ Игорь Щеголев.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА ЗАКЪОНЫ

УФ-йы Паддзахадон Думæ фыццаг бакасты райста проект, цыран хынцыд æрцыд рынчындæтты пациентты хиуæтты реанимацион хайадтæм уадзыны тыххæй фарст. Æмбæлон барасткæнинæгтæ хаст æрцæудзысты «УФ-йы æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны бындурты тыххæй» закъонмæ. Документ ист куы æрцæуа, уæд уæрæсейæгтæн фадат фæуыдзæн сæ хиуæтты реанимацийы бæрæг кæнынæн. Фыццаджыдæр дзырд цæуы ныййардæытыл, бинонты æндæр уæнгты æмæ пациентты закъонон минæвæртты тыххæй. Реанимацимæ ахæм бацыдтыты тыххæй фæтк æмæ уагæвæрд сфидар кæндзæн Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад. Ныртæккæ уæззау рынчынмæ хиуæтты бауадзыны фарст скъуыддзаг кæны рынчындоны къухдариуæгад, кæцы арæх расайы критикæ æхсæнады ’рдыгæй. «Ныййардæытæн, цардæмбæлттæн, сывæллæттæн бар уыдзæн уæззау минутты се ‘ввахс хиуæттимæ уæвынæн», – банысан кодта Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

 

НОГÆЙ ТА «НОВИЧОК»

Стыр британийы ногæй фехъусын кодтой нуæртты æндзыггæнæн буарад «Новичок»-æй хъыгдард баййафджыты тыххæй. Буарадæй фæхъæстæ сты нæл-гоймаг æмæ сылгоймаг. Уыдоны уадзыгæй ссардтой 30 июны, фæлæ ацы цауы тыххæй фехъусын кодтой æрмæстдæр 4 июлы. Уазæгуаты кæмæ уыдысты, сæ уыцы хæлар куыд загъта, уымæ гæсгæ нырма тыхсын райдыдта сылгоймаг, уый хуыдуг кæнын райдыдта æмæ йæ аластой тагъд æххуысы машинæйыл. Уый фæстæ комæйы ныххаудта. Цыппар сахаты фæстæ та æбæрæг буарадæй хъыгдард баййæфта нæлгоймаг. Уымæн йæ зæрдæ сæвзæр, йæ цæстытæ ныссырх сты, йæ цæсты гагуытæ æрбалыстæг сты æмæ цы ныхæстæ дзырдта, уыдонæн бамбарæн нал уыд. Бритайнаг прессæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Роули æмæ Стерджес ацы цауæй  иу боны раздæр уыдысты ацы аз марты мæйы Скрипалтæ кæм фæхъæстæ сты, уыцы бынатмæ æввахс. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ нæлгоймаг у наркоман æмæ сылгоймаг та расыггæнаг.

ДОМЫНЦ ИНФОРМАЦИ

Стырбританийы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Бен Уоллес æрсидт Мæскуымæ, цæмæй сын информаци радтой газ «Новичок»-æй фæхъæстæ кæныны ног цауы фæдыл. Уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, сæм бæлвырдгæнæнтæ нæй, ног инциденты Мæскуы аххосджын кæй у, уый фæдыл. Уоллес банысан кодта, зæгъгæ, Лондон раздæрау нымайы Уæрæсейы аххосджыныл Солсберийы æрцæугæ æнамонд цауы.

КРЕМЛЬ ÆРЦÆУГÆ ЦАУЫ СХУЫДТА КАТАЙАГ ХАБАР

Стырбританийы ногæй дыууæ адæймаджы фæхъæстæ кæныны цау Кремлы схуыдтой катайаг цау æмæ зæрдыл æрлæууын кодтой, зæгъгæ, Мæскуы йæ райдианæй ницахæм хайад иста Солсберийы инциденты æмæ фæндон хаста цауы иумæйагæй равзарыны æмæ афтæмæй æдасдзинад сфидар кæнынæн фæахъаз уæвыны тыххæй, фæлæ, хъыгагæн, бритайнаг фарсы нæ бафæндыд иумиаг фæдагуырд ауадзын, – загъта Дмитрий  Песков.

УÆРÆСЕ ЦÆТТÆ У ÆХХУЫСМÆ

Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, цæттæ у Тайланды лæгæты цы сывæллæттæ баззадысты, уыдонæн баххуыс кæнынмæ. Æввахс рæстæджы Тайланды райдайдзæн доны бын чи фæци, уыцы лæгæтæй скъоладзауты ракæныны операци. Лæгæты сывæллæттæ æмæ сæ тренер сты дыууæ къуырийы бæрц. Уыдон къæппæджы бахаудтой зæххы бын тъунелты тезгъо кæныны рæстæджы æнæнхъæлæджы тæрккъæвда кæй райдыдта, уый фæстиуæгæн. Дон сын фæстæмæ рацæуынæн æрæхгæдта сæ фæндаг. Сывæллæттæн райдыдтой амонын ленк кæнын æмæ уыцы иурæстæджы лæгæтæй дон цъирынц. Скъоладзауты сифтонг кодтой хæлц æмæ медикаменттæй, афтæ ма специалисттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ ныртæккæ сæйраг у æнахъомтимæ  психологон куыст бакæнын.

ФЕСАФДЗÆН 2,4 МИЛЛИАРД ДОЛЛАРЫ

Хуссар Корея америкæйаг фиддонты тыххæй фесафдзæн 2,4 миллиард доллары. Æндон æмæ къорд æндæр товартыл АИШ фиддонтæ кæй бакодта, уый фæстиуæгæн. Базарадон цæлхдурты аххосæй ма ноджы иу æппæрццаг фæстиуæг суыдзæн уый дæр, æмæ Хуссар Кореяйы гæнæн ис  æхгæд æрцæуой 16 мин куысты бынаты. Хуссар Кореяйы хицауады доклады прогнозтæм гæсгæ,  æхсæн машинæты индустри гæнæн ис фесафа  760 милуан доллары æмæ 8 мин куысты бынаты, æмæ хуры батарейтæ уадзджытæ та фесафдзысты 470 милуан доллары, æгуыстæй та баззайдзысты 1,3 мин кусæджы. Хуссар Кореяйы хицауад æндæр бæстæтау сæвæрдтой дзуаппон тарифтæ америкæйаг продукцийыл æмæ хъаст балæвæрдтой дунеон базарадон организацимæ ацы проблемæйы фæдыл.

РАЦЫДЫСТЫ ДЕЭСКАЛАЦИЙЫ ЗОНÆЙÆ

Иу суткæмæ Сирийы хуссар-ныгуылæн хайы деэскалацийы зонæйæ гуманитарон къæлидорыл рацыдысты 5 мин сабыр цæрæгæй фылдæр. Æдæп-пæтæй иу къуыримæ та гуманитарон къæлидорыл рацыдысты 35 мин адæймаджы, кæцытæн сæ фылдæр хай ацыдысты сæ хæстæджытæм. Иннæтæн Эс-Сувейры провинцийы райтынг æрцыдысты лигъдæтты дыууæ лагеры.

ЦÆТТÆ СТЫ ДОНКЪУБАЛ ÆРÆХГÆНЫНМÆ

Ираны цæттæ сты Ормузаг донкъубал æрæхгæнынмæ нефть транспортировкæйы тыххæй. Ахæм мадзал паддзахад райсдзæн, кæд æмæ ирайнаг нефты экспорт урæд æрцæуа, уæд, – банысан кодта Пысылмон революцийы хъахъхъæнджыты корпусы хистæры хæ-дивæг Исмаил Коусари. Уый размæ АИШ-ы паддзахадон департаменты фехъусын кодтой, зæгъгæ, Вашингтон фæнд кæны ноябры мæйы йе ‘мцæдисонтæм бахатын, цæмæй мауал æлхæной ирайнаг нефть. Ираны президент Хасан Роухани йæ рады ацы фæндтæ схуыдта, сæххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæмтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Тегеранæн ис йæхи программæ, кæцы фехалдзæн АИШ-ы плæнттæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.