Æрæджы Дзæуджыхъæуы, Кутузовы уынджы, ирон адæмы хъæбатыр Гуырцъыты Пипойæн байгом егъау, аив цыртдзæвæн. Пипойы кой, æвæццæгæн, ирон адæмæй чи нæ фехъуыста, ахæмтæ бирæ нæй. Уый йæ цард снывонд кодта адæмы аирвæзын кæныны сæраппонд.

Куыд дзурынц, афтæмæй 1892 азы Владикавказы, Ирыхъæуы слабодкæйы сыстад халеры эпидеми. Адæм мингæйттæй цагъды кодтой. Пипо, йæхи удæн тæссаг уæвгæйæ, зылд рынчынтæм, мæрдты се ‘нусон фæндагыл фæндараст кодта. Уæд æм иу хатт æм фыны Уастырджи æрбацыд æмæ йын бахæс кодта урс гал ссарын, сæрибарæй йæ ауадзын æмæ кæм æрхуысса, уым æй акусарт кæнын. Уымæй аирвæздзысты адæм карз низæй, фæлæ Пипойæн та хъуамæ йæхи цард фæуа. Пипо равзæрста йæ цард снывонд кæнын. Гал раскъæрдта æмæ уый æрхуыссыд, ныртæккæ цыртдзæвæн кæм сæвæрдтой, уыцы бынаты. Галы уыцы ран акусарт кодтой æмæ скуывдтой. Уыцы бонæй фæстæмæ низ фесæфт, фæлæ уыцы цауы фæстæ дыккаг бон Пипо амард. Йæ цард радта йæ адæмы аирвæзын кæныны сæраппонд. Уыцы бынаты та сарæзтой Хуыцауы кувæндон. Фæлæ кувæндон раджы ныппырх æмæ организатортæ хуыздæрыл банымадтой йæ ном сæнусон кæнынæн ын цыртдзæвæн сæвæрын.

Цырт гом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонджытæ, Гуырцъыты мыггаджы минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ, горæты цæрджытæ.

Цырт байгом æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы æмæ мыггаджы амалхъомты æххуысæй.

 

АЭРОПОРТЫ  ХЪОМЫС  РÆЗЫ

Дунеон аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы хъомыс куыд фæстагмæ тынгæй-тынгдæр рæзы. Ивгъуыд азы ацафонмæ абаргæйæ, йæ бæлцæтты нымæцыл æрвылмæй бафты 20 минæй фылдæр. Уый та æмткæй мæймæ рауайы 100 мины бæрц.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлдæфон бæлцæтты нымæцы рæзт фыццагдæр баст у, Мæскуы, Петербург æмæ Сочимæ традицион маршруттыл адæм арæх кæй тæхынц, уыимæ. Иннæмæй та, Дзæуджыхъæуæй Баку, Ереван, Симферополь æмæ Екатеринбургмæ ног уæлдæфон маршруттæ кæй байгом сты, уыимæ.

Фæлæ аэропорты куыст ноджы рæвдздæр ацыд, фарон фæсарæнтæм цы ног рейсытæ бакодтой, уыдоны руаджы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæндонæй ныртæккæ къуыри  иу хатт Дзæуджыхъæуы аэропортæй Турк æмæ Египетмæ, стæй уырдыгæй фæстæмæ бæлцæтты ласынц ног рейсытæ. Уыдон дæр фаг куынæ вæййынц, уæд раттынц уæлæмхасæн рейсытæ.  Æххæст сæ кæнынц авиокомпанитæ «Икар», «Северный ветер» æмæ «Победа». Аэропорты дыууæ терминалы кусынц æнæсцухæй. Иу дзы æххæст кæны мидрейсытæ, иннæ — дунеон.

Аэропорты генералон директор Сергей Чалов куыд загъта, афтæмæй ног рейсыты руаджы, фароны мартъийы мæйæ фæстæмæ бæлцæттыл бафтыд 12 проценты.

Кæй зæгъын æй хъæуы, къухы ахæм æнтыст æнцонæй не ‘фты. Бирæ уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы лæггæдты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæнынæн æмæ уæлдфон балцыты графикты хæлдтытæ ма ‘руадзынæнæн.

 

ÆРДЗ – ХЪАХЪХЪÆНИНАГ

Ацы азы августы мæйæ Цæгат Ирыстоны райдайдзæн национ проект «Экологи»-йы Фæлгæтты æппæтуæрæсейон акци «Бахъахъхъæнæм хъæд».

Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты цы хъæдты хæдзарæдтæ ис, уыдоны сагъд æрцæудзæн 16 гектары сырх тулдзы, æнгуз æмæ тæрсы 12 мин талайæ фылдæр.

Акцийы архайдзысты республикæйы хицауады оргæнты æмæ куыстуæтты минæвæрттæ, стæй бархионтæ.

Акци «Бахъахъхъæнæм хъæд» райдайдзæн 20 августы æмæ ахæсдзæн ссæдз боны. Акцийæн фадæттæ аразынц бæстæйы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад, Хъæды хæдзарады федералон агентад, стæй æрдз хъахъхъæнынады æппæтуæрæсейон æхсæнад.

                                                                     Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.