Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерийы, цыран байхъуыста оперативон уавæры, системæ «Æдас горæт»-ы куысты тыххæй, афтæ ма фыдракæндтæ раргом кæныны динамикæйы тыххæй информацимæ.

Гæззаты Валери паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта, 27 июны горæт Цхинвалы кусын кæй райдыдта интеллектуалон системæ «Æдас горæт».

«Ацы системæйæ пайда цæудзæн Мидхъуыддæгты дæлхайæдты интерестæн. Уый, фыццаджы, ифтонг кæны фæндагон змæлды æдасдзинад. Ныртæккæ системæ ивартæ æрвиты шофыртæн ахæм бархалынæдты тыххæй, куыд сфидаргонд нормæйæ тагъддæр цæуын æмæ светофоры сырхыл ахизын», – загъта уый.

Гаглойты Алан æрдомдта ацы дыууæ категорийыл æрлæууын.

Мидхъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, иварты суммæ сты лоялон – 100  сомæй.

«Нæ иунæг нысан у, кæцы мах фæнды райсын – не ‘мбæстæгты хъуыдыкæнынады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын», – загъта уый.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы республикæйы бæрæг æрцыд фæндагон-транспортон цауты бирæ нымæц.

«Хъæуы æппæт тыхтæ  дæр радтын, цæмæй адæм сахуыр уой фæткмæ гæсгæ скъæрыныл. Кæд адæймаг машинæйыл сбадтис нозтджынæй, уæд хъæуы ахæм механизмыл бакусын: æнæ иварæй машинæ байсын æмæ йæ иу мæйы дæргъы ивары бауромын æнæ финансон фæрæзтæ фидгæйæ», – загъта уый.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Паддзахадон унитарон куыстуат «Югоосетнефтепродукт»-ы сæргълæууæджы хæдзары уагъд æрцыд давды цау. Гæззаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, ацы фыдракæнд чи сарæзта, уыдон бæрæг æрцыдысты æмæ сæ агурынц.

«Уыдон ахызтысты арæнæй, ныртæккæ сты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Бæлвырдгæнæн базæ ис. Уæрæсейаг коллегæтимæ мах æрныхас кодтам Информацион-координацион центры хаххыл. Бахъæудзæн цыдæр рæстæг, цæмæй сæ æрцахсæм», – загъта уый.

Ныртæккæ, Гæззаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, Мидхъуыддæгты министрад агуры нæ республикæйы 4 æмбæстаджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы нæ горæты цæрæгмæ ахасты фыдракæнды.

«Фыдракæнд саразыны бынатæй æмбæстаджы акодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ, æмæ йын бакодтой медицинон æххуыс. Мах бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ йæ цардæн тæссаг нæу. Фыдракæндтæ чи сарæзта, уыдон ахызтысты арæнæй æмæ сты Уæрæсейы Федерацийы», – загъта уый.

Гаглойты Алан Гæззаты Валерийæн бахæс кодта æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ ауадзын уыцы æмбæстæгты æрцахсыны тыххæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у æппæт ресурстæй архайын, уыцы нымæцы Информацион-координацион центры, сбæрæг кæнын, зæрдæ кæмæ æхсайы, уыцы адæмы, æрцахсын æмæ сæ экстрадицийы фарстыл бакусын. Иууылдæр хъуамæ закъоны раз сдзуапп кæной. Æмбæстæгтæ иууылдæр, Президентæй райдайгæйæ рæнхъон æмбæстаджы онг, хъуамæ закъоны раз уой иухуызон.

Нæ республикæйы алы æмбæстаг дæр хъуамæ йæхи хата æдасæй. Закъон фехалыны цыфæнды цаутæ иуварс цæудзысты карзæй», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.