Венесуэлæйæ куыд æрыхъуыст, афтæмæй уым хъавыдысты политикон фæфæлдæхт саразын. диктатор Перес Хименесы президенты бынатæй куы йæ рæстæджы раппæрстой, уыцы боны цытæн  Президент Николас Модуройы политикæйæ райгонд чи нæ у, уыцы адæм Каракасы æмæ æндæр горæтты растадысты Модуройы ныхмæ.  Йæ ныхмæ рацыд, æрæджы Венесуэлæйы Парламенты сæргълæууæгæй кæй равзæрстой, уыцы Хуан Гуайдо, кæцы у Америкæйы адæймаг, ахуыр дæр кодта Америкæйы Иугонд Штатты. Уый йæхи рахуыдта Венесуэлæйы рæстæгмæ президент.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы дзыллон митингтæ æмæ акцитæ арæзт æрцыдысты æддагон æндæвдады, сæрмагондæй та АИШ-ы руаджы. Уый æмбаргæйæ, Николас Мадуро президентон галуаны балконæй йæ фарсхæцджыты раз раныхас кæнгæйæ, куыд банысан кодта, афтæмæй Гуайдо у æнæконституцион «президент», оппозици та бафæлвæрдта паддзахадон фæфæлдæхт саразын. Уый æрсидт æфсадмæ, цæмæй иузæрдион уой конституцион президентыл æмæ йæ фарс хæцой. Мадуро уынаффæ рахаста, цæмæй 72  сахатмæ Америкæйы минæварад ацæуой Венесуэлæйæ. Уый фæстиуæгæн Венесуэлæйы уæвæг Америкæйы минæварады кусджыты иу хай ныууагътой сæ куыст æмæ ацыдысты ацы бæстæйæ.

Америкæйы зæрдæ барухс кæныны нысанæн Гуырдзыстон дæр АИШ, Канадæ æмæ Хуссар Америкæйы къорд бæстæты фæстæ рахæцыдысты Венесуэлæйы оппозицийы фарс. Кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон дæр æмæ Америкæ дæр сæ маст исынц, Венесуэлæ Уæрæсеимæ хæлар паддзахад кæй у æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ кæй банымадта, уый тыххæй.

Мадуройы фарс рахæцыдысты сыхаг бæстæтæ Мексикæ æмæ Боливи. Ацы бæстæты лидертæ Мадуройы нымайынц легитимон президентыл.

Уæрæсе, Абхаз, Китай, Турк, Никарагуа, Уругвай дæр Николас Мадуройы  нымайынц Венесуэлæйы закъонон президентыл æмæ сæ позици фæивын нæ фæнд кæнынц. Уыдонмæ æрбаиу Иран дæр. Уыдон иууылдæр Америкæйы нымайынц ахæм бæстæйыл, кæцы Венесуэлæйы мидæггагон хъуыддæгты æргомæй йæхи хæццæ кæны.

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров куыд загъта, афтæмæй та ацы хатт  дæр Америкæйы къухдариуæгад халы æхсæнадæмон барады норматæ æмæ принциптæ Венесуэлæмæ ахасты. Куыд æндæр бæстæты, афтæ та уым дæр аразы хуызджын революци, йæ политикæ дарддæр кæны, йæ зæрдæмæ цы бæстæты лидертæ нæ цæуынц, уыдон æнæзакъонæй раппарыны хъуыддаджы.

Уый дæр банысан кодта Америкæйы æнæхъола архайд Венесуэлæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Америкæ фыццаг хатт нæ хъавыд президенты бынатæй Мадуройы раппарын, уыцы нымæцы йæ физикон æгъдауæй скуынæг кæнын дæр.

Лавровы хъуыдымæ гæсгæ, Гуайдойы АИШ æмæ æндæр бæстæтæ æвæстиатæй кæй банымадтой президентыл, уый дзурæг у, уыцы бæстæты æрдыгæй Венесуэлæйы барæй арæзт кæй æрцыд дыууæ хицау.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Николас Мадуроимæ æмзæрдæ у Хуссар Ирыстон дæр.

Президент Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ та «Америкæ радон хатт фенын кодта, сæхи территоритыл цы адæмтæ цæрынц, уыдоны хъуыды кæй ницæмæ дары. Америкæ сызмæстой Æввахс Скæсæны, сызмæлын кодтой Европæйы, ницæмæ дарынц Африкæйы. Ныр та Латинаг Америкæйы рад æрцыд. Америкæйы Иугонд Штаттæ кæмдæриддæр фæзынынц, уым вæййы хаос, трагеди, тугкалд. Хуссар Ирыстон дæр бахауд Америкæйы Иугонд Штатты «фыдыссæны», Гуырдзыстон Америкæйы ардыдæй, америкæйаг хæстон техникæ, хæцæнгæрзтæ æмæ дарæсы Хуссар Ирыстоны адæмы скъуынæг кæнын куы бафæлвæрдта, уæд, фæлæ Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстон йæхи раскъуыдта Гуырдзыстоны тугæйдзаг къухтæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.