Бирæтæ хъаст кæнынц фæстаг рæстæджыты, зæгъгæ, сæ сынтæгæй кæй рабадынц уонгмардæй, тыхтæ сæм æппындæр кæй нæ вæййы, цæмæй райсомæй сæ куыстытæ бакæной, уый тыххæй. Ахæм рæстæджы адæймаджы фæхъæуы тыхтæ æрбамбырд кæнын æмæ хи рабадын кæнын, цæмæй уæ райсомы куыстытæ бакæнат, бирæ кофе баназат, цæмæй уæм чысыл энерги уæддæр фæзына. Уый алы хатт афтæ нæ нысан кæны, æмæ адæймаг тынг бафæллайы куысты хабæртты кæнæ йæ хæдзарон куыстытæй. Уæдæ йæ аххосаг цæй мидæг уыдзæн?

Бацархайут уæ хуымæтæг бонæн анализ скæнын. Цæмæй уын æнцондæр уа, уый тыххæй уæ бон у æмæ уæ архайдтытæ фысгæ дæр кæнат. Ахæм архайды фæрцы гæнæн ис æмæ рабæрæг кæнат, цæуыл уын хардз цæуы уыйас энерги боны дæргъы, уый.
  1. Кæнæ цъус рæстæг фынæй кæнут, кæнæ та — æгæр бирæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, канд цъусрæстæгон фынæй æвзæрырдæм не ’ндавы адæймаджы организмыл, фæлæ ма æгæр бирæ дæр куы фынæй кæнат, уæд уый дæр. Фынæйы размæ ма кæсут телевизормæ кæнæ та уæ телефонмæ. Ахуыссын сæ кæнут. Уæ хуыссæнуатмæ æрбауадзут сатæг уæлдæф, цалынмæ нæ бафынæй кæнат, уæдмæ.
  2. Фынæйы размæ ма цъус рæстæг куыд хъæуа, афтæ уæхи бауромут фырхæрд кæнынæй дæр. Уый, æцæгæйдæр, æппæрццагæй æндавы канд уæ организмыл нæ, фæлæ ма уæ фынæйы гъæдыл дæр. Аиуварс кæнут уæ хæринæгтæй æгæр цæхджын, адджын æмæ сур хæринæгтæ, афтæ ферох кæнут нозт дæр.
  3. Арæхдæр цæут æрдзы хъæбысмæ. Уымæн æмæ æрдзы сатæг уæлдæф æмæ хъæды цы рæстæг арвитат, баулæфут, уый дæр æвæрццагæй бандавдзæн уæ фынæйы гъæдыл. Уæ фадæттæ уæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ фылдæр цæут æрдзы хъæбысмæ, горæттаг тыхстызмæлдæй фæиппæрд кæнут уæхи æмæ уын уæ организм «бузныг зæгъдзæн».
  4. Уæ алыварс цы адæм ис, уыдонмæ уæ хъус дарут. Уымæн дæр стыр нысаниуæг ис. Уымæн æмæ уын цы адæймаджы уынд нæ хæссы æхцондзинад, уый дæр уын уæ энерги «хæры». Уымæ гæсгæ, ахæм адæймæгтæй уæхи цас фылдæр хизат, уыйас — хуыздæр.
  5. Æппынæдзух искæмæ куы хæлæг кæнат, уæ хъæстæдзинад æмæ уæ мастыгæрдзинад куы æвдисат фæйнæрдæм, уæд уын уый хорзæй ницы æрхæсдзæн, уый нæ, фæлæ уын разиан кæндзæн уæ организмæн. Уæ энерги ахæм æппæрццаг ахастытæй кæндзæн тыхсгæ. Уый тыххæй та алцæмæ дæр кæсут позитивонæй æмæ-иу уæхицæн ныфсытæ авæрут алы æнæн-хъæлæджы ситуациты дæр.
  6. Кæронмæ цы хъуыддæгтæ нæ бакодтат, уыдон дæр æппынæдзух адæймаджы зæрдыл фæлæууынц æмæ уымæй дæр адæймаг алы хатт дæр фæкæны тыхсгæ æмæ йæ энерги къаддæр кæны. Уæ бон куыд у, куыд æххæссат уæ хъуыддæгтыл, уымæ гæсгæ сæ райдайут аразын, цæмæй уæ тыхстдзинад фæкъаддæр уа æмæ уын уый та йæ рады æхцондзинад æрхæсдзæн æмæ уæ энерги дæр уæхимæ баззайдзæн.
  7. Адæймаджы организмæн йæ энерги æппæты тынгдæр «хæры», истæмæй куы фæхъæрзы æмæ куы фæриссы, уæд. Организм исты судзгæ низæй куы фæтыхсы, уæд тынг бандавы адæймаджы энергийыл дæр, уымæн æмæ низ адæймаджы мидæгæй «фæхæры» æмæ йын йæ тыхтæ канд физикон æгъдауæй нæ сафы, фæлæ ма моралон æгъдауæй дæр. Уымæ гæсгæ, куыд раздæр базонат уæ низыхатт, уыйас уæ организм дæр æмæ уæ уд дæр сулæфдзысты æмæ уæ энерги дæр уæхимæ баззайдзæн.

Цæмæй уæ царды энергетикон баланс хъахъхъæд цæуа, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у алы бон дæр уæ рæстæгæн йæ 50 проценты бæрц рауæлдай кæнат ахæм хъуыддæгтæн, кæцытæ уын энерги дæттынц æмæ уын уе ’нкъарынадыл хорзæрдæм æндавынц: хорз чингуытæ кæсут, тезгъо кæнут сыгъдæг уæлдæфмæ, хъусут зæрдæмæдзæугæ музыкæмæ, зилут дидинджытæм æмæ, æмткæй сисгæйæ, уæхиуыл кусут, цæмæй уæ цард алыварсонæй дæр уа рæсугъддæр æмæ æвæрццагдæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.