Раарфæ кодта финалисттæн

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы йæхимæ райста æппæтуæрæсейон конкурс «Лидеры России»-йы финалистты. Конкурс нысан у паддзаха-дон управленийы кадрты стратеги сног кæнын, афтæ ма уæлдай хуыздæр спецалистты экономикæйы управленийы фадыгмæ æрбакæнын. Æххæст æрцыд конкурсы сæйраг нысан – арæзт æрцыд бæрзондпотенциалон профессионалты ссарыны æмæ равзарыны системæ.

Фембæлд ФИФА-йы сæргълæууæгимæ

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы фæмбæлд Футболы дунеон федерацийы (ФИФА) сæргълæууæг Джанни Инфантиноимæ. Фембæлды уынаффæ цыд футболæй дунейы чемпионатмæ цæттæдзинады тыххæй. Уый размæ Президенты пресс-секретарь Дмитри Песков куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе дарддæр дæр йæхи цæттæ кæны æмæ ис цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад футболæй дунейы чемпионат ауадзынæн.

 

Ныфс бавæрдта æрбаздæхынæй

Гуырдзыстоны раздæры президент, Одессæйы областы раздæры губернатор Михаил Саакашвилийы баурæдтой Киевы центрæй аластой йæ киеваг аэропортмæ æмæ йæ чартерон рейсыл арвыстой Польшæмæ. Уый Варшавайы пресс-конференцийы загъта, зæгъгæ, æнæмæнгæй сæндидзын кæндзæн украинаг æмбæстагдзинад. Загъта, зæгъгæ,  йæ бæрзæйы рыст ацæудзæн, фæлæ, зæгъ, мах сæ бæрзæйтæ асæтдзыстæм Порошенко, Ахметов æмæ æндæртæн. Уый фæнд кæны Киевы протестон акцитæ фæтыхджындæр кæнын, загъта ма, зæгъгæ, тагъд рæстæджы уый фæстæмæ æрбаздæхдзæн Киевмæ æмæ раппардзæн Порошенкойы хицауады.

Хайад исдзысты нефты гуырæнтæ сæндидзын кæныны

УФ-йы Энергетикæйы министр Алек-сандр Новак куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг компанитæ хайад исдзысты Сирийы нефт-газы гуырæнтæ сæндидзын кæныны. Уæрæсе æмæ Сирийы ‘хсæн нефт-газы фадыджы æм-гуыстады фæдыл фæндагон картæйы нысан цæуы ацы арабаг паддзахады нефт-газы ног гуырæнтæ сæндидзын кæнын æмæ бакусын, афтæ ма геологон развæдсгæрсты дæр. Уый размæ УФ-йы вице-премьер Дмитрий Рогозин загъта, зæгъгæ, Сири, сæрмагондæй план кæны æрмæстдæр Уæрæсеимæ æмгуыстад кæнын сæ энергетикон кондадтæ сæндидзын кæныны фарсты.

Адих сын кодтой рæстæг

УФ-йы Централон æвзарæн къамис  Уæрæсейы Президенты бынатмæ кандидатты ‘хсæн адих кодта агитацийы сахаттæ федералон теле æмæ радиоканалты. 19-æм февралæй телеуынынады æмæ радиойы райдайдзæн æвзæрстыты агъоммæйы агитаци Дебаттæ уагъд цæудзысты райсом æмæ изæры прайм-таймты. ЦÆК-ы уыд хæлттæппæрст кан-дидатты ‘хсæн паддзахадон федералон телерадио каналты эфирон рæстæджы фæдыл. Дебаттæ аххæсдзысты 15-æм марты онг.

Йæ тыхы йæ ныууагъта

Лондоны магистратон тæрхондон йæ тыхы ныууагъта WikiLeaks-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанжы æрцахсыны фæдыл ордер. Афтæмæй уымæн гæнæн нал уыдзæн бритайнаг хицауад йæ фæдыл кæй зилы, уый тыххæй бахъаст кæнын. Уæ зæрды уын лæууын кæнæм, 2012 азæй фæстæмæ Ассанж æмбæхсы Лондоны Эквадоры минæвæарады территорийыл, цыран уый райста ацы бæстæйы æмбæстагдзинад.

«Наставник 2018»

ВДНХ-йы 75-æм павильоны байгом æппæтуæрæсейон фыццаг форум «Наставник 2018». Форумы организатор у Стратегион инициативæты агентад. Хайад дзы исынц 10 мин адæймагæй фылдæр, 200 спикеры, 350 аккредитацигонд журналисты. Форумы программæ у алыгъуызон æмæ хъæздыг, планы сты панелон сесситæ, мастер-къластæ æмæ воркшоптæ ауадзын. Алы адæймаг дæр у курдиатджын æмæ тырнын хъæуы цæмæй сæ  курдиат раргом æрцæуа», – радзырдта Стратегион инициативæты агентады генералон директор Светлана Чупшева.

Уæрæсе аргъ кæны Белгийы цæстæнгасæн

Ацы бонты баныхæстæ уыд УФ æмæ Бельгийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджытæ Сергей Лавров æмæ Дидье Рейндерсæн. Баныхæсты рæстæджы Сергей Лавров загъта, зæгъгæ, Уæрæсе аргъ кæны Мæскуы æмæ Евроцæдис æмæ НАТО-йы проблемæтæ скъуыддзаг кæныны Бельгийы архайдæн. Фæрстæ лæмбынæг æруынаффæ кодтой январы кæрон УФ-мæ Бельгийы премьер-министр Шарль Мишелы официалон визиты фæстиуджытыл. Уымæй дарддæр ма, министртæ бадзырдтой, цæмæй уæлдæр æмвæза-ды къухты бафтгæ æппæт бадзырдтыл дæр куыст цæуа.

АИШ нæ фæнд кæны санкцитæ аивын

АИШ-ы паддзахадон департаменты официалон минæвар Хезер Науэрт  фæаххосджын кодта Мæскуыйы, зæгъгæ, не ‘ххæст кæны Донбассы хæстон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Минскы бадзырдтæ, афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ Уæрæсейы ныхмæ цы санкцитæ бакодта, уыдон нæ аивдзæн, цалынмæ «Уæрæсе Хъырымы æрдæгсакъадах фæстæмæ Украинæмæ ма раздаха, уæдмæ».

Ацыд партийы сæргълæууæджы бынатæй

Германы Социал-демократон партийы лидер Мартин Шульц ацыд отставкæйы партийы сæргълæууæджы бынатæй. Политик нымад цыд ФРГ-йы канцлеры сæйраг оппонентыл. Партийы президиумы рабадты хайадисджытæ рахæцыдысты Шульцы идеяйы æвварс æмæ партийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй снысан кодтой Андреу Налесы.

Дыууæфарсон контакттæ

Уæрæсемæ официалон визитимæ æрцыд Палестинæйы сæргълæууæг Махмуд Аббас, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, арабаг-израилаг бæстонкæ-нынады фарсты фæдыл АИШ-имæ не ‘мгуыстад кæндзæн. Фæлæ фембæлды Владимитр Путин бамбарын кодта, зæгъ-гæ, æнæ Вашингтоны хайадистæй нæ хæцы ацы фарст аскъуыддзаг кæныны æвварс. Аббас бамбарын кодта, зæгъгæ, Палестинæйы уынаффæ баст у Иерусалимы статусы фæдыл АИШ-ы архайдтытимæ. Сæвзæргæ уавæр хынцгæйæ, Аббас йæ фæндон загъта Путинæн æв-вахсхурскæсæйнаг бæстонкæнынады фæдыл конференци саразыны тыххæй, кæцы баххуыс кæндзæн ахæм механизм саразынæн, цæмæй Иугонд Штаттæ иу-нæг æхсæны бæстæ ма уа ацы фарсты, фæлæ æрмæстдæр æхсæны бæстæты къорды хай.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.