Цæгат Ирыстон-Аланийы азы кæронмæ цалцæг æрцæудзæн ирон литературæйы бындурæвæрæг  Хетæгкаты Къоста кæм райгуырд, уыцы мемориалон хæдзар-музей Нары хъæуы, – хъусын кæны РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Морготы Константин. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæст цæуынц республикæйы дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бонмæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны мадзæлтты план среализаци кæныны фæлгæтты. «Азы кæронмæ мах цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзыстæм Цæгат Ирыстоны культурон хæзнадоны нысаниуæгджын объекттæй иуы – Къостайы хæдзар-музейы. 2020 азæй æххæст æрцыд стыр куыст», – загъта уый.

Дыууæуæладзыгон бæстыхай тъæпæн уæлхæдзаримæ, террасæтæ æмæ фæзуæттимæ арæзт у дуртæй хæххон хæдзæрттæ куыд арæзтой, афтæ. Подрядон аскъуыддзаг кодта террасæты гидроизоляцийы фарстытæ, æххæст æрцыдысты мидæггагон куыстытæ дæр.

«Цалцæггæнæн куыстыты размæ музейы экспозици – нывтæ, чингуыты, æрмæджыты равдыст, кæцытæ рауагъд æрцыдысты Къостайы удæгасæй, раластам æмæ сæ ныр та фæстæмæ ласæм», – загъта уый.

Поэт, публицист æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы ном зындгонд у дунейы. 1899 азы уый рауагъта поэтикон æмбырдгонд «Ирон фæндыр», цыран фыццаг хатт мыхуыр æрцыдысты сывæллæттæн æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл. Уый бирæ фыста уырыссаг æвзагыл, æмгуыстад кодта Цæгат Кавказы бирæ газетты редакцитимæ. Уый ныффыста ирæтты историйы тыххæй этнографион очерк «Особа».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.