Æрæджы Знауыры поселочы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд бирæ адæм. Уырдæм фæуазæг Ленингоры районы Цъинагары хъæуы хореографион ансамбль «Арвырон» йæ къухдариуæггæнæг Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй. Знауырæгтæ стыр цымыдисимæ бакастысты сæ уазджыты арæхстдзинадмæ. Ацы ансамблæн йæ хорзы ном хъуыстгонд у æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ ма уымæн æддейæ дæр. Ансамбль арæх хайад райсы Уæрæсейы уагъдцæуæг алыгъуызон фестивалты, конкурсты æмæ дзы алыхатт дæр бацахсы призон бынæттæ. Ныр та цæугæ концертæй сфæнд кодтой знауырæгты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Концерт уагъд æрцыд дыууæ районы ‘хсæн культурон мадзæлттæ ауадзыны æмæ кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад бацамоныны фæлгæтты.

Знауыры поселочы Культурæйы хæдзары сæргълæууæг Кокойты Светæйы ныхæстæм гæсгæ, концерт ацыд бæрзонд æмвæзадыл. «Цъинагайрæгты арæхстдзинад тынг фæцыд знауыраг сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Уый афтæ кæй уыд, уый зынд тыхджын къухæмдзæгъд сын кæй кодтой, уымæй дæр. Ныр та Ленингоры районмæ ацæудзæн Знауыры поселочы Культурæйы хæдзары хореографион ансамбль «Ныфс». Дыууæ районы ‘хсæн ма ахæм цæугæ концерттæ уагъд цыдысты уый размæ азты дæр. Иу дзырдæй, концерт сценæмæкæсджытæн ссис æцæг сфæлдыстадон бæрæгбон», – загъта Кокойты чызг.

Ансамбль «Арвырон» сценæмæкæсджыты рæгъмæ рахаста алыгъуызон цымыдисон програм-мæ. Сæххæст кодтой фараст кафты, уыцы нымæцы «Чызджыты кафт», «Абхазаг кафт, «Хонгæ» æмæ æндæртæ. РХИ-йы паддзахадон телерадиокомпани «Иры проект «Дзырд»-ы финалисткæ Хуыбылты Аннæ аив бакаст æмдзæвгæтæ. Гуссойты Анжелæ та тынг хорз сæххæст кодта цалдæр зарæджы.

Концертмæ æрбацыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан. Уый раарфæ кодта ленингойраг ансамблы хайадисджытæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ та загъта сæ хъомылгæнæг Гуссойты Ласкойæн  коллективы сфæлдыстадон рæзтмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй. «Арфæ уын кæнын, абон нын нæ зæрдæтæ уæ арæхстдзинадæй кæй бахъæлдзæг кодтат, уый тыххæй. Ирдæй зыны ансамблы къухдариуæггæнæг æвæллайгæ куыст кæй кæй кæны йæ хъомылгæнинæгтимæ, уый. Уымæн йæ фæстиуæг – уæ бæрзонд сфæлдыстадон æмвæзад». Гобозты Алан Гуссойы фыртæн бакодта зæрдылдарæн лæвар – нæлгоймæгтыл аудæг Уастырджийы ныв.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ хореографион ансамбль «Арвырон»-æн Гуссойты Ласко кæй разамынд кæны 2007 азæй фæстæмæ. Уал азы дæргъы ансамбль цал æмæ цал конкурсы райста хайад, уыдон чи фæнымайдзæнис. Ацы аз июлы мæйы цъинагайраг ансамбль йæ арæхстдзинад равдыста Цхинвалы районы Громы хъæуы  æмæ уырдæм æввахс хъæуты цæрджытæн.

Цæугæ концерт: цъинагайрæгты лæвар знауыраг сценæмæкæсджытæн

Гуссойты Ласко банысан кодта: «Знауыры поселочы цæрджытæ æмæ къухдариуæгад ныл сæмбæлдысты хъарм зæрдæйæ, райстой нæ тынг хорз. Нæхæдæг дæр райстам бирæ эмоцитæ. Ацы цæугæ концерттæ нын суыдзысты æрвылазон».

Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад баны-майыны боныл 15 азы сæххæсты цытæн «Арвырон» 23-æм августы концерт радта Цъинагары хъæуы Культурæйы хæдзары æмæ абон, 24-æм августы та сæ аивадæй барухс кæндзысты Ленингоры поселочы сценæмæкæсджыты зæрдæтæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ фæнд кæнынц республикæйы иннæ районты дæр концерттæ сорганизаци кæнын. Загъта ма, зæгъгæ, сын кафæн формæйæ баххуыс кæнынц Четион Мая æмæ Ленингоры районы администрацийы Культурæйы хайад.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.