Азæй-азмæ нæ республикæйы культурон уагдæтты материалон-техникон базæ кæй хуыздæр кæны, сфæлдыстадон коллективты профессионалон æмвæзад кæй рæзы, уыдæттæ ахъаз кæнынц цæрджыты сæрибар рæстæг хуыздæр организаци кæнынæн æмæ фæсивæды национ культурæйыл цайдагъ кæнынæн.

Афтæ у Цхинвалы районы дæр. Районы администрацийы управленийы хистæр Гаглойты Ростик нын куыд радзырдта, афтæмæй ам архайынц ахæм сфæлдыстадон коллективтæ, куыд адæмон ансамбль “Амонд”, фольклорон ансамбль, адæмон театр, вокалон къорд “Ирон фæндыр” æмæ сывæллæтты ансамбль “Малусæг”, кæцытæн сæ къухдариуæггæнджытæ сты Гаглойты Изольдæ, Санахъоты Сослан, Уанеты Æхсар æмæ Саппиаты Зæлинæ. Уыдоны арæхстдзинады руаджы рæзы коллективты профессионалон дæсныйад æмæ фæндаг ссардтой канд районы нæ, фæлæ æппæт республикæйы сценæмæкæсджыты зæрдæтæм дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ ма районы архайынц вокалон инструменталон ансамбль “Арвырон”, Къостайыхъæуы, Хелцуайы, Тъбеты, Дменисы хъæууон культурæйы хæдзæрттæ, сывæллæтты хореографион ансамблтæ, афтæ ма æндæр алыгъуызон хæдархайгæ аивадон къордтæ.

Аивгъуыйгæ азы бакæнгæ куысты тыххæй дзургæйæ Гаглойты Ростик банысан кодта, зæгъгæ, культурон мадзæлттæ районы райдыдтой ногазон бæрæгбонтæй. Ацы мадзæлтты рæстæджы сывæллæттæн байуæрстæуыд ногазон лæвæрттæ. Организаци æрцыдысты бæрæгбонон изæртæ æмæ концерттæ. Дменисы культурæйы хæдзары ауагътой ногазон карнавал районы æппæт сывæллæттæн. Ногазон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты районы æппæт культурæйы хæдзæртты дæр.

Сылгоймæгты бæрæгбоны цытæн æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Тъбеты æмæ Хелцуайы культурæйы хæдзæртты, Сатихъары хъæууон библиотекæйы. Дменисы хъæумæ та бæрæгбонон мадзалмæ фæхуыдтой бирæсывæллонджын мæдты æмæ сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Традицимæ гæсгæ хæрзаудæн акци ауагъдæуыд пансионат “Аудындзинад”-ы. Ам чи цæрынц, уыдоны раз сæ арæхстдзинад æвдыстой, ансамбль “Амонд”æмæ “Адæмон театр”-ы артисттæ. Уыдон ма сын бакодтой ногазон лæвæрттæ.

Культурæйы управлени сæрмагонд хъусдард здæхта рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотон хъомыладмæ. Уый фæдыл уагъд цыдысты æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ. Хъæууон клубты æмæ библиотекæты организаци кодтой гуырдзиаг-ирон хæсты хайадисджытимæ мадзæлттæ Зары, Ереды æмæ Тъбеты æрцæугæ трагедиты тыххæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн фембæлдтытæ уагъд цыдысты æфсæддон службæгæнджытимæ. Вокалон къорд “Ирон фæндыр” æмæ ансамбль  «Арвырон” концерттæ радтой арæнхъахъхъæнджыты заставæты.

Нæ уарзон бæрæгбонтæй сæ иу у Уæлахизы бон. Уымæ цæттæгæнгæйæ районы æндæр уагдæтты кусджытимæ æмбæлон уагмæ кодтой хæстон цыртдзæвæнтæ. Уагътой сабатбонтæ. Цыртдзæвæнты раз уагъд цыдысты митингтæ, фембæлдтытæ, æвæрдтой сыл веноктæ. Ацы бæрæгбонмæ культурæйы объектты сфæлыстой цæстуынгæ æрмæджытæй, фембæлдтытæ уагътой фæсчъылдымы ветерантимæ. Дменисы культурæйы хæдзары та ауагъд æрцыд конкурс аивадон кæсынæй æфсæддон-патриотон темæйыл.

Дменисы культурæйы хæдзары ма ауагъдæуыд районон масштабы мадзал – культурæйы хъæууон хæдзæртты аивадон хæдархайгæ коллективты цыппæрæм æркаст. Призон бынæттæ чи бацахстой, уыдонæн лæвæрд æрцыдысты зынаргъ лæвæрттæ, разæнгардгæнæн призтæ æмæ грамотæтæ.

Ноябры мæйы та районы сфæлдыстадон коллективтæ активон хайад райстой аивадон хæдархайгæ коллективты республикон æркасты, кæцыйы сорганизаци кодта культурæйы министрад. Ацы мадзал фæахъаз сфæлдыстадон коллективты дæсныйыд рæзын кæнынæн. Афтæ ма рабæрæг кодта сæ æрвылбонон куысты лæмæгъдзинæдтæ дæр. Районы сфæлдыстадон коллективты æвæрццаг куыст нысан æрцыд культурæйы министрады ‘рдыгæй дæр.

Цæрджыты домæнтæ æххæсткæнгæйæ

Хæдархайгæ аивадон къордты æмрæнхъ ма районы архайынц 14 хъæууон библиотекæйы. Уыдонæн методикон æххуыс кæнынц централон библиотекæйы кусджытæ. Библиотекæтæн сæ иумæйаг чингуыты фонд у 32806. Уыдонæй пайда кæнынц 1200 адæймаджы. Чингуыты фонд æрвылаз дæр баххæст вæййы ног чингуытæй.

Библиотекæйы бон сæрмагондæй нысан æрцыд районы централон æмæ Дменисы хъæууон библиотекæты. Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн та ауагъд æрцыдысты ахæм мадзæлттæ, куыд “Ирон æвзаг – нæ фыдæлты фарн æмæ кад”, “Не `взаг – нæ хæзна”. Сарæзтой мадзал фыссæг Харебаты Леонидыл 90 азы сæххæсты фæдыл.

Йæ иувæрсты нæ ахызтысты сывæллæтты хъахъхъæныны бонæн дæр. Банысан æй кодтой Къостайыхъæуы  культурæйы хæдзары, Дменисы культурæйы хæдзар та сорганизаци кодта сывæллæттæн бæрæгбон “Мацхуарийы фидар”-ы территорийыл.

Украинæйы специалон æфсæддон операцийы не `мбæстæгтæй хайад чи исынц, уыдонæн æххуысы нысанæн адæмон ансамбль “Амонд” паддзахадон драмон театры ауагъта хæрзаудæн концерт.

Сæрды мæйты районы сфæлдыстадон коллективтæ концерттæ æмæ спектаклтæ æвдыстой республикæйы æндæр æмæ æндæр районты цæрджытæн. Афтæ ма активон хайад райстой республикæ расидыны боны тыххæй цытджын мадзæлтты.

Рæзгæ фæлтæры ирон традицитимæ хуыздæр зонгæ кæныны нысанæн ивгъуыд аз сентябры мæйы Джеры дзуары территорийыл ауагъдæуыд егъау культурон мадзал. “Табуйаг сты нæ рухс кувæндæттæ”, зæгъгæ. Ам уыд бирæ адæм æмæ уæрæхæй нысан æрцыд Джеры дзуары бон.

Æрвылаз дæр районы культурон уагдæттæ сæхи æмбæлонæй бацæттæ кæнынц Хетæгкаты Къостайы гуырæнбонмæ. Афтæ уыд ацы аз дæр. Культурæйы управленийы минæвæрттæ веноктæ сæвæрдтой поэты цыртыл. Культурон уагдæтты организаци æрцыдысты чингуыты равдыстытæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг фембæлдтытæ. Республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæртты хайад истæй бæрæгбонон мадзал уыд Къостайыхъæуы поэтæн цы хæдзар музей ис, уый территорийыл. Уыдоны раз ралæууыдысты Цхинвалы районы сфæлдыстадон коллективтæ. Уыдон ма хайад истой аивадон хæдархайгæ коллективты республикон æркасты дæр.

Сæрмагондæй мæ фæнды зæгъын, адæмон ансамбль “Амонд”-ы тыххæй. Уый у республикæйы сфæлдыстадон коллективтæй сæ иу. Йе сфæлдыстадимæ базонгæ кæны сценæмæкæсджыты республикæйы æмæ уымæн æддейæ цæрджыты дæр. У бирæ æппæтцæдисон æмæ дунеон фестивалты лауреат. Афтæ ма уый у, паддзахадон ансамбль “Симд”-æн кадртæ цæттæгæнæг дæр.

Аивгъуыйгæ азы дæр ацы ансамблы фæхуыдтой æндæр æмæ æндæр конкурстæ æмæ фестивалтæм, фæлæ, финансон фæрæзтæ кæй нæ разынд, уымæ гæсгæ гастролон балцыты нал ацыдысты. Бирæ азты дæргъы скъуыддзаг нæ цæуы штаттæ радих кæныны фарст æмæ раздæрау ансамблы артисттæн се `мбисы бæрц кусынц æрдæг штаттыл. Уый аххосæй бирæты бахъæуы сæ куыст ныууадзын.

Кæд районы культурон объектты материалон-техникон уавæр хуыздæр кæны, уæддæр дзы нырма ис скъуыддзагкæнинаг фарстытæ. Тъбеты культурæйы хæдзары хъармгæнæн системæ у цалцæгкæнинаг. Иумæйагæй сисгæйæ культурон уагдæтты рæстæгыл бацæттæ кодтой хъармгæнæн сезонмæ, бакуыстой периодикон мыхуыр рафыссыныл дæр. Цухдзинæдтыл дзургæйæ мæ банысан кæнын фæнды уый дæр æмæ ансамблтæ “Амонд”, “Малусæг”, афтæ адæмон театрæн дæр сног кæнинаг кæй сты сæ сценикон дарæс. Кафæн дарæс хъæуы хъæууон клубты архайæг сфæлдыстадон коллективты дæр. Хъуагдзинад æййафынц музыкалон инструменттæй, оргтехникæйæ æмæ аппаратурæйæ дæр. Хъæуы рог цалцæг скæнын культурæйы хъæууон объектты.

 «Уыцы æмæ æндæр цухдзинæдтæ аиуварс кæнгæйæ зынгæ фæахъаз уаиккой районы культурæйы уагдæтты архайд фæбæрзонддæр æмæ ахадæндæр кæнынæн,”- загъта йæ ныхасы кæрон Гаглойты Ростик.

БЕСТАУТЫ Валя