Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй уагъд æрцыд радон æмбырд, цыран хайад райстой Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы директор Цхуырбаты Алан, афтæ ма Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи цæуынц, архайæг подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Æмбырды сæйраджыдæр дзырд цыдис 2018-2019 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстыты график куыд хъахъхъæд цæуы, уый тыххæй. Бæлвырд æрцыдысты хицæн куыстытæ æххæст кæныны æмгъуыдтæ. Æмæ подрядон организациты къухдариуæг-гæнджытæн та хæсгонд æрцыд, цæмæй сæ хъус дарой, объектты арæзтад куыд цæуы, уымæ, кусой куысты графиктæ хъахъхъæнгæйæ.

«Сымах зонут, æнтысгæ арæзтадон процессы бæрæггæнæнтæй сæ иу кæй у рахицæнгонд финансон фæрæзтæй æххæстæй спайда кæнын. Уымæ гæсгæ домын, цæмæй æмбæлон организацитæ сфидаргонд æмгъуыдты бавдисой хыгъдон документаци бакæнгæ куысты фæдыл», –  банысан кодта Хицауады Сæрдар, йæ ныхас подрядон организациты къухдариуæггæнджытæм аздахгæйæ.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестпрограммæмæ хаст чи æрцыдысты, уыцы инженерон хызæгты фæдыл арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ сты фæуд. Хыгъдон документацийы тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ кусынц уый бацæттæ кæныныл, æмæ, зæгъгæ, цæттæ у йæ 85 проценты.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы, уыдонæн ис бирæ куыстытæ бакæнинаг. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй горæты цы уынгтæ арæзт цæуынц, уыдонæн сæ иу хайыл ныридæгæн æвæрд æрцыд асфальты фыццаг фæлтæр. Æввахсдæр бонты та райдайдзысты Дмитровы æмæ Къуайсайы уынгтæ, стæй сæ фæстæ та Нарты уынг асфальт кæнын.

Пухаты Эрик Гуыззыдтаты Эдуардæн бахæс кодта, цæмæй бацæттæ кæна æмæ бавдиса Гром-Цъинагары фæндаг асфальт кæныны фæдыл хæрдзтæ.

Æмбырды уынаффæ цыдис æвæгæсæг зæрæдты хæдзары чи цæрынц, уыдоны ног социалон центрмæ ракæныны фарстыл. Центр арæзт æрцыдис горæтæн цæгат ныгуылæны ‘рдыгæй.

Экологион-технологион æмæ арæзтадон хъусдарды фæдыл комитеты Сæрдар Къуылыхты Таймураз ацы фарсты фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, йæ рæстæджы цы фиппаинæгтæ загъдæуыд ацы объектты фæдыл, уыдоны йæ аразæг подрядон организаци аиуварс кодта рæстæгыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.