1-æм сентябрь – Зонындзинæдты бон… Хъæлдзæг æмæ райдзаст бæрæгбон… Фæлæ ахæм бæрæгбон уыд, цалынмæ 2004 азы Беслæны 1-æм скъолайы теракт не ‘рцыд, уæдмæ. Ныр 18 азы дæргъы 1-æм сентябрь ирон адæмæн ссис фыдохы бон дæр, æдзард удты мысæн бон

Уæ размæ уын хæссæм, Беслæны трагедийы чи бахауд æмæ сæрæгасæй чи аирвæзтысты, уыдонæй цалдæры мысинаджы.

«ФЫСТÆГ НÆ ФИДÆНМÆ»

«Æвæццæгæн чысылдæр кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ ме ‘нкъарынад дæр арф нæ уыд æмæ мын уыцы бонты цаутæ афтæ тынг нæ агайттой мæ зæрдæ. Фæлæ ныр азтæ куыд цæуынц, афтæ мын у зындæр. Æрындæвтой мыл, амынæты бадгæйæ нын террористтæ цы хъизæмæрттæ æвзарын кодтой, уыдон. Фæстæмæ, уыцы бонтæм акæсгæйæ мæм афтæ фæкæсы, уæд уыдыстæм чысыл, фæ-лæ фидардæр. Уымæн æмæ мах нæ зыдтам цы у мæлæт, нæ зыдтам, а-зæххыл цахæм æгъатыр адæймæгтæ вæййы æмæ фæстаг уысмы онг дæр нæ уыд ныфс, æппæтдæр хорз кæй уыдзæн. Афтæ мæм каст æмæ æвзæр фын уынын. Æвæццæгæн ныр дыккаг хатт нал сфæразин, – радзырдта, терракты чи бахауд æмæ сæрæгасæй чи раирвæзт, уыдонæй сæ иу Гайттаты Ленæ, – Ныр мах арæх æрæмбырд вæййæм ме ‘мкъласонтимæ æмæ фæныхас кæнæм уыцы бонтыл. Æрымысæм, не ‘мкъласонтæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уæлдай зæрдæмæ хъаргæдæр нын вæййы райдайæн кълæсты нын ахуыргæнджытæ цы хæслæвæрд радтой «Фыстæг нæ фидæнмæ» – зæгъгæ, уый æрымысын.  Скъола каст куы фестæм, уæд нын бакастысты уыцы фыстæджытæ. Не ‘мкъласонтæй теракты чи фæмард ис, уыдоны фыстæджытæ та бакастыстæм кæугæйæ… Терракты размæ уыдыстæм цыппар параллелон къласы, терракты фæстæ та ма нæ баззад æрмæстдæр иу къласы бæрц…

МАДЫ ЗÆРДÆ

Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймагмæ фыдбылыз куы фæкæсы, уæд йæ хъахъхъæнæг зæд йæ алвæрсты фæзилы æмæ йæ фæкъуылымпы кæны, фæлæ уæддæр хъысмæт æнаивгæ у – æрцæуинаг цы вæййы, уый æнæмæнгæй æрцæуы. Ахæм уыд уыцы бон Цырыхты Заринæйы хъуыддаг дæр.

«Уыцы бон кæд хур бон уыд, уæддæр, цæмæдæргæсгæ, уыд æрхæндæг. Нæ мад нæ æвæндонæй рæвдз кодта скъоламæ, цалдæр хатты ныл бахъуыр-хъуыр кодта, зæгъгæ, æнæмæнг хъуыддаг нæу, абон дæр ацæуат. Фæлæ мæ кæстæр хоимæ уæддæр ацыдыстæм скъоламæ, райдыдта линейкæ. Уалынмæ мæ хæдфæстæйæ райхъуыстысты æнахуыр хъæртæ, куы сæм акастæн, уæд мæ нæ бауырныдта, цы уыдтон, уый. Цавæрдæр боцъоджын нæлгоймæгтæ æрхъула кодтой адæмыл æмæ хъæр кодтой, зæгъгæ стут амынæты, мачи уæ æрхъавæд алидзынмæ, науæд уæ амардзыстæм. Махмæ фыццаг афтæ фæкаст, киноныв исчи исы, науæд та цавæрдæр ахуыртæ сты. Уымæ гæсгæ, нæ фæтарстæн, фæлæ æнæдаст нæлгоймаг йæ хæцæнгарзы хъæдæй кæйдæр куы ныррæхуыста, уæд бамбæрстон æппæт дæр. Уайтагъд мæ бафæндыд алидзын. Дуармæ æввахс кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ мын æнтысгæ дæр бакодта. Фæлæ мæ кæстæр хо баззад уым æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Баззадыстæм нæ дыууæ дæр амынæты.

Уым цы федтон, уыдон цæрæнбонтæм дæр мæнæй никуцы ферох уыдзысты. Немæ ма уыд ме’мкъласоны фыд дæр, уый нæ йæхимæ æрбаввахс кодта æмæ нæ сабыр кодта. Иуафон нæм æрбацыд террористæй сæ иу æмæ нын загъта, зæгъгæ йæ коммæ куы нæ кæсæм, уæд ныл цытæ æрцæудзæн уый, æмæ фехста нæ къласаджы фыды къæмисæн. Фæстæдæр ын йæ дыууæ фыртæн сæ урс хæдæттæй ныссæрфын кодтой йæ туджы лæсæнтæ æмæ йæ сæвæрдтой хатæны астæу.  Уый фæстæ йын фехстой йæ фыртты дæр.

Уыдæттæм кæсын нæ бауыдаит æнæниз адæймаджы бон дæр. Не ‘хсæн та уыд ме ‘мкъласоны чысыл хо, кæцыйæн уыд сæкæрниз, не сфæрæзта ахæм тас æмæ æбуалгъы хъуыддæгтæ, æмæ дыккаг бон ахицæн йæ цардæй.

Нæй радзурæн æппæт уыдæттæн, фæлæ сыл æз тынг арæх фæхъуыды кæнын. Махæй алчидæр фæрæзта уыцы зындзинæдтæ йæхи ‘рдыгонау, фæлæ нæ иумиаг рыст æмæ тасы æнкъарæнтæ иу кодтой.  Абоны онг дæр стæм уыцы æртæ боны цаутæй кæрæдзийыл баст. Арæх фæзæгъæм кæрæдзийæн, зæгъгæ райгуырдыстæм дыккаг хатт æмæ уый уыд уыцы иумиаг ирвæзæн бон. Афтæ ма уыцы бон æз фесæфтон ме ‘ввахсдæр æмгæрттæй бирæты, уый та мын у, бонæй бонмæ арфæй арфдæр чи кæны ахæм хъæдгом».

 

7-АЗДЗЫД САБИ ÆМÆ БОЦЪОДЖЫНТЫ КЪОРД

Цы хъуамæ сарæзтаин 7-аздзыд саби уæвгæйæ, йæхимуæз хотыхтæ йæ уæлæ чи æрцауыгъта, уыцы æнæдаст, йе ‘ддаг бакастæй дæр адæймаджы улæфт кæмæй æхгæдта, уыцы нæлгоймæгты къорды ныхмæ? Уæд, æвæццæгæн, æххæстæй не ‘мбæрстон, цы у цард æмæ цы у мæлæт, фæлæ цы тасы æнкъарæнтæ бавзæрстон, уыдон мæ зæрдæйæ нырыонг дæр нæ рох кæнынц. Мæ цæстыты раз сæ мæлæт ссардтой сæдæгай адæймæгтæ, лæдæрст туг… Адæймаджы туг… Уыцы бон – афтæ хъæлдзæгæй цы бæрæгбоныл цин кодтон, уый мын æнустæм ссис æнæуынон.

Рацыд 18 азы, ныр мыл цæуы 25 азы, фæлæ уыцы бонтæ махæй алкæуыл дæр ныууагътой сау фæд, не ‘хсæн нæй ахæмтæ, кæмæн нæ фæмард сты йæ хæстæджытæ, йе ‘мгæрттæ, науæд бинонтæй цалдæргæйттæй. Хъысмæты ахæм цæфтæн та нæй ферохгæнæн. Æмæ цæрдзысты нæ зæрдæты», – радзырдта Хъæцмæзты Аминæ.

Æмæ чи у аххосджын?

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.