Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организациты æмæ æхсæнады минæвæрттæ хайад райстой автоалыгъды Цæгат полюсы Республикæйы Паддзахадон тырыса æрсадзыныл 10 азы сæххæсты цытæн. Автоалыгъды хайадисджытæ, ирон тырысайыл бæрзонд хæцгæйæ, Паддзахадон автоинспекци сæ фæндараст кодта, афтæмæй цыдысты Цхинвалы централон уынгты.

Зæрдыл лæууын кæнæм, Хуссар Ирыстоны знон уагъд кæй цыдысты Цæгат полюсы Республикæйы Паддзахадон тырыса æрса-дзыныл 10 азы сæххæсты цытæн мадзæлттæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ Виктор Бунин æмæ Николай Калякин 2008 азы Ирыстоны историйы фыццаг хатт Цæгат полюсмæ семæ ахастой Сыгъдæг Уастырджийы бронзæйон хуызист æмæ РХИ-йы паддзахадон тырысайы æрсагътой Зæххы иууыл уæлдæр географион бынаты.

Виктор Бунин æмæ Николай Калякин Цæгат полюсмæ ссыдысты Шпаройы экспедицийы сконды æмæ иууыл уæлдæр тæпп равзаргæйæ, уым æрсагътой Хуссар Ирыстоны тырыса.

Арктикон экспедици йæ мисси фæцис 2008 азы 1 апрелы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.