Нæ адæм стыр аргъ æмæ кад кæнынц, зындзинæдтæй чи нæ тæрсы, ахæм хъæбатыр адæймæгтæн. Ахæм хъуыдытимæ йæ ныхас райдыдта Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Дзургæ та кодта Цæгат æмæ Хуссар полюсты Ирыстоны тырысатæ чи æрсагътой уыцы адæймæгтæ Виктор Бунин æмæ Владимир Кошелевимæ Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы фембæлды.

Дарддæр  уый банысан кодта, зæгъгæ, абон Цæгат полюсы ис цалдæр тырысайы, фæлæ уым раздæр сагъд æрцыдис Ирыстоны тырыса. Уый та стыр кад у, куыд нæ адæмæн афтæ трыса уым чи æрсагъта, уыдонæн дæр.

Ацы цауы тыххæй Виктор Бунин йæхæдæг  банысан кодта, зæгъгæ, – ахæм хъуыды æмæ фæнд фæзынд, Медойты Димитр ма Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæвар куы уыдис, уæд. Нæ иу фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтам æмæ уæд аскъуыддзаг кодтам нæ фæнд.

– Цæгат полюсмæ ацæуын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, – дарддæр дзырдта Виктор.  – Фæцыдыстæм дæс зымæгон боны. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, фæлæ нæ уыдон нæдæр æндавгæ кодтой æмæ нæдæр тыхсын. Нæ разы цы хæс уыд, уый æххæст кæнынмæ экспедицийы хайадисджытæ сеппæт дæр цыдысты ныфсджынæй. Немæ ма уыд 15 бæстæйы телеканалты минæвæрттæ.  Ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ ахастам æртæ фæрск, æртæ уæлибых, æртæ цырагъ æмæ сæн. Хуыцаумæ скуывтам æмæ æрсагътам ирон тырыса. Немæ ма аластам, дунейы æппæт паддзахадтæм Хуссар Ирыстоны уæды президент Кокойты Эдуарды ныстуан. Æппæт ацы архайдтытæ фæсарæйнаг телеканалтæ алæвæрдтой сæ бæстæтæм. Хорз ма хъуыды кæнын америкайаг журналисты фарст, зæгъгæ, цæмæн æххæст кæныс, æндæр бæстæ йæхæдæг кæй сараза, уый.  Уæд æз систон ирон паспорт, фенын сын æй кодтон æмæ уыдон дæр ницы уал загътой.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, абон уыцы тырыса æрхастам æмæ йæ радтам, кæмæ хъуамæ уа, уымæ – паддзахады сæргълæууæгмæ. Нырмæ тырыса уыд Санкт-Петербурджы музейтæй сæ иуы.

«Ирыстоны тырыса ма æрсагътам Антарктидæйы дæр. Уырдæм цæугæйæ дæр бавзæрстам бирæ зынтæ», – зæгъы Виктор. Æрмæст хæдтæхæгыл фæтахтысты 26 сахаты дæргъы.

Экспедицийы хайадисджыты Чилийæ хъуыд доны аленк кæнын. Чилийы уæды президент сын радта донбæлæгъ æмæ ацыдысты. Цалдæр боны фæстæ Сабыр океан сызнæт, йæ уылæнтæ хæццæ кодтой цалдæр метрмæ. Кæд æртæ боны иу ран лæууыдысты, уæддæр бынатмæ ныххæццæ сты афоныл. Амонæн фæйнæджытæй сæ иуыл фыст æрцыдис «Цхинвал 12 180 км».

Ацы экспедицийы хайадисæг Владимир Кошелев куыд банысан кодта, афтæмæй ма Антарктидæйы сæвæрдтой Донецк æмæ Луганскы республикæты тырысатæ. Тагъд рæстæджы та фæнд кæнынц Республикæ Белорусы тырыса æрсадзын. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм куыстытæ æххæст цæуынц, цæмæй нын мачи зæгъа, зæгъгæ, сымах та ам цы аразут. Ныртæккæ цалдæр паддзахады уым уадзынц æфсæддон ахуыртæ. Мах уырдæм цæуæм 6 апрелы æмæ нæхи сæ фарсмæ хатдзыстæм уæгъдибарæй.

Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын загъта, зæгъгæ, нæ адæм хорз æмбарынц Уæрæсейы, йе ‘мбæстæгты ахастытæ æмæ лæггæдтæ æмæ, зæгъгæ, мах дæр лæууæм сæ фарсмæ. Уый, зæгъгæ, фæбæрæг, æрæджы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты рæстæджы, райстой дзы активон хайад æмæ Владимир Путинæн сæ хъæлæстæ радтой æвзарджыты 92,8 проценты.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.