Цæгат Ирыстоны Парламент æрæджы йæ радон æмбырды рахаста ахсджиаг уынаффæ: рæхджы парламент æмæ бынæттон разамынды органтæм цы ‘взæрстытæ уыдзæн, уыдоны системæ ивд æрцыд. Ныр цæудзысты иу боны бæсты дыууæ боны – 10 æмæ 11 сентябры.

Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй сæм ахæм фæлтæрддзинад ис. «Хъуыды кæнын хъæуы адæмы удæнцойдзинад æмæ æнæниздзинадыл. Бирæтæн уыцы иу бон рæстæг нæ фæфæййы. Стæйдæр, кæд ковид афтæ активон нал у, уæддæр хи бахизынæй хуыздæр ницы ис. Цас къаддæр адæм иумæ змæла, уыййас хуыздæр. Не ‘взарджыты фылдæр хай та у 65 азæй уæлæмæ, бирæтæ – хуысгæ рынчынтæ. Уыдонæй цæмæй алкæмæ дæр хæдзармæ бацæуæм, уымæн рæстæг хъæуы æмæ сыл дыууæ бонмæ, æнæмæнæг, аххæсдзыстæм. Фæфæрсынц мæ, дыууæ боны æвзæрстыты сайыны, бюлеттентæ баивыны цаутæ арæх нæ уыдзысты. Ахæмтæн зæгъын: уымæн уæвæн нæй. Дыууæ боны æвзæрстыты рæстæг участокты æнæрцухæй лæудзысты хъусдарджытæ æмæ видеокамерæтæ, кæцытæ алы фезмæлд дæр бæрæг кæндзысты. Мах æвзарæм, кæуыл æууæндæм æмæ фидæны нæ фарсмæ чи æрбалæудзæн, ахæм депутатты æмæ нæ уыцы хъуыддагмæ хъæуы бæрнонæй балæууын. Æз сидын цæрджытæм, æрбацæут æмæ схъæлæс кæнут кæуыл æууæндут, уыцы кандидаттыл», – загъта къамисы сæрдар.

Ацы хатт ивд æрцыд развæлгъау хъæлæс (праймериз) кæныны закъон дæр.

 

СТАДИОНЫ  АРÆЗТАДЫ  НОГ  ЭТАП

Цæгат Ирыстоны сæйраг стадион «Спартак»-ы реконструкци райдыдта 2020 азы, паддзахадон программæ «Развитие физической культуры и спорта  в республике Северная Осетия-Алания». Фæлæ абоны онг дæр куыстытæ размæ нæ ацыдысты алы аххосæгтæм гæсгæ. Ныр та арæзтады подрядчик фехъусын кодта, кусæг къухтæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй.

Æрæджы Хицауады æмбырыды рæстæджы, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло карзæй бадомдта реконструкцион куыстытæ цыбыр рæстæгмæ бакæрон кæнын. Цæмæй кусæг къухтæ фаг кæна, уый тыххæй та студентон арæзтадон организациты æргом раздахын. Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый хорзæрдæм фæзынид студентты материалон уавæрыл дæр æмæ уыимæ райсиккой хорз фæлтæрддзинад.

Кæй бафарстой, уыцы студентты нæуæдз проценты уыцы фæндоныл сæмбæлдысты тынг разыйæ.

32 мин адæймаджы кæм цæуы, уыцы стадион йæ гуырахстæй Хуссар Уæрæсейы ахсы фарастæм бынат. Уый у, 95 азы Уæрæсейы чемпион чи сси,  92 æмæ 96 азты та Уæрæсейы призер, уыцы клуб «Спартак»-ы сæйраг хъазæн фæз. Стадионæн ма арæзт æрцæудзысты йæ трибунæ, фæз æмæ коммуникацитæ.

Æппæт куыстыты тыххæй хæстæгдæр рæстæг федералон бюджетæй рахицæн кæндзысты иу миллиард сомæй фылдæр.

 

ФÆНДÆГТЫЛ ЦÆУЫНЫ ФÆТК – АХСДЖИАГ

Фæндагыл æдасæй цæуыны фæдыл паддзахадон автоинспекцийы цæгатирыстойнаг управлени Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацимæ куырдиат балæвæрдта, цæмæй горæты зынгæ фæфылдæр кæной хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæтты нымæц.

Хæдтулгæты нымæц куыд фылдæр кæны, афтæ кадавар дæр кæнынц, горæты уынгты машинæтæн цы æрлæууæн бынæттæ ис, уыдоны нымæц. Уыцы æууæл йæ фæдыл расайы алыхуызон æгъдаухæлдтытæ. Зæгъæм, хæдтулгæты хицæуттæ горæты уынгты сæ машинæтæн æрлæууæн бынæттæ куынæ ссарынц, уæд сæ арæх фæуадзынц, кæм не ‘мбæлы, ахæм ран. Уый та æвзæрырдæм зыны фæндæггон змæлды æдасдзинадыл. Зæгъæм, машинæйы хицау йæ хæдтулгæ æнæмбæлгæ ран куы сæвæра, уæд иваргонд æрцæудзæн 500 сомæй 5 мин соммæ. Уымæй уæлдай, инспектортæн фадат ис, цæмæй æгъдаухалæджы хæдтулгæ иварон фæзмæ арвитой.

Уый нымайгæйæ паддзахадон автоинспекци сæрмагонд куырдиат балæвæрдта Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Уым ныр куыст цæуы ног æрлæууæнтæ саразыныл. Уыдонæй уал иу, лæвар æрлæууæн 60 машинæйæн, байгом уыдзæн хæстæгдæр рæстæджы Коцойты Арсены уынджы, Плиты Иссæйы цыртдзæвæнмæ хæстæг. Администрацийы разамынд куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахæм æрлæууæнтæ Дзæуджыхъæуы хъуамæ уа æппынкъаддæр фынддæс.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.