Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн цы стырдæр бæллæхтæ сарæзтой, уыдонæй сæ иу уыд Зары трагеди. Иу уысммæ 33 æнæаххос фæндаггон адæймагæн царды фæндаг фестадис мæлæты фæндаг.

Хуссарирыстойнаг адæмы историйы тугæйдзаг уалдзæджы тугæйдзаг æртыццæг цæргæ-цæрæнбонтæм баззайдзæн фыстæй. Кæд 20 азы дæргъы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмæн бирæ тугæйдзаг бонтæ сарæзтой, уæддæр дзы ацы сырдон трагедийæн абарæн ницæимæ ис. Ирон адæм хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ зонгæ кæной ацы æбуалгъ фыдракæндимæ æмæ йæ чи ферох кæна, уымæн та ирон схонæн нæ уыдзæн. Æмбисонд афтæ куы у, зæгъгæ, сылгоймаг æмæ сывæллоныл куыдз дæр нæ рæйы, уæд гуырдзиаг лæг­сырдтæ цæмæн фæцагътой сыл­гоймæгты æмæ сывæллæтты.

Цæмæн бабын, 10 уалдзæджы йедтæмæ чи нæ рацард æмæ йæ иуæндæсæм уалдзæгмæ чи бахызт, уыцы диссаджы уарзæгой 11-аздзыд лæппу Къæбысты Батрадз. Куыд хъуамæ ферох кæной ирон адæм ацы гыццыл лæппуйы хъæбатырдзинад. Йæ цард бахъахъхъæныныл æппындæр нæ ахъуыды кодта, афтæмæй, сæ фæстæ цы машинæтæ цыдысты, уыдонмæ хъæр кодта, «фæстæмæ аздæхут ам æхсгæ кæнынц», зæгъгæ. Афтæ хæрзæвзонгæй, ахæм тыхст уавæры бахаугæйæ дæр иннæты мæт кодта. Уымæн йæ цард гуырдзиаг лæгсырдтæ куынæ байстаиккой, уæд чизоны, цахæм стыр лæг рауадаид йæ радтæг Ирыстонæн. Афтæ иннæтæ дæр – мæрдон буæртты ‘хсæн сæ туджы мæцыдысты 30 цæфы, уыдоны нымæцы 4-аздзыд лæппу дæр. Йæ мад æй йæ быны бакодта æмæ йæ бахъахъхъæдта, фæлæ йæхæдæг фæмард. Лæппу уыд авд цæфы.

Уыцы сау бон бахъуыды кодтон цæрæнбонтæм. Раст цыма знон уыдис, афтæ мæ цæстытыл ауайынц уыцы трагикон нывтæ. 12 сахатæй 1 сахатмæ æввахс нæ сыхæгты тыхст ныхæстæ фехъусгæйæ, уайтагъд рауадтæн уынгмæ æмæ афарстон, зæгъын, цы хабар у, цы та ныл æрцыд? Мæ сыхаг Дыгъуызты Юля мын кæугæйæ сдзуапп кодта, зæгъгæ,  Зары хъæды гуырдзы адæмы фæцагътой. Адæм схъомпал сты. Мах дæр Юляимæ хуыйæн фабрикæйы цур Исахъы уынджы трассæмæ балыгъдыстæм æмæ уынæм, иу уæзласæн машинæйыл мæрдтæ кæрæдзийыл калдæй æрцæйластой! Машинæ уыд тугæй ахуырстытæ, йæ фæстæ уагъта тугвæд. Адæм æмхуызонæй æмбу кодтой, фыртыхст æмæ фырæдыхæй цы ацарæзтаиккам, уый нал зыдтам. Æмæ афтæ хæдзарон кондæй лидзын   райдыдтам рынчындонмæ. Ам нæ бацыдмæ æрæмбырд тынг бирæ адæм, сылгоймагæй, нæлгоймагæй иууылдæр куыдтой…

Раст цыма знон уыд, афтæ бахъуыды  кодтон  ныртæккæ дзæнæттаг Пухаты Фатимæйы. Машинæйæ мæрдты куы истой, уæд дзы кæйдæр дзабыр ахауд æмæ йæ Фатимæ йæ къухмæ систа, ныффæлурс ис, афтæмæй дыууæрдæм рауай-бауай кодта, фырмæстæй ма цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Адæм се стыр маст, сæ зæрдæйы тыппыртæ ставд цæссыгæй уагътой.

Нæ мæ рох кæнынц Хъемултайы цæрæг Остъаты Шурæйы ныхæстæ дæр. «…Æхстытæй æмбæхсгæ-æмбæхсгæ машинæ  агурæг  бацыдыстæм   Тъбеты фæзилæнмæ. Мæ цардæмбал Гегайæн уыд цахæмдæр æнахуыр тыхст хуыз, дыууæрдæм рауай-бауай кодта, æгæрыстæмæй, ма бауад нæ фырт цы штабы уыд, уырдæм дæр, раст ын цыма фæстаг хæрзбон дзырдта, уыйау. Уалынмæ нын фæурæдта иу уæзласæн машинæ, мах дæр, æмæ нæ цуры цы бирæ адæм лæууыд, уыдон дæр схызтыстæм машинæйы гуыффæмæ æмæ араст стæм нæ уæззау фæндагыл. Раст нæ цыма цыдæр Хуыцау къуылымпы кодта, уыйау Зары хъæумæ цалынмæ хæццæ кодтам, уæдмæ нæ машинæ дыууæ хатты фехæлд, фæлæ та-иу машинæйы гуыффæйы цы лæппутæ уыдысты, уыдон-иу æргæппытæ кодтой, сарæзтой-иу æй æмæ та-иу араст стæм нæ фæндагыл. Бæргæ ма иу чысыл куы афæстиат уыдаиккам, фæлæ…

Куыддæр Зары хъæды цурмæ схæццæ стæм, афтæ ныл хъæдырдыгæй нæмгуытæ ихуарæгау райдыдтой. Æз фæкуыддæр дæн æмæ йæ нырма нæ бамбæрстон хъуыддаг цæй мидæг ис, уый, фæлæ мæм мæ цардæмбал Гега фæлæбурдта æмæ мæ йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ йæ къæхты бынмæ æрæппæрста. Раст уыцы рæстæджы йæхиуыл сæмбæлд цалдæр мæлæтхæссæг нæмыджы æмæ мæ уæлæ мардæй æрхаудта, йæ туг лæсæнтæ кодта æмæ мæ пысултæ иууылдæр ныххуылыдз сты. Æхстытæ цыдысты иу цасдæр рæстæджы æмæ машинæйы гуыффæйы адæм радгай мардæй хаудысты нæ уæлæ. Уæдмæ райхъуыстысты лæгмарты   тыхст хъæртæ дæр, ома, «ч­ка­ра, чкара», сæ тæппуд удтæн фæтарстысты æмæ кæцæй æрбацыдысты, уыцырдæм сæхи бааууон кодтой. Æз-иу куы фæсур дæн, куы та-иу æрчъицыдтон, фæлæ кæмæ фæхъæр кодтаин, адæм сæхæдæг дæр уынгæджы уыдысты. Куыддæрты мæхи фæфидар кодтон æмæ ме ‘мкъайы мард буары бынæй сбырыдтæн æмæ йын йæ цæстытыл бахæцыдтæн, хъуамæ гуыффæйæ рахызтаин, фæлæ мæрдтыл куыд балæгæрстаин. Фырдиссагæй мæ ком ныххус.

Уалынмæ мæ хъустыл ауад доны хæлхæлы хуызæн æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, ам æввахс, æвæццæгæн, суадон ис, куыддæрты мæрдты сæрты рахызтæн æмæ хъуамæ ссардтаин уыцы суадон, фæлæ… Уыцы доны хæл-хæл кæд разынд ирон адæмы туджы хæлхæл, адæмы туг зæйтæ код­та æмæ уый фенгæйæ, ноджы мæ сæрызонд куыддæр фæцис æмæ лидзын райдыдтон хъæдты дæлæмæ. Иу рæстæджы чысыл ме ‘муд куы æрцыдтæн, уæд ахъуыды кодтон, зæгъын, мыййаг гуырдзиæгты дзыхмæ куы бахауон æмæ фæстæмæ лидзын райдыдтон.

Уæдмæ горæтæй схæццæ сты адæм, тагъд æххуысы машинæтæ æмæ мæ уыдон æрсабыр кодтой. Хабар фехъусгæйæ мæ лæппутæ нæ агурæг рацыдысты. Сæ фыд тугамæхст кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ уайтагъд нæ базыдтой. Мæн куынæ суыдтой, уæд та ахъуыды кодтой, зæгъгæ, мæ гуырдзы амынæты акодтой.  Мæрдты æрластой горæты рынчындонмæ æмæ уырдыгæй мæ сывæллæттæ сæ фыды мæрдон буар раластой, уæдмæ сæм æз дæр ныхæццæ дæн æмæ уæд иу чысыл фæсабырдæр сты. Уас сын нæ мæгуыр удты тæригъæд ма ныххатыр кæнæд Стыр Хуыцау», – йæ цæссыкалгæ мын радзырдта Шурæ.

Тыбылты Алик, Цхинвалы цæрæг: «Уыцы æндыгъд рæстæджы æз дæр куыд иннæ лæппутæ, афтæ уыдтæн хæдæфсады. Уыцы бон нæ хъуыддаджы тыххæй фæцæйцыдтæн Дзæуджыхъæумæ мæ мады æфсымæр Битеты Жорикы рог машинæйыл. Немæ ма цыдысты Битеты Зауыр, уый дæр  рог автомашинæйыл æмæ Битеты Солтан, уый та уыд уæзласæн машинæйыл. Тъбеты хæрдæй куы ахызтыстæм, уæд Зауыры машинæйы рон (ремень) аскъуыд æмæ йæ аразыныл бахъуыдыстæм иу цалдæр минуты. Солтаны уæзласæн машинæ цыд тынг сындæггай æмæ цæмæй кæрæдзийæ ма фæхицæн уыдаиккам, уымæ гæсгæ мах дæр цыдыстæм сынгдæггай.

Зары хъæумæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд фехъуыстам æхстытæ, фæлæ мах никуы ахъуыды кодтаиккам æмæ уырдæм не знæгтæ ссыдаиккой. Зæгъын, нæхи лæппуттæ сæ хæцæнгæрзтæ фæлварынц æмæ нæ цыды хай кодтам. Уæдмæ нæ разæй фесты цалдæр машинæйы, иу дзы уыд «Уазик» æмæ йæ фæстæ та цыд «Нива», уым бадтысты Хъæцмæзты  Виталик æмæ ма ноджы иу нæлгоймаг. Зармæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ нæм æхстытæ æмæ гуыппытæ тынгдæр хъуысын райдыдтой. Уалынмæ уынæм, Виталикы «Нива» цæхгæрмæ урæд æмæ йæхæдæг та мардæй хауд, йæ цуры цы нæлгоймаг бадт, уый дæр кæд уæззау цæф фæцис, уæддæр нæм йæ фындзсæрфæн тылдта, ома, аздæхут фæстæмæ. Æз ацы ныв фенгæйæ фергъуыйау дæн æмæ хъуамæ рахызтаин машинæйæ, цæмæй сын баххуыс кодтаин, фæлæ мын машинæйы дуар бакæнын дæр нал бантыст, махыл дæр нызгъæлстой нæмгуытæ æмæ дыууæ раны фæцæф дæн. Нæмгуытæ сæмбæлдысты мæ къух æмæ мæ рæуæгыл (легкое). Уырдыгæй мæ æрластой Цхинвалы рынчындонмæ æмæ мæ дыккаг бон та вертолетыл арвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Уым, рынчындоны, фæдæн дыууæ мæймæ æввахс.  Нæмыг мæ рæуæджы кæй баззад, уый аххосæй абоны онг дæр хъизæмар кæнын. Фæлæ мах аирвæзтыстæм. Бæргæ иннæтæ дæр уæззау цæфтæй уæддæр куы аирвæзтаиккой, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, сайдæй сыл разылд æмæ гуырдзиаг абырджытыкъухæй фæмард сты».

Кæд æмæ Гуырдзыстоны уæды лидер Эдуард Шеварднадзе официалонæй банымадта Зары трагедийы æнæаххос адæмы марджытæ гуырдзиæгтæ кæй сты, уый, уæддæр нæ бафæлвæрдта ацы стыр фыдракæнды организатортæ æмæ æххæстгæнджыты сбæрæг кæнын æмæ бафхæрыныл. Знаг чи фæнды ма уæд, уæддæр знаг у. Бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ.

Мæ уац мæ фæнды Беджызаты Чермены æмдзæвгæ «1920-æм аз»-ы   рæнхъытæй фæуын:

Æссæдзæм аз махæй

Кæмæй фæуа рохы,

Уый махæй æлгъыст уæд фæлтау!

Æз ма ацы рæнхъытæм бафтауин: Зары хъæд – тугкалæн, рохгонд кæмæй фæуа,

Хъодыгонд Ирæй фæуæд!

УАЛЫТЫ Валидæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.